Бирæ азты дæргъы нæ республикæйы цыд хæст… Æрвылбон дæр, куыд арæнгæрон хъæутæ, афтæ горæты уынгтæ дæр æййæфтой æфхæрд, пырх цыдысты нысаниуæгджын арæзтадтæ, сæрмагонд хæдзæрттæ. Нæ фыдбоны сыхæгтæ нæ ауæрстой пырх кæныныл, цы æййæфтой, уый дæрæн кодтой, æндзæрстой сыл арт.

Ахæм фыдбонтæ æййæфтой Хуссар Ирыстоны адæм 1989-1990 азтæй фæстæмæ. Фæлæ, дам, «фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй» — æмæ Ирыстоны сæрмæ дæр ссыгъд сæрибардзинады, сабырады стъалы.

2008 азы Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад сфæнд кодта Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразын. Ахæм æгъатыр къахдзæф саразын кæд тынг бирæ тугкалд, уды зиæнттæ æмæ хæсты æнæферохкæнгæ тасы æнкъарæнтæ æрхаста Ирыстонæн, уæддæр историйы фыст æрцыд дыууæ хуызы, куыд хъыджы, афтæ цины хъуыддагæй дæр: иуæй 2008 аз — Хуссар Ирыстоны радон геноциды аз, аннæмæй та, ирон адæм æнусты дæргъы цæмæ бæллыдысты, уый сæ баййæфта — Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый уыд ирон адæмы тугæй æлхæд уæлахиз æмæ Ирыстоны рæсугъд фидæн саразынæн ахъаз чи у, ахæм хъуыддаг.

Хæдбардзинад банымайыны фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ’хсæн æмæ ма ноджы æндæр бæстæтимæ дæр, арæхæй-арæхдæр кæнынц куыд хæлардзинады тыххæй, афтæ алыварсонæй æмгуыст кæныны тыххæй бадзырдтытæ. Уæдæй фæстæмæ республикæйы рапарахат сты арæзтадонæндидзынгæнæн куыстытæ. Ныппырхгонд объекттæн сæ фылдæр хай ныртæккæ фæстæмæ сæ хуыз скалдтой, уымæй дарддæр ма нæм арæзт цæуынц ног нысаниуæгджын объекттæ дунейы нырыккон стандарттæм гæсгæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиаг къахдзæф у нæ республикæйы размæцыдæн.

Æрæджы газеты фæрстыл рацыд нæ республикæйы æндидзынгæнæн æмæ арæзтадон куыстыты фæдыл хатдзæгты цыбыр афæлгæст, «Æндидзы, рæзы нæ республикæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ацы æрмæджытæ кæсгæйæ, 1989-2008 азтæ Хуссар Ирыстоны чи арвыста, йæхи цæстæй чи федта республикæйы сыгътытæй æмæ пырхытæй, уый æнæмæнг аккаг аргъ кæндзæн нæ республикæйы ныры къухдариуæгады бæрнон куыстæн, Тыбылты Леониды сæргълæудæй. Ам æрмæджыты автортæ ирдæй æвдисынц, нæ республикæ ногæй куыд райгуырд, куыд тырны царды бæрзæндтæм нырыккон æмвæзадыл æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ кæй бакодта. Арæзтадон куыстытæ конд цæуынц куыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты, афтæ ма сæрмагонд арæзтадон организацитæ дæр сæхимæ райстой бирæ объекттæ æмæ сæ цæсгомджынæй аразынц.

Нæ вæййы афтæ, æмæ æппæт хæрзиуджыты ’хсæн хъæндзинæдтæ дæр ма разына. Уый тыххæй ма мæн фæнды, нæ республикæйы æрдæг æнусæй фылдæр цы иунæг улæфæн парк уæвынад кодта, уый ракæныны кой. Хъыгагæн, ацы объект баззад æнæхъусдард, кæд йæ сæндидзын кæныныл дзырд тынг бирæ цыд, уæддæр æмæ ныртæккæ ис бынтон æдзæллаг уавæры. 1989 азы ацы паркмæ æрбаирвæзтысты геноциды райдайæны фыццаг æгъатыр цæфтæ æмæ уæдæй фæстæмæ бынтондæр фесæфта йæ нысаниуæг. Уымæй размæ ам уæвынад кодтой алыгъуызон хиирхæфсæн аттракционтæ, уыд дзы концертон зал, аив фæлладуадзæн бынæттæ. Сæ сæрибар рæстæг æмæ бæрæгбонтæ хъæлдзæгæй æрвыстой, куыд сабитæ, афтæ кардзыд адæм дæр. Уыд дзы чысыл цад, цыран хъазыдысты доны цæрæгойтæ æмæ ма-иу дзы арæх ленчытæ кодтой хъазтæ дæр. Сæрмагондæй арæзт доны къанауты-иу адæм ленк кодтой лодкæтыл, афтæ ма ам уыд алыгъуызон хъеллаугæнæнтæ, хъазæнтæ, спортивон-хиирхæфсæн комплекс. Ам уыд «Чертовое колесо» кæй хонынц, ахæм фæлгæсæн цалх. Уый хуызæн нæ уыд Цæгат Кавказы дæр. Уыдис ма дзы фæсивæды хиирхæфсæн кафе-ресторан æмæ бирæ æндæр хиирхæфсæнтæ. Уæлдай диссагдæр та уыд йæ æрдз, цъæх-цъæхид бæрзонд бæлæстæ сæрбæрзондæй фæлгæсыдысты æмæ сæ быны улæфæг адæмы хъæлдзæгдзинадæй уыдон дæр радысты. Нæ республикæйы цæрæг хистæр кары адæмæй иу дæр ахæм нæ разындзæн, йæ сабибонтæ, науæд йе ’взонджы бонты мысинæгты ацы парк кæмæн нæй. Абон Ирыстоны цард цæджджинагау куы фыцы, уæд мах, не ’ппæт дæр ныууагътам рохуаты ацы культурон объект, кæцыйæн ныртæккæ нæ горæты нæй аналог. Æрмæст ма æнусон бæлæстæ нæ фезмæлыдысты сæ бынæттæй æмæ æнхъæлмæ кæсынц, кæд сæм чи æрдардзæн йæ хъус…

