БИТАРТЫ  ВЯЧЕСЛАВ – ÆХСÆЗÆМ  БЫНАТЫ 

  Уæрæсейы экспертон-аналитикон центр ныммыхуыр кодта октябры мæйы бæрæггæнæнтæ регионты сæргълæуджыты тых­хæй. Нымад цыдысты мыхуыры æмæ социалон хызæгты  адæмы хъуыдытæ, комментаритæ.  86 регионы сæргълæуджыты тыххæй  цы комментаритæ уыд,  уыдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хуыздæрты ‘хсæн æхсæзæм бынат æрхаудта нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ. Уымæн цы 5000 комментари уыд, уыдоны фылдæр хай уыдысты позитивон. Бафиппайын  хъæуы уый, æмæ Цæгат Кавказы регионты ‘хсæн уый у иууыл хуыздæр бæрæггæнæн.

РЫНЧЫНТÆН  –  ЛÆВАР  ХОСТÆ

Ацы бонты Уæрæсейы Хицауад вирусæй рынчынтæн лæвар хостæ дæттыны тыххæй бæс­тæйы регионтæн цы фондз миллиард сомы рахицæн кодта, уыдонæй 25 милуан сомы райста Цæгат Ирыстон дæр.

   Лæвар хосты комплекттæ исдзысты, рог хуызы рынчын чи у æмæ хæдзары йæхи чи дзæбæх кæны, уыцы рынчынтæ. Зилгæ дæр сæм дохтыртæ кæндзысты сæ хæдзæртты. Уыдонæн сæ номхыгъд ис Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады æмæ уымæ гæсгæ дихгонд цæуынц. Хостæ лæвæрд цæуынц афтектæй дохтырты рецептмæ гæсгæ. Уæззаудæр рынчынты та æнæмæнг дзæбæх кæндзысты рынчындæтты.

   Рынчынтæ тынг бирæ кæй систы æмæ бынæттæ кæй нæ уал фаг кæны, уый тыххæй сæрмагонд бæстыхай рахицæн кодтой цармы низты рынчындоны. 160 адæймаджы кæм бацæуа, ахæм бынат сцæттæ уыдзæн цалдæр бонмæ. Алы сынтæджы фарсмæ дæр æвæрд цæуы туаггуыр.  Чи дзы уыд, уыцы медперсонал æмæ рынчынтæ та æрвыст æрцæу-дзысты Дыгуры районы рынчындонмæ.

   Роспотребнадзор, транспорты министрад æмæ Фæндæгты змæлды паддзахадон инспекци та æдзух кæнынц рейдтæ. Бæрæг кæнынц, транспортыл санитарон мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Уый тыххæй бæрндзинад хæссы шофыр. Фыццаг фæткхалды тыххæй бафæдзæхсынц æмæ суагъæ скæнынц, дыккаг хатт – административон æфхæрд, æртыкаг хатт – шофыры бартæ байсынц.

   Рынчынты нымæц тагъд кæй рæзы æмæ дохтыртæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй студентты уæлдай рынчындæттæм фæхуыдтой, рагæй чи нæ уал кусы, пенсийы чи ис, уыцы дохтырты. Уыдон кусынц поликлиникæты дæр æмæ рынчындæтты дæр. Стыр ахадгæ æххуыс фесты дохтыртæн низы ныхмæ тохы.

   Æнæниздзинад хъахъхъæнынады бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы нырмæ фæрынчын 8000 æввахс адæймаджы, уыдонæй сдзæбæх – 6 780, амард – 73 адæймаджы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.