НÆ УДВАРНЫ

ЦЫРТДЗÆВÆНТÆ

Æхсызгон хъуыддаг у нæ фæсивæды фылдæр хай ма ирондзинадмæ йе ‘ргом кæй здахы, уый. Уыдонæй у Дзæуджыхъæуы цæрæг Бызыккаты Таймураз дæр. Æрыгон лæппу æрбаиу кодта йе ‘мцæдисонты æмæ бавнæлдтой нæ фыдæлты кувæндæттæ æмæ мæсгуытæ цалцæг æмæ реставраци кæнынмæ Ирыстоны хæхты. Энтузиасттæ уал сæхи фæрæзтæй саив кодтой Цымытийы “Уацилла”-йы кувæндон, ныр та бавнæлдтой Цъæйы комы Мады Майрæмы кувæндонмæ. Арæзтадон куыстыты сын хорз æххуыс кæны прораб Уазæгты Мурат йæ бригадæимæ.

Фæлæ æппæт кувæндæтты сног кæнынæн нæ фаг кæны фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ лæппутæ бахатыдысты культурæйы министрадмæ, стæй аивады дæснытæм хæрзаудæн концерт ауадзыны тыххæй, цæмæй цы æхца æрбамбырд уа, уый кувæндæтты цалцæг кæныныл бахардз кæной. Уыдон ахæм хъæппæрисыл сæмбæлдысты зæрдиагæй. Культурæйы министрад рахицæн кодта Хæххон аграрон университеты залы концерт ауадзынæн. Хæрзаудæн коцерты хайад исдзысты Дзанайты Ольгæйы нæлгоймæгты хор, Чельдыты Вадим, Александр Коренюгин, театр “Амыран”, ансамбль “Чысыл джигит” æмæ бирæ æндæртæ. Адонæй алчидæр ныууагъта йæ бирæ хъуыддæгтæ æмæ æрбалæууыд арфæйаг хъуыддаджы фарсмæ. Культурæйы министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй куы бахъæуа, уæд та ирон аивады дæснытæ ногæй цæттæ сты хæрзаудæн концерт радтынмæ Ирыстоны культурæйы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй.

 

ХЪАЗАХЪХЪАГ

ТРАДИЦИТÆ – ЦАРДЫ

Рæхджы хъазахъхъаг кълæстæ байгом уыдзысты Мæздæджы районы станицæтæ Терскаяйы, Павлодольская æмæ Луковскаяйы станицæты, стæй Беслæны скъолатæй иуы. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны нациты ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан.

“Республикæйы разамынд æмæ нæ министрады размæ лæууы ахсджиаг нысан: хъазахъхъæгты удварнон – культурон бынтæ бахъахъхъæнын, рæзгæ фæлтæры хъазахъхъаг традицитыл æфтауын. Зæгъæм, ныртæккæ ахæм кълас æнтыстджынæй кусы Æрхонкæйы станицæйы 1-æм астæуккаг скъолайы. Уырдæм тырнынц алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, цымыдисаг сын сты хъазахъхъаг культурæйы бындуртæ. Уыцы фæлтæрддзинадæй нæ дарддæры архайды пайда кæндзыстæм”, – загъта министр.

Куыд зонæм, афтæмæй уæлдæр амынд станицæты бындурон цæрджытæ сты хъазахъхъ. Уыдон цæсты гагуыйау æнусты дæргъы хъахъхъæнынц сæ традицитæ. Уыдон рæзгæ фæлтæрæн амоныны тыххæй сæрмагонд кълæстæ бакæныныл зæрдиагæй сæмбæлдысты хъазахъхъ. Скъоладзаутæ сæйраг предметты уæлдай ахуыр кæндзысты хъа-захъхъты истори, æгъдæуттæ æмæ хæстон традицитæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.