Чизоны, исчи зæгъа, зæгъгæ, мах нырма парктæ аразынмæ не ’вдæлы, фæлæ уый раст нæу. Адæймаджы кусын куыд фæхъæуы, улæфын дæр æй афтæ фæхъæуы, æмæ махæй та алкæмæн нæ фæвæййы фадат, цæмæй ацæуæм горæтæн æдде æрдзы хъæбысмæ сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ. Ацы парчы зонæйы та ис тынг бирæ цъæхдарæнтæ, ис дзы дон, æмæ алы адæймагæн дæр уаид фадат, цæмæй фистæгæй дæр бацæуа уырдæм æмæ баулæфа йæ зæрдæйы фæндиаг. Æмæ уæдæ цæмæн хъуамæ уа ахæм уавæры ацы рæсугъд æмæ нысаниуæгджын бынат?

Нæ республикæйы арæзтадон-æндидзынгæнæн азты ацы парчы арæзтадыл дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ цыд дзырд, куыд республикæйы къухдариуæгады ’рдыгæй, афтæ горæты администрацийы æмбырдты дæр. Æгæрыстæмæй йын ног генпроект дæр уыд цæттæ. Хъыгагæн, уыцы хъуыддæгтæ абоны онг дæр баззадысты æрмæстдæр гæххæттыл фыстæй, парчы уавæр та бонæй-бон кæны æдзæллагдæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты ис æндæр бынæттæ дæр, дæргъвæтин куыстбонты фæстæ не ’мбæстæгтæ сæ фæллад кæм суадзой, кæм атезгъо кæной сабитæ дæр, фæлæ та ам дæр мæ хъуыдыйыл, æвæццæгæн, бирæ чидæртæ сразы уыдзысты, куы зæгъон, Леуахийы донбылгæрон рагон паркæн йæ уæлдæф у сатæг, ис горæтæй дæрддзæгдæр æмæ автомашинæты æнуд тæф æмæ сосæвæндæгты рыгæй у хибар. Бæргæ хорз уаид, ныр исчи куы батыхсид ацы парчы хъысмæтыл дæр, уымæн æмæ нæ горæты цæрджытæн уый у нысаниуæгджын æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц.

Хъуылымбегты Е., горæты цæрæг. «Рагæй фæстæмæ нæ горæты хиирхæфсæн бынæттæ уыд цъус. Мах-иу бирæ уарзтам горæтгæрæтты донбылгæрон парчы изæрыгон тезгъо кæнын. Ам уыд бирæ хиирхæфсæнтæ, акодтам-иу нæ сабиты æмæ-иу хъæлдзæгæй æрвыстам нæ улæфт рæстæг. Ныр та нæ кæстæртæ сæ сабиты æндæр горæтты парктæм куы бакæнынц, уæд уыдон вæййынц ныхкъуырд, куы фенынц алыгъуызон хъазæнтæ, аттракционтæ æмæ сæ хъазын куынæ фæарæхсынц, уæд. Æмæ ма стæй, цæмæн хъуамæ кæнæм нæ сабиты æндæр горæттæм ирхæфсæнтæм, науæд исты ногдзинад сын фенын кæнынмæ, кæд æмæ ныртæккæ нæхи республикæйы ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй нын уа нæ сабитæн дæр æмæ нæхицæн дæр хуыздæр цард саразыны уавæртæ?».

Джиголаты Н., горæты цæрæг. «Скъоладзаутæ ма куы уыдыстæм, уæд ацы парк уыд адæмæн сæ уарзондæр бынат. Æрвылбон дæр-иу дзы хъуыстысты сабиты хъæлдзæг хъæлæба, уагъд дзы цыд алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ æмæ-иу уырдыгæй адæймаджы йæ къах нал хаста. Алы бæласы бын дæр-иу бандæттыл сæхи ирхæфстой фæсивæд, ацæргæ адæм дæр бирæ уарзтой ам бæлæсты бын сыгъдæг уæлдæфмæ чиныг кæсын. Бирæ мысинæгтæ ис ацы зынаргъ бынатимæ баст, фæлæ се ’ппæтæн радзурæн кæм ис. Ныр ахæм æдзæллаг уавæры ис, æмæ йæ хуызæй зæрдæ фæуынгæг кæны. Кæдæм ацæуæм, кæм æрулæфæм сæрдыгон тæвд бонты? Ногдзауты парк кæд аив арæзт у, уæддæр уый фаг нæу. Стæй ма адæймаджы фæфæнды горæты хъæлæбайæ ахизын, пионерты парчы та уыцы фадат нæй. Уымæ гæсгæ хорз уаид, ацы паркмæ хъусдард куы уаид, уæд. Дзæуджыхъæуы донбылгæрæттæ куыд аив арæзт сты… Махмæ дæр Леуахийы былгæрæтты парчы зонæйы æрмæст бадæнтæ арæзт уæддæр куы ’рцæуид, тæхуды…».

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.