Æрдæг æнусæй фылдæр нымад цыд, зæгъгæ, раззагазийаг кæнæ персаг фыранк фесæфт Ирыстоны территорийæ. Фондз азы размæ, «Биологийы æмæ медицинæйы уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуаты неологизмтæ æмæ нырыккон ирон терминологон системæ»-йыл кусгæйæ, мæ бахъуыд сбæрæг кæнын Ирыстоны гербыл нывгонд цæрæгойы ном.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы герб фидар æрцыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Паддзахадон гербы тыххæй» 1994 азы 24 ноябры РЦИ-Аланийы Закъонмæ гæсгæ.

1952 азы Знауыры районы Цънелисы хъæуы бынæттон цæрæг Табуты Сослан, райсом раджы бафиппайдта, бæласыл чи бамбæхст, æмæ йыл йæхи чи ныццавта, уыцы фыранчы. Табуты Сослан разынд æцæг хъайтар, уымæн йæ бон сси цæрæгойы дзыхы æрмæст йæ уæлдзарм худ нæ, фæлæ ма йæ къалостæ атъыссын дæр. Мæлæтдзаг тохы фæуæлахиз Сослан æмæ ныххурх кодта фыранчы.

1991 азы онг сырды быдыргъ æвæрд уыд ХИПУ-йы зоологон музейы, фæлæ йæ 90-азты адавдæуыд, «мысынæн» ма йын ныууагътой æрмæстдæр йæ къæдзилы хай. Махмæ бахатыд Северцовы номыл Уæрæсейы зонæдты академийы экологи æмæ эволюцийы проблемæты институт генетикон æрмæг ссарыны æмгуыстады тыххæй æмæ сæм мах æввахс рæстæджы арвитдзыстæм къæдзилы рагъыстæджы хъул, куыд зынаргъ генетиткон æрмæг, афтæ.

Фарст сахуыр кæныны фæстæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, гербы ис раззагазийаг кæнæ персаг фыранчы дæлхуыз, растдæр зæгъгæйæ, Ирыстоны дыууæ территорийыл чи цæры, уый – кавказаг фыранчы популяци – ФЫРАНК (уый ма ноджы хонынц   кавказаг фыранк дæр).

Ис зонæнтæ, Цæгат Ирыстоны кæй амардтой, уыцы фыранчы тыххæй дæр. Фæстаг 60 азы æрдзы фыранктимæ фембæлдтытæн ис цыппар документалон æвдисæндары, уыдонæй æртæ уыдысты Ирыстоны гидроэлектростанцты алыварс территориты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ Зæрæмæджы комы раззагазийаг фыранк æнæнхъæлæджы кæй нæ фæзынд. Æвæццæгæн, ацы бынæттæ сты фыранкы æдзухон, кæнæ та арæх кæм вæййы, ахæм цæрæн бынæттæ.

Цæгат Ирыстонмæ фыранкты раздæхт  дзыллон информацийы фæрæзты æмæ социалон хы-зæгты расайдта стыр цымыдисдзинад. Æвзæры фарст, цæмæн æвзарынц уыдон Ирыстоны территори? Æнхъæлын афтæ, æмæ кавказаг фыранкы популяци бахъахъхъæныны  сæйраг аххосæгтæй иу у ацы экосистемæ-йы экологон æнцойад æмæ æвдисæн у ацы ран сычъитæ  æмæ дзæбидыртæ  кæй цæрынц, уымæн.

Æнхъæлын афтæ, æмæ кавказаг фыранк хæринаг тынг кæй æвзары æмæ йæ зæрдæмæ, номхуындæй, тынгдæр кæй цæуынц дысæфтæгон æхсырæй-хаст цæрæгойты минæвæрттæ. Сæрдыгон рæстæджы кавказаг фыранк схизы 3.500 метры  бæрзæндмæ, цыран фæцуан кæны сычъитæ æмæ дзæбидыртыл. Уымæй дарддæр ма уый йæхи хорз хаты, бынтондæр зайæгхал кæм нæй, ахæм бæрзондхæххон къæдзæхджын бынæтты, хæхты къуылдымтыл. Фыранкыл ма сæмбæлæн ис зындзæуæн хъæдты, зынвадат бынæтты, уый хæры сагты, хъæддаг хуыты, сæгуытты. Куы бахъæуы, уæд æрцæуы цæрæн бынæт-тæм, стонг фыранк йæхи ныццæвы адæймагыл дæр. Фыранктæ гæпп кæнынц тынг хорз – сæ бон у 10 æмæ ноджы фылдæр метртæ агæпп кæнын.  Йæ буары дæргъ у  130-183 сантиметры æмæ йæ къæдзилы дæргъ та – 104-116 сантиметры. Сывæрджын ахæссы 3-3,5  мæйы, ныййары 2-5  лæппыны.

Ирыстоны Хуссары Кавказаг фыранкы популяцийы  фесæфт, æркодта экосистемæйы дисбалансмæ æмæ йын йæ бынат бацахстой æндæр тугдзыхтæ, куыд, зæгъæм, бирæгътæ, хъæддаг куыйтæ æмæ æндæр сырдтæ. Уымæй æмбæрстгонд у ахæм факт, зæгъгæ, фæстаг азты бирæгътæ бæрæг кæй фæфылдæр сты æмæ арæх кæй лæбурынц хæдзарон цæрæгойтæм æмæ, æгæрыстæмæй, адæммæ дæр. Кавказаг фыранк у экосистемæйы фидардзинады цæстæнгасæй иттæг нысаниуæгджын хуыз, уымæн æмæ у биологон стабилондзинады æмæ иумиагæй экосистемæ сифтонг кæныны ахсджиагдæр фактор.

Æппæт дунейы хъæддаг æрдзы раззагазийаг фыранчы иумиаг популяци у  1 мин сæры: тугдзыхтæ цæрынц Ираны, Афганистаны, Туркменийы æмæ къорд æндæр бæстæты.

Фæнды мæ сымахæн Сочийы национ парчы раззагон кусæг, биологон зо-нæдты кандидат, мæ хæлар Константин Лотиевы информаци фехъусын кæнын. Уый зонадон командировкæйы уыд Ираны. Йæхæдæг Лотиев куыд загъта, уымæ гæсгæ, тынг серьезон куыст цæуы Ираны, цыран цæры цалдæр сæдæ фыранчы.

«Уым фыранкæн кад кæнынц, куыд уæздандзинады æмæ хъæбатырдзинады хуызæг, афтæ. Ирайнаг коллегæтæ цымыдис кодтой уымæ, зæгъгæ, Кавказы ис, сæхицæн фыранчы символæн чи равзæрста, ахæм адæм. Уый сын балæвар кодта гербимæ дыууæ Ирыстоны картæ».

Фыранк у æгъатырдзинады, карздзинады, агрессивондзинады, æхсардзи-нады символ. Геральдикæйы фыранк æвдисы хъæбатырдзинад, тырнындзинад, активондзинад.

Рæстдзинады тыххæй мæ зæгъын фæнды, ныртæккæйы хуызы Ирыстоны герб фыццаг хатт гуырдзиаг архивты кæй ссардта æмæ йæ адæмæн кæй фехъусын кодта историон зонæдты доктор, ХИПУ-йы профессор, зынгæ ахуыргонд æмæ Ирыстоны стыр патриот Тогошвили (Тогойты) Георги.

Кокойты Таймураз,

профессор, Хетæгкаты Къостайы

номыл премийы лауреат,

РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.