ÆХСÆНАДОН  ХÆРЗИУÆГ ССАРДЗÆН  ЙÆ ХЪАЙТАР

Рæхджы йæ тыхы бацæудзæн ног закъон æхсæнадон хæрзиуæг “Адæмы хорзæх” официалон æгъдауæй сфидар кæныны тыххæй. Орден “Адæмы хорзæх” уыдзæн Ирыстоны æхсæнады иууыл уæлдæр хæрзиуæг, кæцыйæ хорзæхджын цæудзысты, царды алы къабазы рæзтмæ дæр стыр æвæрæн чи бахас-та æмæ хæссы, ахæмтæ.

Ног хæрзиуæг скæнын уыд Дунеон æхсæнадон змæлд “Иры Стыр Ныхас”-ы Мæздæджы районы хайады сæрдар Гуцаты Фридоны хъæппæрис. Уый йæ фæндон бахаста Стыр Ныхасы сæйраг советмæ æмæ йæ уыдон банымадтой хорзыл. Лæвæрд дæр цæудзæн Стыр Ныхасы номыл. Æвзистæй арæзт хæрзиуæгæн эскиз дæр скодта Фридон йæхæдæг. Орденæн ис фарасттигъон стъалыйы формæ астæуы тымбылæгимæ. Нысан кæны æртæ æртæдзыхон чъирийы æмæ хур. Йæ уæллаг кæрон фыст – “Иры Стыр Ныхас”,  йæ бинаг кæрон – “Адæмы хорзæх”, йæ астæу – алайнаг хæстоны ныв бæхыл. Орденæн йæ иннæ фарс – лавры сыфты рæсугъд быд. Уый та у намысы символ. Дарын æй хъæудзæн риуы галиу фарсыл, кæд ма дзы паддзахадон хæрзиуджытæ дæр уа, уæд уыдоны бынмæ.

Ног хæрзиуæг “Адæмы хорзæх” дих кæны авд номинацийыл: бизнес æмæ экономикæ, паддзахадон разамынд æмæ æхсæнадон архайд, культурæ æмæ аивад,  ахуырад,  Фыдыбæстæйы хъахъ-хъæнджытæ,  æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ спорты къабаз. Алы номинацийы дæр ис 3-7 кандидатурæйы. Бавдыстой сæ районты Ныхæсты хайадтæ æмæ мыггæгты минæвæрттæ. Уыдоныл уал схъæлæс кодтой “Иры Стыр Ныхас”-ы ног комитет йæ фыццаг æмбырды. Комитет арæзт æрцыд сæрмагондæй ацы хæрзиуæг дæттыны тыххæй. Дарддæр хъæлæс кæндзысты адæм Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, уыимæ интернеты сæрмагонд сайты дæр æмæ фылдæр хъæлæстæ чи райса, уыдон суыдзысты орден “Адæмы хорзæх”-ы кавалертæ. Алы номинацийы дæр – иу адæймаг.  Афтæ уыдзæн æрвылаз иу хатт. Ног æхсæ-надон хæрзиуæджы алы хъуыддагæн дæр дзуапп дæтты “Иры Стыр Ныхас”-ы разамынд.

“Ацы орденмæ паддзахадон хæрзиуæджы цæстæй кæсын нæ хъæуы, уый у нæхи сæрмагонд, æхсæнадон, нырмæ нæм чи нæ уыд, ахæм. Ирыстоны йæ равзæрдæй абонмæ бирæ зынгæ лæгтæ уыд, ацы хæрзиуæджы аккаг чи уыд, фæлæ ивгъуыдмæ нал аздæхдзыстæм. Æгæр бирæ цæуынц уæд æмæ сæгад уыдзæн. Абон Ирыстонæн кад æмæ ном чи кæны дунейы алы къуымты, æх-сæнадон цардмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыдонæй æвзардзыстæм кандидаттæ æрвылаз дæр. Нæ хуыздæр адæмæн аргъ кæнын хъуамæ зонæм æмæ адæмы хор-зæхæй хайджын уой”, – загъта “Иры Стыр Ныхас”-ы сæрдар Кучиты Руслан.

Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.