Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан бацыд  зонад æмæ ахуырады фæдыл Уæрæсейы Президенты цур Советы скондмæ. Уый фæдыл Уæрæсейы Президент Владимир Путины Барамынд мыхуыр æрцыд барадон информацийы официалон интернет-порталы. Цæлыккаты Руслан ма хаст æрцыд Советы президиуммæ дæр. Зонад æмæ ахуырады фæдыл УФ-йы Президенты цур Совет у уынаффæйон орган, кæцыйы нысан у зонадон-техникон рæзты æмæ ахуырады фарстыты фæдыл паддзахады сæргълæууæгæн консультацитæ дæттын. Совет президентæн цæттæ кæны фæндæттæ зонад æмæ ахуырады рæзты приоритетон здæхтытæ сбæрæг кæныны фæдыл, ацы фадыджы координаци  кæны алыгъуызон паддзахадон органты, зонадон фондты æмæ ахуырадон организациты архайд. Уымæй дарддæр ма  йæ бæрны ис зонад æмæ технологиты фадыджы УФ-йы Паддзахадон премитæ, афтæ ма зонад æмæ æвзонг ахуыргæндты инновациты къабазы УФ-йы Президенты премитæ райсынмæ æрбавдыстыты экспертизæ.

Цæлыккаты Руслан райгуырд 1956 азы Цæгат Ирыстоны горæт Орджоникидзейы (Дзæуджыхъæуы). 1978 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. 1983 азы та – Г.В.Плехановы номыл адæмон хæдзарады Мæскуыйы институты аспирантурæ (ныртæккæ уæрæсейаг экономикон университет). У экономикон зонæдты кандидат. Куыста бирæ бæрнон бынæтты. 2007-2012 азты та уыд УФ-йы æмбæстагон хъахъхъæнынады æмæ уæлвæткон уавæрты ми-нистры фыццаг хæдивæг. 2012 азы уыд Мæскуыйы областы вице-губернатор. 2012 азы 6 ноябры нысан æрцыд Мæскуыйы областы губернаторы хæстæ æххæстгæнæгæй.

2012 азы 15 ноябры нысан æрцыд УФ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивæгæй. Хорзæхджын у бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Афтæ ма  у Уæрæсейы Федерацийы l-аг къласы æцæг паддзахадон уынаффæгæнæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.