АДÆМЫ   УДÆНЦОЙÆН

Цæгат Ирыстоны разамынды зæрды ис республикæйы алыварс арæнтыл чысыл фысымуæттæ аразыны программæ сæххæст кæнын. Æрæджы хицауады æмбырды Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй арæнмæ æввахс районты территоритæй хæдзардзинæй нæ пайда кæнæм. Уымæ гæсгæ хъæуы ацы районты лæггæдты къабазы куыстуæтты рæзты программæ сæххæст кæнын.

Цæгат Ирыстоны географион уавæр банымайæн ис йæ ахсджиаг экономикон хорздзинæдтæй иуыл. Нæ республикæйы территорийыл бирæ транспорт цæуы Сомихмæ, Туркмæ, Иранмæ, Гуырдзыстонмæ, стæй хæстæг республикæтæм. Хатт бæлццæттæ, уæлдайдæр товарласæг уæзласæн машинæты шофыртæ,  алы аххосæгтæм гæсгæ цалдæргай бонтæ баззайынц фæндæгтыл. Зæгъæм, Уæллаг Ларсы таможнæйы стыр радты адæм цы зындзинæдтæ æвзарынц, уый алчи дæр зоны. Афтæмæй арæнтыл нæй баулæфынæн уавæртæ. Уымæ гæсгæ, ацы азы райдианы республикæйы разамынд цы рæзты программæ сарæзта, уырдæм бахастой арæнтыл чысыл фысымуаттæ саразын. Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, ахæм фысымуаттæ стыр удæнцой уыдзысты бæлцæттæн, бюджетмæ та æрбахаудзæн хорз æфтиаг.

 

ÆДАСДЗИНАДЫ  НОГ  МАДЗÆЛТТÆ

Ныр цалдæр азы республикæйы фæндæгтыл æвæрд ис видеокамерæтæ. Æвæрд та, сæйраджыдæр, æрцыдысты нозтджын æгъдаухалæг шофырты тых-хæй. Фæндагыл цæуыны фæтк чи халы, уыдон арæх бахауынц видеофысты. Машинæйы номыртæм гæсгæ йын ссарынц йæ хицауы, афтæмæй сæ фæивар кæнынц.

Фæлæ уæддæр зæрдæзæгъгæ нæ уыд уавæр, фæндæгтыл цæуыны фæтк нæ хуыздæр кодта, къуыхцытимæ куыстой камерæтæ дæр. Ныр уавæр аивта. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырдæй Дзæуджыхъæуы уынгты æвæрд æрцыдысты нырыккон техникæйæ ифтонг, стыр размæцыд го-рæтты кæмæй пайда кæнынц, ахæм комплексон видеокамерæтæ. Системæмæ хауынц бирæнымæц камерæтæ. Уыдонæн сæ бон у дардыл “фæлгæсын”, ин-формаци райсын, радтын, ныхас фыссын, адæймаджы архайд æмæ цæсгом бæлвырд равдисын.

Камерæтæ æвæрд æрцыдысты, адæм бирæ кæмыты змæлынц, ахæм рæтты: базартæм бацæуæнты, фæзты, улæфæн бынæтты, паркты, горæтмæ ацæуæнты æмæ æрбацæуæнты, сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ иу дзæвгар хай та уынгтыл. Видеосистемæйы æмгуыст кæндзысты Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ. Куы бахъæуы, уæд видеофыст сбæрæг кæныны бар уыдзæн æрмæстдæр барадхъахъхъæнæг органтæн.

Видеофыстмæ бахауынæй тæрсгæйæ, фыдракæндтæ дзæвгар кæй фæкъад-дæр æмæ адæмы æдасдзинады уавæртæ та кæй фæхуыздæр  уыдзысты, уый уырны республикæйы разамынды. Камерæтæ сæвæрыны фæстæ горæты администраци фæнд кæны ног программæ скæнын, кæцымæ хаст æрцæудзысты æндæр ног мадзæлттæ æхсæнадон фæтк сфидар кæныны æмæ æгъдаухæлдтытæ аиуварс кæныны фæдыл.

Видеоцæстдарды системæ уал æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы. Дарддæр уыцы куыст цæудзæн республикæйы иннæ рæтты.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.