НОГ  ПРОЕКТТÆ  – ЦАРДЫ

Цæгат Ирыстоны Парламенты парти «Иугонд Уæрæсейы» депутаттæ цы цалдæр закъоны проекты бацæттæ кодтой, уыдоны сæйрагдæртæй иу у бюджеты къабазы кусджыты бартæ бахъахъхъæнын. Проект куыд амоны, афтæмæй дохтыртæ, ахуыргæнджытæ æмæ культурæйы кусджытæн сæ мызды бындурон бæрцыл хъуамæ бафта 70 проценты онг, уыимæ хъуамæ арæхдæр исой компенсацитæ æмæ разæнгардгæнæн (стимулирующий) хай.

Партийы активистты зæрды ма ис уæлдæр ранымад къабазты кусджыты мызд чиновникты мызды æмвæзадмæ фæхæстæгдæр кæнын.

Ног проектмæ гæсгæ ма республикæйы скъолаты, кълæсты разамонджытæ 1 сентябрæй фæстæмæ федералон бюджетæй исдзысты фæйнæ фондз мин сомы уæлæмхасæн мызд. Уыдонмæ ма æфтыд цæудзæн 2 мины бынæттон бюджетæй. Уыдон махмæ сты 3900 ахуыргæнæджы. Уый тыххæй бадзырд бафыстой республикæйы разамынад æмæ ахуырады федералон министрад. Уыцы хæрдзтæн лæвæрд æрцæудзæн 710 милуан сомы.

«Хорз зонæм иууылдæр, къласы разамонæгыл цавæр бæрнон хæстæ æвæрд ис, алы сывæллоныл дæр бæстон дзуапп кæй дæтты, уый. Æнцон нæу æнæхъæн бон 20 – 30 сывæллонмæ цæст дарын, сæ рæдыдтытæ æмæ сын сæ уаг иртасын. Ацы куысты ма ахуыргæнæгæй уæлдай хъуамæ уай пси-холог дæр. Уымæ гæсгæ, ног проект у хорз æххуыс ацы категорийы ахуыргæнджытæн». – загъта РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ зонады министр Людмила Башарина.

  КУРДИАТДЖЫН СЫВÆЛЛÆТТÆН  ÆХХУЫСÆН

Программæ «Талант и успех»-ы фæлгæтты рæхджы республикæйы райдайдзæн, сывæллæтты курдиат æмæ арæхстдзинад кæм иртасдзысты, кæм сын æххуыс кæндзысты, ахæм Интеллектуалон центры арæзтад. Ахæм нырмæ Ирыстоны нæма уыд. Уыдзæн дзы 50 бынаты 5 – 11 кълæсты ахуырдзаутæн. Йæ формат здæхт уыдзæн «Культурæ», «Наукæ» æмæ «Спорт»-ы къабазмæ. Цы курдиæттæ-иу дзы раиртасой, уыдон цæттæ кæндзысты дарддæр, стæй æрвыст цæудзысты федералон æмвæзадыл алы конкурстæм, ерыс-тæм, æркастытæм…

Ацы проект ныртæккæ бæрæг кæны паддзахадон экспертизæ. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бафæдзæхста экспертизæйы фæстæ æппæт документаци дæр цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кæнын, цæмæй арæзтад рæхджы райдайа.

Центры кусынмæ бацæттæ кæндзысты ахуыргæнджытæ дæр. Уыдон хъуамæ каст фæуой сæрмагонд курсытæ.

                                                                                         Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.