ÆВЗÆРСТЫТЫ НОГ ДОМÆНТÆ

Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты архайыны фæнд чи скодта, уыцы политикон партиты минæвæрттимæ, стæй хицæн кандидаттимæ фембæлдысты РЦИ-Аланийы Централон къамисы уæнгтæ. Фембæлды ныхас цыд æвзæрстытæм бацæттæ кæныны тыххæй. Амыдта йæ Централон æвзарæн къамисы сæрдар Кадиты Константин.

Æвзæрстыты закъонæвæрынады ногдзинæдтыл, стæй Паддзахадон Думæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады органтæм кандидатты регистраци кæныны æгъдæуттыл дзырдта Централон æвзарæн къамисы барадон хайады сæргълæууæг Томайты Изæ. Ногдзинæдтæ та бирæ сты. Зæгъæм, республикон Централон æвзарæн къамисыл æвæрд æрцыдысты зылды къамисы бартæ, фæкъаддæр, æвзæрстыты рæстæг алы партитæй дæр-иу цы цæстдарджытæ уыд, уыдоны нымæц, нырæй фæстæмæ сæ алыран дæр дыууæ цæстдарæгæй фылдæр нæ уыдзæн. Журналисттæн дæр фæзынд æвзарæн фадыджы уæвыны бар, æцæг сæрмагонд æвдисæндаримæ.

Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ депутаттæ æвзарыны 25-æм иумандатон зылды политикон партитæ кæй бавдыстой, уыцы кандидатты цавæр документтæ хъæуы, кандидатты агитаци кæнынæн лæвар эфирон рæстæг æмæ газетты фæрстыл лæвар бынат дæттыны уагæвæрды тыххæй æмæ æндæр фарстаты фæдыл дзырдта Централон æвзарæн къамисы секретарь Ольга Маркова: «Ацы зылды депутаттæм кандидаттæ сты æртындæс, уыдонæй уал регистраци æрцыдысты аст адæймаджы. Паддзахадон Думæмæ депутаттæм сæ кандидатты снысан кодтой дæс партийы. Уыдонæй уæлдай, Думæйы депутаттæ суæвыныл тох кæндзысты, йæхи чи бавдыста æмæ депутаттæм кандидатæй регистраци скæнынæн фæйнæ фынддæс мины æвзарджыты къухфыстытæ чи æрæмбырд кодта, уыцы æртæ кандидаты дæр». Уый кæд æнцон бакæнæн нæ уыд, уæддæр сæ къухы бафтыд. Бирæ регионты ахæм кандидатты систой æвзæрстытæй, сæ бон æмбæлон уагыл къухфыстытæ æрæмбырд кæнын кæй нæ бацис, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ æнцондæр у партийы номæй дæ кандидатурæ бадæттын.

Ацы бон ма Думæмæ регистрацигонд æрцыдысты Фадзайты Арсен (“Уæрæсейы патриоттæ”), Хацъæты Фатимæ (“Зеленые”) æмæ хибавдисæг Æгъуызарты Мурат. Сæ гæххæттытæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ бацæттæ кодтой, уый тыххæй Думæмæ æвзæрстытæй ист æрцыдысты Джиоты Мурат æмæ Къæлхидты Анатоли.

Æмбырды архайджытæ æркастысты, боны фæткы æндæр фарстатæм дæр. Кадиты Константин куыд загъта, афтæмæй республикæйы Централон æвзарæн къамис кæддæриддæр цæттæ у кандидаттимæ æмгуыст кæнынымæ, алывæрсыгæй сын æххуыс кæнынмæ.

Республикон Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ дзуаппытæ радтой æвзæрстытæм кандидатты фарстатæн æмæ æвзæрстытæм цæттæ кæныны фæдыл бацæттæ кодтой цалдæр уынаффæйы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.