КАРАНТИН  АДАРДДÆР  КОДТОЙ

Республикæйы йæ тæккæ тынгыл у гриппы эпидеми. Уый фæдыл та скъолаты æмæ сы-вæллæтты рæвдауæндæтты адарддæр кодтой карантины æмгъуыд. Фыццаг хатт æй скодтой  1 – 5-æм февралмæ, фæлæ уавæр нырма вазыгджын кæй у, уый тыххæй та йæ адарддæр кодтой 12 -æм февралмæ.

Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй горæты рынчындæттæ сты йедзаг, сынтæджытæ сæвæрын бахъуыд тыргъты дæр.

Гриппы эпидемийы уавæр сбæрæг кæныны фæдыл ацы бонты Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æмæ эпидемиологийы центры специалисттæ. Уыдон сбæрæг кодтой, рынчынты цы уавæрты æмæ цавæр хостæй дзæбæх кæнынц, йæ рæстæгыл вакцинаци цал адæймаджы скодтой, эпидеми кæмыты апарахат аххæссыд æмæ афтæ дарддæр.

Амынд къамисы уæнг, биологон зонæдты доктор, профессор Игорь Красильников куыд фехъусын кодта, афтæмæй гриппы ныхмæ тох кæныны тыххæй лекцитæ кæсынц республикæйы медицинон уагдæтты, амонынц сын сæ фæлтæрддзинад: “Адæм сæхæдæг дæр хъуамæ æмбарой, гриппы ныхмæ вакцинаци æнæниздзинадæн зиан кæй ницы хæссы æмæ йæ аразынмæ зивæг кæнын кæй нæ хъæуы. Уый арæзт цæуы Уæрæсейы, рацæуы бирæ фæлварæнты æмæ экспертизæты æмæ адæймаджы цардæн тæссаг ницæмæй у. Вакцинаци скæнгæйæ, ницавæр уавæрты фæрынчын уыдзынæ гриппæй. Уый куынæ аразой, уæд фæзыны низы уæззау эпидеми, уый та арæх расайы мæлæт æмæ сахъатдзинад. Ахсджиаг у, цæмæй алы республикæйы дæр адæмимæ цæуа æмбарæн куыст вакцинаци скæныны æмæ профилактикæ кæныны тыххæй, низ куы фæзына, уæд та рæстæгыл йе сдзæбæх кæныны тыххæй. Нæ къамисы куыстæн скæндзыстæм æмбæлгæ хатдзæгтæ, кæцытæ фæахъаз уыдзысты республикæйы цæрджыты æмæ медицинон кусджыты дарддæры архайд гриппы эпидемийы ныхмæ. Уый тынгдæр бахъæудзæн фидæны”, – загъта мæскуыйаг уазæг.

Бирæтæн нæй фадат, рæстæг поликлиникæтæм цæуынмæ æмæ прививкæтæ кæнынмæ. Уымæ гæсгæ, раппæлинаг хъуыддаг у, бирæ куыстуæтты разамонджытæ медицинон кусджыты кæй фæхонынц æмæ сæ кусджытæн бынаты вакцинаци кæй скæнын кæнынц, уый. Ахæмты куы бафæзмиккой иннæтæ дæр, уæд ахæм эпидемитæ никуы фæзынид.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад та хъусын кæны: чи фæрнынчын уа, уый йæхи дзæбæх кæныныл ма архайæд хæдзары уавæрты. Уый у тынг тæссаг адæймаджы цардæн. Низ куы стыхджын вæййы, уæд арæх байрæджы вæййы. Уымæ гæсгæ, низы фыццаг бæрæггæнæнтæ куы фæзыной, уæд атагъд кæнут дохтыртæм.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.