ЧИ АЦÆУДЗÆН ОЛИМПИАДÆМÆ?

Цæгат Ирыстоны спорты министрад бахыгъта кæронбæттæны хатдзæгтæ æмæ сбæрæг кодта, ацы аз Ирыстонæй Олимпиадæмæ чи ацæудзæн, уыдоны номхыгъд. Фæлæ, хъыгагæн, иннæ азтæм абаргæйæ сæ нымæцæй зæрдæ нæ рухс кæны. Æрмæстдæр дзы æхсæз адæймаджы хъахъхъæндзысты Ирыстон æмæ Уæрæсейы кад. Уыдонæй æртæйæ уæззау атлетикæйы – Æлбегаты Руслан, Наниты Тимур æмæ Тъуриты Тимæ. Санаты Аидæ йæ хъару æв-дисдзæн рапирæйæ, Андрей Митин – бæхты спортæй.

Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты кад фылдæр хъахъхъæдтой ирон лæппутæ. Нæ нымæцмæ гæсгæ, Олимпаг чемпионтæ махæй фылдæр никæмæ ис, æрвылхатт-иу махæй Олимпиадæмæ ацыд цалдæргай богалтæ, фæлæ ацы спорты хуыз цæмæ фæцудыдта, уый бæрæг нæу. Олимпиадæмæ ацы аз ацæудзæн æрмæстдæр Рæмонты Сослан, иннæ кандидаттæ Гуæцæлты Хадзы-Мурат æмæ Цæболты Хетæгæн хæрзчысыл не сфаг уырдæм бахауынæн.

Уымæй æвзæрдæр та грекъаг-ромаг хъæбысхæсты уавæр у. Иурæстæджы спорты ацы хуыз цасдæр рæстæг рохуаты баззад, фæлæ йæ нæуæдзæм азты сног кодтой. Фæзынд дзы Олимпаг чемпионтæ Бæройты Хасан æмæ Хуыгаты Алан, уыдонимæ Уæрæсейы æмæ дунейы бирæ чемпионтæ, фæлæ та йæ раздæры уагмæ æрхауд. Иунæг богал дæр дзы Олимпиадæмæ ацæуыны аккаг не сси ацы аз. Йæ хъысмæт бæллиццаг нæу дзюдойæн дæр. Уый дæр Тменаты Тамерланы ацыдæй бамынæг, тренировкæ чи кæны, ахæмтæ кæд ис, уæддæр. Афтæ ма Ирыстонæй ничи ацæудзæн спорты боксы хуызæй дæр. Уæвгæ нæм боксæй нырмæ дæр олимпаг чемпионтæ никуы уыд.

Нæ республикæйы спорты министр Бæройты Хасан куыд банысан кодта, афтæмæй, Олимпиадæмæ кæй æрвитынц, уыдонæй ныфс æвæры се ‘ппæтæй дæр. “Уыдон рахызтысты бирæ цæлхдурты сæрты. Фæуæлахиз сты алыхуызон турнирты, Уæрæсейы, Европæйы æмæ дунейы чемпионатты. Хорз æмбарынц, цы стыр бæрнондзинад æвæрд сыл ис, уый æмæ цæттæ сты Олимпиадæйы сæ хъарутæ бавзарынмæ”, – загъта Бæройы фырт.

 

ССАРДТОЙ СЫН КУЫСТЫ БЫНÆТТÆ

Нæ республикæйы æфсæддон ведомствойы минæвæрттæ æмæ Адæмæн куыст дæттыны центр цы иумæйаг проект скодтой, уый фæлгæтты æрæджы фембæлдысты æгуыст фæсивæдимæ. Проекты нысан у, центры хыгъды цы лæппутæ ис, уыдонæй контрактон уагæй службæ кæнын кæй фæнды, уыдонæн баххуыс кæнын. Афицертæ лæппутæн радзырдтой контрактон службæйы домæнты тыххæй. Уыдон сты: Цы дæсныйад дæм ис, уый тыххæй документ, æнæниз кæй дæ, уый тыххæй дохтыртæй гæххæтт, физикон цæттæдзинад æмæ барадхъахъхъæнæг органтæй гæххæтт, тæрхон дын кæй никуы уыд, уый тыххæй. Ведомствойы разамонджытæ уал фыццаг рады бавдыстой дыууадæс вакансийы: шофыртæ, электриктæ æмæ механиктæ. Мызд 30 мин сомæй уæлæмæ. Хайджын уыдзысты æппæт льготæтæй дæр. Уыимæ ма афицертæ фехъусын кодтой, æфсады чи баслужбæ кодта, æмæ уæлдæр ахуырад кæмæ ис, уыдонæн службæйы къæпхæнтыл схизыны фадат афицеры онг. Службæ кæндзысты канд Уæрæсейы регионты нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Æфсæддон суæвын кæй бафæндыд, ахæмтæ разынд цалдæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы æгуыст адæмы нымæцыл æфты алы бон. Ацы азы райдайæнæй сæ нымæц схызт 700 адæймагмæ. 2015 азы уыцы бæрæггæнæн уыд 1150 адæймаджы. Ныртæккæ сæ куыстæй арвитынæй тас кæмæн у, уыдон сты 2000 бæрц. Уæрæсейы фæллой æмæ социалон рæзты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон бахауд, æгуыст адæмы нымæц фылдæр кæм у, уыцы регионты хыгъдмæ.

Адæмæн куыст дæттыны центры специалист Гæбæлаты Маринæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй æфсæддон ведомство фæсивæдæн контрактон службæйы тыххæй цы уынаффæ рахаста, уый стыр ахъаз фæуыдзæн æгуыст адæмы нымæц фæкъаддæр кæнынæн.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.