Автоинспекци домы бæрндзинад

 

Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекци бирæ мадзæлттæ аразы, цæмæй фæндагон фыдбылызты аххосджынтæ, æвæлтæрд æмæ æбæрнон шофыртæ æфхæрд цæуой. Фæлæ бирæ æдзæсгом шофырты нæдæр æхцайы ивар, нæдæр фæндæгтыл æвæрд камерæтæ, нæдæр адæмы маст æмæ цæссыг уромынц. Æмæ сæхи дæр, искæй дæр фесафынц, фæндæгты амæттаг кæнынц бæлццæттæ, фылдæр фæсивæд. Ивгъуыд аз фæззæджы æрыгон шофыр нæ сарæхст æмæ бахауд Камазы бынмæ. Уыцы æнæарæхст архайд ахаста æхсæз уды. Цалдæр боны размæ Мæздæгмæ фæндагыл, скъæрыны бартæ кæмæ нæ уыд, ахæм лæппу нал фæцарæхст, машинæ фæндаджы иннæ фарсмæ агæпп кодта æмæ æндæр машинæйы сцавта. Фондз адæймаджы цард ахаста уыцы авари. Шофыры æбæрнон ахасты аххосæй æрæджы машинæ бæласыл скъуырдта йæхи æмæ дзы фыд æмæ фырт цæрдудæй басыгъдысты. Æмæ ахæм цаутæ нымад чи фæуыдзæн.

Пъæлицæйы куыст бындуронæй раивыныл архайынц йæ разамынд. Мидхъуыд-дæгты министр Михаил Скоков карзæй æрдомдта куыст канд автоинспекцийы нæ, фæлæ алы къабазы дæр. Пъæлицæйы куыст фæнывылдæр кæныны фæдыл æрæджы Мидхъуыддæгты министрады уыд коллегийы æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Михаил Скоков. Æмбырды архайдтой республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, РЦИ-Аланийы прокурор Владимир Векшин, автоинспекцийы хицау Беккуызарты Хасан, Сæйраг Федералон инспектор Андрей Бессонов æмæ бирæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Михаил Скоков фæсидт мидхъуыддæгты кусджытæм, цæмæй сæ куыстмæ сæ ахаст аивой. Куыд загъта, афтæмæй алкæцы дæлхайады архайд дæр бирæ аразгæ у йæ разамонæгæй æмæ управленийы кусджыты размæ сæвæрдта бæлвырд домæнтæ æмæ нысантæ. Министр карзæй бадомдта, цæмæй кæрон æвæрд æрцæуа пъæлицæйы æбæрнон архайдæн, иуварс æрцæуой гæртамхортæ. “Фылдæр бæрнондзинад æвæрд ис автоинс-пекцийыл, уымæн æмæ милуангай бæлццæтты хъысмæт уыдон къухты ис. Сæйраг административон æфхæрд рафыссын нæу, фæлæ аразын хъæуы фæндагон фæтк халыны ныхмæ бæстон профилактикон куыст. Фæндæгты змæлд гуымирæй чи халы, уыдон се ‘ппæт дæр хъуамæ цæуой карз æфхæрд, цыфæнды стыр чиновник, стæй кæйдæр хион куы уа, уæддæр. Пъæлицæйы кусæг цы æнæраст хъуыддæгты ныхмæ тох кæны, уыдон йæхæдæг куы араза, гæртæмттæ куы иса, уæд ма сыл адæм куыд хъуамæ æууæндой. Хъыгагæн, иуæй-иутæ сæ кæнон нæ уадзынц, адæмы стигъынц æмæ ахæмты ныхмæ арæзт цæуы уголовон слест, сæ куыст фесафдзысты сæ разамонджытæ дæр”, – загъта Михаил Скоков.

Ныхас ма цыд, сывæллæттæ хъыгдард кæм баййафынц, фæндæгтыл æдасæй цæуыны домæнтæ хæлд кæй цæуынц, сывæллæтты машинæйы ласгæйæ, иуæй-иутæ стырзæрдæ, æнæмæтдзинад кæй равдисынц, уыдæтты тыххæй. Арæх сты, гыццыл бæлццон машинæйы æнæ æмбæлгæ бадæнæй кæнæ æнæ уромæн сæрмагонд фæрæзтæй куы ласынц, ахæм цаутæ. Ноджы ма сывæллоны хъæбысы сбадын кæнынц, уый та у фæндæгтыл цæуыны домæнтæ халæн цаутæн сæ уæззаудæр. Михаил Скоков ранымадта фæстаг æхсæз мæйы бæрæггæнæнтæ: “Ацы æмгъуыдмæ республикæйы фæндæгтыл æрцыд, сывæллæттæ хъыгдард кæм баййæфтой, 29 ахæм фæндагон – транспортон бæллæхы, 32 сывæллоны фесты алыхуызон цæфтæ, хъæдгæмттæ æмæ уæнгсæстытæ. Æрæджы шофыры аххосæй Заводы поселочы фæмард 15-аздзыд лæппу, йæ иннæ æмбæлццæттæ – Михайловскы скъолайы ахуырдзаутæ цыппарæй уæззау уавæры бахаудтой рынчындонмæ”.

Æмбырды кæронбæттæны хатдзæгтæм гæсгæ, паддзахадон автоинспекцийы бæрнон кусджытæй цалдæр сæ бынæттæй ист æрцыдысты, цалдæрæй та административон æмæ дисциплинарон æфхæрд баййæфтой, сæ дæлбар дæлхайæдты архайд нывыл кæй нæу, уый тыххæй.

Æмбырды Битарты Вячеслав æмæ Михаил Скоков мидхъуыддæгты кусджыты размæ сæвæрдтой бæлвырд домæнтæ æмæ нысантæ. Бадомдтой, цæмæй кæрон æвæрд æрцæуа пъæлицæйы кусджыты æбæрнон архайдæн.

Нæ  уацхæссæг    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.