Мæнæргъы хæрзад æмæ æнæниздзинадæн пайда гагадыргъ у. Цæхæрадоны йæ чи дары, ахæм адæймæгтæн сæ бæллиц у хæрззылд æмæ зад мæнæргъы. Фæлæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй афæдзы дæргъы мæнæргъыйы къутæртæм хъæуы зилын.

Чи зоны, чидæр афтæ нымайы, зæгъгæ, къутæртæ цас бæзджындæр уой, уыйбæрц сæ тыллæг дæр фылдæр уыдзæн. Уый раст нæу. Мæнæргъы æгæр куы сбæзджын уа, йæ къутæрты ‘хсæн ацæуæн куынæ уа, уæд цъæх сыфты ‘хсæн гагадыргътæ æвзæрдæр рæгъæд кæнынц, сæ ад дæр æндæрхуызон вæййы. Мæнæргъы хæмпæлгæрдæгæй уæлдай нæу – æгæр тагъд рæзы æмæ сбæзджын вæййы. Уый хорз нæу, уымæн æмæ йæм куынæ зилай, йæ къалиутæ йын куынæ лыг кæнай, уæд тыллæг, куыд æмбæлы, афтæ нал дæтдзæн.

Иннæ ахæм, мæнæргъыйы къалиутæ лыгкæнинаг сты уымæн, æмæ ацы зайæгой кæй у дыууæазон, ома, дыууæ азы дæргъы вæййы тынг зад, æртыккаг аз та йыл æрзайы тынг лыстæг гагадыргътæ. Чи зоны, кæмæдæр æвгъау фæкæса къалиутæ æдбынтæ тонын, фæлæ уæ кæд фидæн аз хорз тыллæг хъæуы, уæд къалиутæн æндæр гæнæн нæй.

Цæхæрадоны йæ дарын æмæ йæм зилыны фæлтæрддзинад нырма кæмæ нæй, уыдон фæрсынц, зæгъгæ, къалиутæ лыг кæнын кæд хъæуы – сæрды æви фæззæджы, стæй дзы уæлдай цы ис, зæгъгæ. Фылдæр хатт мæнæргъыйы къалиутæ лыг кæнынц фæззæджы, уазал рæстæджытæ ралæууыны хæд-размæ, фæлæ, иуæй-иутæ фæстаг тыллæг куыддæр æрæмбырд кæ-нынц, афтæ сæ августы алыг кæнынц, æмæ уæд зайæгой йе ‘ппæт тыхтæ дæр ратты, æрыгон талаты цæмæй айрæзой, ууыл. Уый фæстæ æрыгон талатæ æмбæлы фæйнæ ран ныссадзын – уый дæр пайда у фидæны тыллæгæн. Цал къалиуы алыг кæнат, æрыгон талатæй дæр уал ныууадзут. Афтæмæй мæнæргъыйы къутæртæ бæзджын нæ кæндзысты. Къутæрты ‘хсæн уæгъд бынат цас фылдæр уа, уыйбæрц сæм уæлдæф æмæ хуры тынтæ хуыздæр хæццæ  кæндзысты. Сæ фæрцы гагадыргътæ дæр тагъддæр рæгъæд кæндзысты, стæй уыдзысты адджындæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.