Афтæ мæм кæсы, æмæ знон нæ горæты Театралон фæзуатмæ сæ хъомылгæнджытæ æмæ хиуæттимæ цы цалдæр сæдæ сабийы æрбацыд, уыдон уыцы бон бахъуыды кæндзысты бирæ рæстæг. Иуæй уый тыххæй æмæ уыйбæрцæй иумæ афтæ арæх никуы вæййынц, аннæмæй та дзы алчидæр æвдисæн уыд, Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бæрæгбоны хайад кæй райста, уымæн. Ацы мадзал бацæттæ кодта æмæ йæ ауагъта Хуссар Ирыстоны Фæсивæдон политикæ спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитет. Мадзал уагъта нæ драмон театры артист Саппиаты Зæлинæ. Уый куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр сабиты дунеон бæрæгбоны цытæн нæ бахæлæг кодта куыд йæ зонындзинæдтæ, афтæ ма йæ арæхстдзинад дæр. Йæ архайд æмæ ныхæстæй бæрæгбоны хайадисджыты ’хсæн æвзæрын кодта хъæлдзæг æмæ цины æнкъарæнтæ.

Бæрæгбон банысан кæныныл хорз бакуыстой горæты ахуырады разамонджытæ. Уы-дон Цхинвалы сывæллæтты, рæвдауæндæтты сабитæ æмæ хъомылгæнджыты сифтонг кодтой хъæуæг, алыгъуызон дарæсæй, ныв кæнын æмæ ахорæн æрмæджытæй. Уый фæбæрæг асфальтыл сабиты куыстытæй дæр. Алы рæвдауæндоны сабитæ дæр архайдтой, цæмæй сæ конд нывтæ уыдаиккой хуыздæр. Алчидæр дзы равдыста йæ арæхстдзинад, хъаст сæ никæмæй æмбæлы. Нывты ’хсæн арæхдæр зындысты хур, мад æмæ Ирыстоны æрдз.

Сабитæ æмæ уыдон хъомылгæнджыты раз сæ хæстæ иттæг хорз сæххæст кодтой æвзонг, сæ фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинадæй ныридæгæн буц кæмæй стæм, уыцы æвзонг зарæггæнджытæ Къæбулты Яна, Зассеты Сослан æмæ Цхуырбаты Мурат.

Уæдмæ сценæйæ райхъуыстысты Саппиаты Зæлинæйы ныхæстæ:

— Сывæллæттæ хъæрæй ма мын зæгъут, чи æрбацыд нæ цытджын бæрæгбонмæ? Сабитæ, иууылдæр ныхъхъус сты, фæлæ сын куыддæр загъта:

— Махмæ æрбацыд нæ паддзахады Президент Тыбылты Леонид, — афтæ айзæлыд дæргъвæтин къухæмдзæгъд æмæ цины хъæлæба.

Фæстæдæр сабитæй алкæй дæр бафæндыд Президентимæ ныв сисын, фæлæ уый алкæ-мæн нæ бантыст. Сæ нывтæ систой æрмæстдæр уыдон, кæцытæм разынд фылдæр ныфс-хастдзинад.

Уацхæсджыты иу къорд атымбыл Президенты алыварс æмæ сын ацайдагъ ныхас. Уый банысан кодта: — Нæ бæрæгбонтæй иууыл стырдæр нысаниуæг дæттын, кæмæн æмбæлы, уыдонæй иу, æнæгуырысхойæ, у абон. Сабиты хъахъхъæныны дунеон бон, уымæн æмæ хистæр карæн сæ цард, куыст æмæ архайд иууылдæр баст у сабиты рæсугъд æмæ хъæлдзæг цардимæ. Æмæ, æцæгæйдæр, Хуссар Ирыстоны абоны разамынад сабиты æдыхст æмæ рæсугъд цардæн дæттынц стыр нысаниуæг. Хæрзæрæджы ног сывæллæтты рæвдауæндон байгом Гафезы уынгыл. Ацы рæвдауæндон пырхытæй лæууыд бирæ рæстæг, фæлæ цалцæг æрцыдис æмæ ныр, гæнæн ис, æмæ райса 170 сывæллоны бæрц, — загъта Тыбылты Леонид.

Уымæй дарддæр ма Президент банысан кодта, йæ фондæй кæй ахынцыдта æхцайы фæрæзтæ æмæ рæхджы цалцæг кæй æрцæудзæн Хъайтарты уынгыл цы сывæллæтты рæвдауæндон ис, уый дæр.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал афтæ уæрæх æмæ хъæлдзæг ауадзын чи сорганизаци кодта, уыцы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет æмæ горæты ахуырады разамонджытæн.

— Кæронбæттæны ма зæгъдзынæн уый, æмæ фарон Сывæллæтты хъахъхъæныны ду-неон бæрæгбон кæд нæ банысан кодтам мæгуырау, уæддæр ацы аз ацыд хуыздæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ азæй-азмæ æрмæст нæ цард нæ хуыздæр кæны, фæлæ ма нæ уавæртæ дæр.

Гæззаты Иван

****

Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн мадзæлттæ адарддæр сты Пионерты парчы. Сорганизаци йæ кодта компани «Мегафон»-ы къухдариуæгад.

Ам сабитæм æнхъæлмæ каст æцæг хъæлдзæгдзинады бæрæгбон, цыран хайад истой аргъæутты персонажтæ, мультипликацион нывты хъайтартæ. Чысыл сабитæн уагъд æрцы-дысты алыгъуызон конкурстæ, хъæзтытæ. Бæрæгбоныл иууыл тынгдæр цин кодтой скъолайы агъоммæйы сабитæ. Зæлыдысты бæрæгбонон музыкæйы зæлтæ, æхцондзинад хастой канд сабитæн нæ, фæлæ ма ардæм сабитимæ цы ныййарджытæ, дадатæ æмæ бабатæ æрбацыдысты, уыдонæн дæр. Музыкæйы зæлтæм иууыл тынгдæр чи кафыд, уыцы чысыл чызг Амандæйы дада Асиат афтæ загъта: «Ацы сæрдыгон бон арфæ кæнын сабитæн. Фыццаджыдæр алкæй саби дæр уæд æнæниз, амондджын, сæ цард циндзинад æмæ хъæлдзæгдзинадæй æххæст куыд уа».

Фæлæ ууыл бæрæгбон нæ фæцис, бæрæгбонон акци адарддæр Сывæллæтты сфæл-дыстадон галуаны.

Ам Джиоты Арянæйы хъæппæрисæй уагъд æрцыд мадзæлттæ «Вместе дружная семья!»-йы уыд ахæм алыварсон равдыстытæ: æвзонг нывгæнджыты конд нывтæ, рынчын сывæллæттæ бабæрæг кæнын, сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны ахуыргæнинæгты куыстыты равдыст, сывæллæтты къухæй арæзт хъазæнтæ, хъæдæрмæгæй конд æрмæ-джытæ æмæ бирæ æндæр цымыдисон мадзалы. Уый фæстæ та æвдыст æрцыд концерт Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны ахуыргæнинæгты хайадистæй.

Уадз, Ирыстоны сабитæ нырæй фæстæмæ сæ бæрæгбоныл æмбæлой сабыр арвы бын, царды цæуой дидинæфтаугæ фæндæгтыл; сæ зæрдæтæ кæддæриддæр цы рухс кæной хæрзиуæг æмæ уарзтæй, сæ рæсугъд цæсгæмттыл уæд хъæлдзæг мидбылхудт, сæ цæс-тытыл та-иу фæзынæд æрмæстдæр цины цæссыгтæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.