Хӕдзардзин зӕхкусӕгӕн афӕдзы дӕргъы ӕрӕнцой нӕй, уый ӕдзухдӕр хъуыды кӕны, цӕмӕй йӕ фӕззӕджы бӕркадӕй барухс уа йӕ зӕрдӕ. Уый та ӕрмӕст йӕ фердӕхтдзинад ӕмӕ куыстуарзондзинадӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ ма боныгъæдæй дæр. Хус рæстæг куы ахæссы, уæд йе скаст вæййы донхӕ-ры донмæ, алыгъуызон хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕм уымӕй куыд фӕкӕсай рӕстӕ-гыл, афтӕ уыдзӕн тыллӕгӕрзад дӕр. Уыцы ахсджиаг хъуыддаг зӕрдыл даргӕйӕ паддзаха-дон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы коллектив архайы, цӕмӕй донхӕры донӕй ӕфсӕст уой нӕ хуымзæххытæ. Фӕлӕ куыстуаты разамонӕг Хуыгаты Владимир куыд банысан кодта, афтӕмӕй сӕм нӕй фаг техникӕ, стӕй сӕм чи ис, уыдон дӕр сты зӕронд, арӕх фехӕлынц ӕмӕ сӕ бахъӕуы цалцӕг кӕнын. Цы дыууӕ экскаваторы сӕм ис, уыдонӕй иу фехӕлд, цалцӕг кӕнынмӕ йын йӕ иу хай цыппар мӕйы размӕ аластой Пятигорскмӕ. Хъыгагӕн, абон дӕр лӕзӕры уым, нӕ йӕм хӕццӕ кӕны цалцӕггӕнӕджы къух, куыстӕввонг ӕй скӕныны тыххӕй йӕ 340 мин сомы кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Дыккаг экскаваторыл ӕрӕджы райдыдта кусын Бибылты Малхаз. Ӕвзонг лӕппу зоны ӕмӕ уарзы йӕ дӕсныйад, у ӕнӕзивӕг ӕмӕ сӕ ныфс ис, цы куыстытӕ бакӕнинаг сын вӕййы, уыдон ахицӕн кӕныныл кӕй архайдзӕн зӕр-диагӕй. Хуыгайы фырт куыд загъта, афтӕмӕй сезонмӕ цӕттӕ кӕнын райдайынц фӕз-зӕгӕй суанг уалдзӕджы онг, цалынмӕ къанӕуттӕ донӕй сӕрибар вӕййынц, уӕдмӕ. Ацы бонты хъуамӕ райдайой, Гафезы уынгмӕ ӕввахс цы донхӕры къанау ис, уый сыгъдӕг кӕнын.

Мелиорацийы куыстуат донхӕры донӕй ӕфсады нӕ республикӕйы дзӕвгар хъӕуты цӕрджыты ӕмӕ фермерон хӕдзарадты зæххыты. Цӕвиттон, Цхинвал ӕмӕ Знауыры районты хицӕн хъӕутӕм дон цӕуы Чъехы хъӕуӕй, уымӕн йӕ дӕрддзӕг дзӕвгар у ӕмӕ дзы бакӕнинаг куыстытӕ дӕр вӕййы  бирӕ. Къанауы хицӕн бынӕттӕ ныридӕгӕн сты сыгъдӕг. Зӕгъӕм, Принеуы хъӕуы сӕрмӕ ӕрцыд бӕстон куыстгонд ӕмӕ сын ахӕм куыстытӕ ныр та бакӕнинаг ис Уелиты ӕрдыгӕй. Фӕлӕ сӕ катайы ӕппары, Къостайыхъӕумӕ ӕввахс доны хахх мӕгуырау уавӕры кӕй ис, уый. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ доны хӕтӕл райдианы цӕуы уырдыгмӕ, иу ахӕм дӕрддзӕг та бынтон хӕрдмӕ кӕны йӕ фӕндаг. Уыцы æлхъывдадæн нӕ бафӕразынц ӕмӕ атонынц. Афтӕ уыд амӕйразмӕ дӕр, уӕд кусджыты бахъуыд дон лыстӕгдӕр хӕтӕ-лы ауадзын, фӕлӕ тӕссаг у ныр, уый дӕр куы атона. Уӕд Знауыры районы хицӕн хъӕу-тӕм нӕ ахӕццӕ уыдзӕн дон ацы аз.

Уавӕр бабӕрӕг кодтой бынӕттон специалисттӕ ӕмӕ йӕ саразынӕн бахъӕудзӕн 5 милуан сомы. Республикӕйӕн Леуахийы фаллаг фарс хъӕутӕ Прис, Дменис Сатихъар, Хелцуа ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕм та донхӕры донӕн йӕ ратӕдзӕн у Зонкъары цад. Ацы бынӕттӕм дӕр цӕмӕй ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуа дон, ууыл у йӕ архайд куыстуатӕн. Дменисӕй Хелцуайы хъӕумӕ къанауы дӕрддзӕг у 8 километры. Уым уал ныридӕгӕн къанау ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй бакодтой развӕлгъау цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Зӕгъӕм, цӕмӕй бӕстон сыгъдӕг ӕрцӕуа, хъӕуӕг техникӕйӕн азмӕлӕнтӕ уа, уый тыххӕй уал ын фӕндагыл ДТ-йы маркӕ тракторӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг куыстытӕ бакодта ӕвзыгъд механизатор Цхуырбаты Сосо. Дон Сацхенеты  гидроӕлхынцъӕй рацӕуы, уымӕ ӕввахс цы хъӕутӕ ис, уырдӕм, стӕй та уӕлдӕр ранымадгонд хъӕутӕм дӕр. Фӕлӕ Хуыгаты Владимир дарддӕр куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ацы бынаты дӕр донрацӕуӕн ис аварион уавӕры. Ӕлхынцъы мӕры дон бафхӕрдта ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы йӕ куыстӕй кӕй ӕрлӕудзӕн, ууыл нӕ хъӕуы дызӕрдыг кӕнын. Уавӕр ӕрбӕстон кӕныны тыххӕй специалисттæ фӕхуыдтой Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ бамбарын кодтой, йӕ саразынӕн кӕй бахъӕудзӕн 20 милуан сомы.

«Мелиораци»-йы коллектив кусы, архайы, фӕлӕ йӕ бон кӕм нӕ цӕуы, уым та йӕм ӕнӕмӕнг хъӕудзӕн фӕкӕсын.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.