ПАРЛАМЕНТ – ЭКСТРЕМИЗМЫ НЫХМÆ

Республикæ Цæгат Ирыстоны Парламент исы алыгъуызон мадзæлттæ экстремизмы ныхмæ тохы. Ныр дæр та сæ радон æмбырды сфидар кодтой ног федералон закъон. Уый амоны, антитеррористон æдасдзинады домæнтæ чи не ‘ххæст кæны, уыдон ивар кæнын.

Ног закъон амоны мыхуыры æмæ интернет бастдзинады фæрæзты бæрæг кæнын, цæ-мæй сæм экстремизмы тæваг ма фæхæццæ уа, уæлдай тынгдæр хъахъхъæнын хъæуы скъолаты, стæй иннæ ахуыргæнæн уагдæтты. Уыдонæн хъуамæ арæзт æрцæуа сæрмагонд къамис интернеты баст-дзинад бæрæг кæнынæн. Уыимæ, алыхуызон объекттæ, стæй адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уыдонмæ сæ хъус дарын, терроризмы идеологи кæмæ фæхæццæ, уыдонимæ, стæй сæ хиуæттимæ профилактикон куыст кæнын. Къамисимæ æмгуыст кæндзысты Фæсивæдон  парламент æмæ организацитæ.

Бæрнон органтæй терроризмы ныхмæ профилактикæйы мадзæлттæ чи не ‘ххæст кæна, уыдон иваргонд цæудзысты 3 – 5 мин сомæй, юридикон организацитæ та – 100 – 500 мин со-мæй. Фыдбылыз кæй аххосæй æрцæуа, уыдонæн та сæ хъуыддаг æвзардзæн тæрхондон. Ахæм æгъдаухæлдтыты тыххæй та протоколтæ кæндзæн Мидхъуыддæгты министрад.

Амынд закъоны фæлгæтты ацы азæн планмæ хаст æрцыд цалдæр профилактикон ма-дзал, уыдоны ‘хсæн скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты терроризмæй бахъахъхъæныны фæдыл лекцитæ кæсын дины минæвæрттæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты æххуысæй.

Нæ уацх.                                                                       

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.