НАРКОТИК – НÆ  САФÆГ

Цал æрыгон адæймаджы цард байстой наркотиктæ, цал бинонты цард фехæлдтой, цал ныййарæджы скодтой саутæ, уыдонæн банымайæн дæр нæй. Арæзт цыма цæуы æппæт мадзæлттæ дæр марг уæйгæнджытæ бауромыныл, фæлæ уавæр кæны фыддæр. Цæй мидæг ис йæ аххосаг? Уый фæдыл арæзт æрцыд нæ республикæйы Наркотикты ныхмæ къамисы радон æмбырд. Æмбырд амонæг, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн карз уыд йæ ныхас æмбæлон органтимæ.

“Цал хатты скодтам бæлвырд æмгъуыдтæ наркотиктæй чи базар кæны, уыдон раргом кæныны тыххæй, чидæртæ дзы ахæстоны дæр сбады, фæлæ уавæр нæ хуыздæр кæны. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры æмæ сын уæле фарсхæцджытæ ис. Мæ фæндон у æпæтт хицауадон структурæты æхсæн наркотикон тест скæнын. Уырны мæ, наркотиктæ æцæгæлон кæмæн не сты, сæ уæй кæнынæн чи æххуыс кæны,ахæмтæ дзы кæй разындзæн. Мæ фарс хъуамæ рахæца Мидхъуыддæгты министрад дæр.

Зæгъын ма мæ фæнды профилактикон мадзæлтты фæдыл скъолайы сывæллæттимæ цы куыст цæуы, уый тыххæй дæр. Наркотик адæмæн цы зиан хæссы, уый фæдыл æдзух скъолаты æмбырдтæ аразын æмæ хус ныхæстæ кæнын ницы пайда сты. Скъолатæн сæхи мидæг дæр уæй кæнынц наркотиктæ.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дмитрий Гутыряйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, азы райдайæнæй нырмæ административон æфхæрд райстой 230 афиаджы æнæзакъонæй наркотикон æмæ психотропон препараттæ уæй кæныны тыххæй, фæлæ, чиновникы хъуыдымæ гæсгæ, бацæттæ хъæуы ног закъон ахæмты ныхмæ карздæр мадзæлттæ райсыны тыххæй.

Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министр Сæлбиты Зитæ йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй фарон æмæ ацы аз скъолаты арæзт æрцыд, психотропон æмæ наркотикон буарыгъæдтæй пайда кæнын æрæджы чи рай-дыдта, уыдон сбæрæг кæныны фæдыл социалон – психологон тесттæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ ахæм мадзал арæзт цæуы барвæндонæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæг наркоман не сразы уыдзæн ахæм тест. Уымæ гæсгæ ацы азы тест ацæуыныл æнæхъæн республикæйæ сразы сты æрмæстдæр фондз мин ахуырдзауы. Уыдонæй цалдæр разынд наркоманийæ тæссаг кæмæн у, ахæмтæ.

Ацы сæгъссаг уавæры фæдыл ма æмбырды сæ хъуыдытæ загътой Адæмæн куыстдæттыны комитеты сæрдар Къаболаты Ларисæ, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъесаты Игорь æмæ æндæртæ.

Æмбырды кæрон Битарты Вячеслав æрдомдта æмбæлон органтæй, цæмæй кабинетты мауал бадой, фæлæ адæммæ бангом уой; наркотик уæйгæнджыты ныхмæ цы уголовон хъуыддæгтæ бакæнынц, уыдон æрдæгыл ма уадзой, сæ къамтæ æмæ нæмттæ сын газетты мыхуыр кæной, телевизорæй сæ æвдисой; наркоманты дзæбæх кæныны фæдыл æнæо-фициалон куысты нывæзтбацæттæ кæнын; æндæр регионты куысты фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Æппæт уыдæттæн царды рауадзынæн æмгъуыд радта иу мæй.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.