РÆСТДЗИНАДЫ  ОХЫЛ

Ныгуылæйнаг паддзахадтæ Уæрæсейы ныхмæ цы хæцæнгарзæй тох кæнынц, уыдонæй иу у спортсменты азымджын кæнын допингæй. Уый æфсонæй бирæ курдиатджын спортсментæ фæхаудтой олимпиадæ æмæ æндæр стыр ерысты архайынæй. Раздæры уæлахиздзаутæй дæр бирæтæн исынц сæ титултæ. Дунеон олимпаг комитет хъæбысæйхæцджытæ Бæройты Хасан, Таймæзты Артур, Тыджыты Сослан æмæ штангæисæг Цæрукъаты Светланæйы фæцух кодтой олимпаг майдантæй, цыма кæддæр ерысты рæстæг допингы æххуысæй архайдтой, ахæм хуызы. Уыцы æнæрастдзинад абоны онг дæр нæ бамынæг.

Спортсменты фарс рахæцыны нысанæн ныр дыккаг хатт дзыллон акци сентябры райдайæнмæ цæттæ кæнынц Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Фыццаг хатт ахæм акци арæзт æрцыд майы мæйы.

Адæмты кæрæдзимæ æввахс кæныны, бæстæты æхсæн дзырддаг æууæлтæ аиуварс кæныны æвдисæны хуызы акцийы архайджытæ сараздзысты “удæгас” олимпаг тæлытæ. Акцийы ма архайдзысты спортсментæ æмæ спортуарзджытæ. Допингæй спайда кæнынæй фæазымджын кæныны фæстæ, хæрзиуджытæй ноджыдæр ма кæй спортсменты фæип-пæрд кодтой, иннæ уыцы регионтæ дæр акцийы кæй архайдзысты, организатортæ ууыл сæ зæрдæ дарынц.

Хъыгагæн, спортæй сарæзтой политикон хæцæнгарз, адæмты æмæ бæстæты цауд фæлгонц æвдисæг ахъазгæнæг геополитикон æлхъывдады фæрæз. Ахæм æнæуаг национ структурæ æппæт дунейы спортивон æхсæнадыл æлдариуæг кæны. Бæлвырд азым кæмæ нæ бавдыстой, бирæ ахæм спортсменты дзæгъæлы бафхæрдтой. ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм ницæйаг политикæйы аххосæй иунæг спортсменæн дæр йæ æнтыстдзинæдты ахадындзинад нæ фæкъаддæр уыдзæн.

Огъуайы фырт ма фæсидт дзыллон мыхуыры фæрæзтæм акцийы архайынмæ, цæмæй сæ домæнтæ сæмбæлой Дунеон олимпаг комитетыл.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.