ЦÆУЫЛ САФÆМ КÆРÆДЗИ!?

Æрæджы республикæйыл айхъуыст уæззау хабар: Нартыхъæуы администрацийы сæрдар Колыты Алыксандр йæ бинойнаг Абайты Майæимæ фæндагон фыдбылызы фæмард сты. Æрыгон къайæн сæ чысыл дыууæ хъæбулы кæйдæр аххосæй сидзæрæй баззадысты, хъæуы та йæ бирæ кæнинæгтæ æрдæг арæзтæй. Æвæццæгæн, Нартыхъæуы ссæдз азмæ уыййас арæзт ницы ‘рцыд, уый дзы дыууæ азмæ цас сарæзта. Ныртæккæ дæр, Алыксандр бирæ хъару кæуыл бахардз кодта, бирæ лæгъзтæтимæ хицауадмæ кæй тыххæй фæцыд, уыцы культурæйы хæдзар æрдæг арæзтæй баззад.

Цымæ цард афтæ уæлæнгай цæмæн ссис? Адæймагæн цард ды нæ радтай æмæ йын æй цæмæ исыс? Дæ хæдзарæй дзæбæхæй рахиз æмæ дæ исчи йæ гуыбыны тыххæй фесафæд. Уый ма уыцы бинонты тæригъæдæй куыд хъуамæ цæра дарддæр. Уыцы аварийы хæдфæстæ бон та рог хæдтулгæ бацавта бæлцæттæласæн маршрутон таксийы, уый йæ фарсыл фæфæлдæхт. Бæлцæттæ уæззау цæфтæй бахаудтой рынчындонмæ. Уымæй дыууæ боны фæстæдæр транскаммæ фæндагыл аварийы фæмард сылгоймаг. Октябры мæйы райдайæны дæс бонмæ æрцыд… æхсæз аварийы. Уыдоны фæмард æртæ адæймаджы, дыууæйæ сты реанимацийы, æртæйæ – рынчындæтты. Цы ныл æрцыд, хорз адæм, кæрæдзи цæуыл цæгъдæм!? Нозтджын æмæ хуыс-сæгцухæй машинæйы руль дæ къухмæ куыд исыс, стæй кæдæм тæхыс?

 Уæдæ республикæйы Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинадæн паддзахадон авто инспекци цынæ мадзæлттæ аразы ахæмтæн сæ рохтыл æрхæцыны тыххæй, ивар сæ кæнынц, сæ шофыры бартæ сын исынц, алы ран камерæтæ сæвæрдтой. Æдзух арæзт цæуынц профилактикон мадзæлттæ “Внимание, пешеход!”, “Сон за рулем”, “Встречная полоса”, “Нетрезвый водитель” æмæ æндæртæ, фæлæ уæддæр æбæрнон æмæ æдзæсгом шофырты ницы уромы.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы азы фыццаг æмбисы фæндагон змæлды фæтк фехалыны тыххæй граждантæ ивар бафыстой 55 милуан сомы, арæзт æрцыд 99 мин суагъæйы.

Уæдæ уыцы фæтк фехалыны цаутæ азы дыккаг æмбисы дæр къаддæр нæ уыдзысты. Мæнмæ гæсгæ, иунæг официалон мадзал дæр ницы сахаддзæн, адæм кæрæдзийæ куынæ æфсæрмы кæной, бæрндзинад куынæ æнкъарой, уæд. Алчидæр хъуамæ райдайа йæхицæй. Æмæ ма ноджы: нæ фæкъаддæр уыдзысты фæндагон фыдбылызтæ, цалынмæ автоскъолаты æнæ фæлварæнтæй машинæ скъæрыны бартæ æхцайыл парахатæй уарой æмæ инспекцийы кусджытæ сæ хæлæртты æмæ хиуæтты фæндæгтыл цæуыны аиппытæ æмбæхсой, уæдмæ. Стыр хъыгагæн.

 “ХЪРИХЪУППЫТÆН”  –  НОГ  СТАТУС

   Чи нæ зоны Алагирмæ фæндагыл Дзуарыхъæумæ фæзилæны Гæздæнты авд зынгуыст æфсымæры номыл мемориалон комплекс. Авд æфсымæр-хърихъуппы æнустæм стахтысты арвы тыгъдадмæ, сæ хъыггæнæг мад та сæркъулæй лæууы дуры фарсмæ.

Ацы истори чи зоны, уый æнæзæрдæрыстæй нæ ахиздзæн цырты рæзты. Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ дæ авд фырты арвит æмæ дын дзы иу дæр мауал æрыздæхæд. Уый дунейыл чи нæ цæуы, ахæм трагеди у. Куыд зæгъынц, афтæмæй лæппуты мад Тасо, æртыккаг сау гæххæтты фæстæ, зæрдæскъуыд фæцис, фыд та фæстаг, æвдæм сау гæххæт куы райста, уæд.

Хъæбатыр æфсымæрты номыл 1973 азы арæзт æрцыд цыртдзæвæн “Хърихъуппытæ”. Амæ гæсгæ йæ зындгонд æмдзæвгæ ныффыста Расул Гамзатов дæр, “Журавли”, зæгъгæ, кæцы ссис дунейыл зындгонд зарæг.

Бынæттон хицауад æмæ хъæуы цæрджытæ кæд ацы историон комплекс кæддæриддæр æмбæлгæ уагыл дардтой, уæддæр ын нырмæ сæрмагонд статус нæма уыд. Закъонмæ гæсгæ, цавæрфæнды цыртдзæвæнæн дæр ницавæр статус раттæн ис, йæ сарæзтыл 40 азы куынæ рацæуа, уæд, уымæ гæсгæ йын нæй реставраци кæнæн дæр.

Æрæджы республикæйы Культурон бынты хъахъхъæныны комитеты æхсæнадон совет се ‘мбырды рæстæджы рахастой æмбæлгæ уынаффæ, цыртдзæвæн официалон æгъдауæй культурон бынтæм бахæссыны тыххæй. Уый фæдыл раздæр бар райстой Уæрæсейы Культурæйы министрадæй. Амынд комитеты сæрдары хæдивæг Чехойты Людмилæ куыд загъта, афтæмæй ныр историон-культурон экспертизæ скæныны фæстæ бæрæг уыдзæн цавæр реставрацион куыстытæ скæнæн дзы ис, уый. Æппæт адæттæ арæзт цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 75 азы бонмæ.

 Ирыстон кæддæриддæр хъæздыг уыд историон, культурон, архитектурон цыртдзæвæнтæй, ныр ма сыл иу бафтыд. Уый æхсызгон хъуыддаг у.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.