НОГ РАЗАМЫНД – МЫХУЫРЫ ФÆРÆЗТЫ

Цæгат Ирыстоны мыхуыры фæрæзты райдыдтой бындурон ивддзинæдтæ. РЦИ-Аланийы Мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты ног сæрдар Фидараты Юри йæ куыстмæ бахаста бирæ ногдзинæдтæ. Уыдонæй иу у мыхуыры фæрæзты ног комулæфт бауадзын. Сæрмагондæй та журналтæ “Мах дуг”, “Дарьял” æмæ “Ногдзау”-ы, стæй информацион агентад “Иринформ”-ы ног разамонджытæ сæвæрын. Фидары-фырт куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы мыхуыры фæрæзтæ абоны домæнтæн дзуапп нал дæттынц: “Журналæн æртын азы бæрц йе ‘ддаг бакаст æмæ йæ мидис куынæ ивой, йæ мидбынат куы цоппай кæна, уæд раст нæу. Æвæстиатæй дзы ног уддзæф бауадзын хъæуы. Уый та бауыдзæн, сфæлдыстадон хъуыдытæ кæмæ ис, ахæм æрыгондæр адæймаджы бон. Æз стыр аргъ кæнын ацы журналты зындгонд æмæ уарзон разамонджытæн, фæ-лæ йæ хъуамæ æмбарой, кæстæртæн дæр фæндаг радтын кæй хъæуы, уый. Фæлæ уыдон дæр æгуыстæй нæ баззайдзысты, сæхи редакциты кæндзысты æндæр бæрнон куыст. Ног разамонджытæм та домæнтæ уыдзысты фылдæр æмæ алывæрсыг”, – банысан кодта комитеты сæрдар.

2-æм марты официалон æгъдауæй рабæрæг сты журналты ног разамонджытæ: ирон æвзагыл цæуæг литературон – аивадон журнал “Мах дуджы” редактор Хъодзаты Æхсары раивта ацы журналы поэзи æмæ драматургийы хайады сæргълæууæг Мамыкъаты Хъазыбег;

Литературон – аивадон æмæ æхсæ-надон – политикон журнал “Дарьял”-ы редактор Тотраты Ольгæйы бынаты сæвæрдтой зындгонд журналист æмæ публицист Цхуырбаты Аланы;

Сывæллæтты журнал “Ногдзау”-ы ре-дактор Дзасохты Музаферы раивта сывæллæтты журнал “Барсик”-ы бындурæвæрæг Томайты Сергей.

Уыимæ сæ раздæры редактортæ кусгæйæ баззадысты амынд журналты. Ног редакторты хъуыдымæ гæсгæ, уыдо-нæн сæ фæлтæрддзинадæн аргъ нæй æмæ сын стыр æххуыс уыдзысты сæ дарддæры куысты.

Информацион агентад “Иринформ”-ы разамонæг Тæболты Иринæимæ уал контракт адарддæр кодтой 1 маймæ. Фидараты Юрийы зæрды ис “Иринформ”-ы бындурыл нырыккон республикон информацион агентад саразын.

Дарддæр ивддзинæдтæ цæудзæн мы-хуыры иннæ фæрæзты дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.