Ирон адæмыл ивгъуыд æнусы райдианы цы стырдæр цаутæ æрцыд æмæ сын зæрдылдаринагдæр чи ссис, уыдонæй сæ иу уыд мадæлон æвзагыл фыццаг газеты фæзынд. Мæгуыр, æфхæрд æмæ талынг уæвгæйæ, уыдонæн газеты фæзынд уыдис, рухс цардмæ сæ чи хуыд-та, ахуырдзинады, зонды фæндагыл сæ чи лæууын кодта, ахæм хуры фæзындау.

Газет мыхуыр æрцыд Дзæу-джыхъæуы, З.Шуваловы типографы æмæ рухс федта 1906 азы 23 июлы. Кæд йæ тираж 500 экземпляры йедтæмæ нæ уыдис, уæддæр йæхицæн фæндæгтæ айгæрста Ирыстоны бирæ къуымтæм æмæ батавта, барæвдыдта мингай ирон адæймæгты зæрдæты. Цыдис къухæй-къухмæ æмæ кæсын чи зыдта, уыдон æй кастысты – цы æрмæджытæ дзы мыхуыр уыд, уыдонимæ зонгæ кодтой æндæрты дæр. Мадæлон æвзагыл кæй рацыд, йæ ном дæр фырбуцæн, сæрыстырæй «Ирон газет» уымæн схуыдтой, йæ рауадзыныл чи куыста, уыдон. Уыцы адæймæгтæ та уыдысты, сæ адæмы хъысмæтыл, йæ фидæныл сæ зæрдæ кæмæн рыст, ахæм фарны лæгтæ. Номхуындæй та – Гæздæнты Дзыбын, Æмбалты Цоцко, Кочысаты Сабан, Гæдиаты Цомахъ, Хъаныхъуаты Алмæхсидт, Бутаты Аслæнбег æмæ Уыртаты Хъамболат. Уæдмæ уыдонæй иутæн бантыст Ирыстоны раззагдæр интеллигенцийы рæнхъытæм рахизын, иннæтæ та сæ царды райдиан фæндагыл лæуд уыдысты. Се ‘хсæн уыдис дохтыр, ахуыргæнæг, агроном, ирон «Райдиан чиныг» аразæг, студент-юрист, студент-медик, студент-филолог. Æндæр æмæ æндæн дæсныйæдты адæймæгтæ дæр уыдысты, уымæ гæсгæ газеты мыхуыргонд æрмæджытæ дæр уыдысты алыгъуызон темæтыл фыст æмæ сæхимæ здæхтой газеткæсджыты.

Ам ма зæгъын æмбæлы уый тыххæй æмæ ацы зынгæ цауы агъоммæ, бæрцæй цыппар мæ-йы размæ Ирыстон, стæй æрмæст Ирыстон нæ, æгас Кавказ дæр кæй бавзæрстой фыдохы бонтæ. Йе ‘нæрынцой, тохгæнæг зæрдæ йæ кусынæй банцад ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг, генион поэт Хетæгкаты Къостайæн. Æмæ кæд Къоста йæ къухмæ нал райста «Ирон газет», уæддæр йæ фæзынд æнгом баст у поэты номимæ.  Къостайæн йæ цыбыр царды бантыст дуджы æмæ йæ адæмы раз дæр йæ историон хæс бафидын. Дуг домдта, цæмæй ирон адæмæн дæр уыдаид бакуыстгонд литературон æвзаг æмæ дзы пайда кодтаиккой, кастаиккой йыл аивадон уацмыстæ. Къоста бакуыста ирон аив дзырдыл æмæ йыл сфæлдыста йæ æнæмæлгæ уацмыстæ. «Ирон фяндыры» фæзынд нæ адæмæн ссис ирон чиныджы сты бæрæг-бон. Фæлæ дарддæр хъуыды кæнын хъуыд, ирон аив, мыхуырон дзырд адæммæ куыд хæццæ кæна, ууыл. Æрмæст чиныг фаг нæ уыд. Уымæн та иууыл хуыздæр амал уыд мадæлон æвзагыл газет уадзын. Æмæ генион поэтæн йæ мæлæты хæдфæстæ скъуыддзаг æрцыдис ацы фарст. Зын зæгъæн у, зæгъгæ, нæ уыд Къоста, уæд уыдаид «Ирон газет», уый. Фæлæ нæ адæмы амондæн уыд Къоста æмæ æн-цондæрæй райгуырд «Ирон газет» дæр.

Йæ фыццаг номыры райдианы уый хъусын кæны: «Цæуын байдыдта «Ирон газет» Дзæуджыхъæуы ирон æвзагыл». Зын банкъарæн нæу, æнусæй фылдæр размæ йæ редактор Бутаты Аслæнбег ацы ныхæстæ цахæм зæрдæйы равгимæ, цахæм уæлтæмæн  æнкъарæнтимæ фыстаид, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, Аслæнбег æмæ газеты иннæ кусджытæ дæр хорз æмбæрстой, ацы ныхæстæ фыццаг ирон газеты фыццаг фарсыл мыхуырæй куыд баззайдзысты, афтæ мыхуырæй кæй баззайдзысты сæ раттæг адæмы зæрдæты дæр. Афтæ кæй уыдаид, уымæн æвдисæн – абон дæр ацы фарны бон нæ зæрдыл дарæм æмæ йæ цытимæ мысæм. Газеты рацыды бон ма ныр къорд азы дæргъы Хуссар Ирыстоны нысан кæнæм куыд дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон, афтæ дæр.

Уæдæ «Ирон газет» уадзынмæ æрывналгæйæ, йæ кусджытæ сæ разы цы хæстæ æвæрдтой, цы сæ æндæвта тынгдæр æмæ йæ кæсджыты, адæмы размæ цы ахсджиаг хъуыддæгтæ рахæссинаг уыдысты? Уыдæтты газеты фыццаг номыры фыццаг фарсы райдианы йæ редактор, цыбыртæй, тезисты хуызы загъта. Ахсджиагдæр фарстыл уый банымадта, зæгъгæ, газет «æххуыс кæндзæн, йæ бон æмæ йæ рæстæг уæвгæйæ, Ирыстоны дзыллæйæн, цæмæй сæ астæу ахуырдзинад стыхджын уа, араздзæн сæ хорз зонды фæндагыл».

Афтæ ма йæ сæйрагдæр хæс-тыл нымадта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы цард æвдисын, йæ кæсджытæн Кавказ, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты цы хабæрттæ цæуы, уыдон хъусын кæнын.

«Æнцон хъуыддаг нæу, фæ-лæ уæддæр нæ рæстæг цас уа, уыйас ыл архайдзыстæм, уымæн æмæ зонæм, адæмæн царды хос кæй уыдзæн, уый… Кæдмæ хилдзыстæм сау талынджы…» – фыста йæ фыццаг номыры «Ирон газет».

Хæххон ирон адæмы ‘хсæн æнахуырдзинад скуынæг кæныны газеты тых стыр уыд. Цæмæй газет кæсай, уый тыххæй зонын хъæуы кæсынфыссын. Æмæ мæгуыр, æнахуыр адæмы ‘хсæнмæ бахаугæйæ, газет разæнгард кодта хохаг лæджы, цæмæй кæд йæхæдæг нæ, уæддæр йæ кæстæр базона газеты кæсын, бафтауа йæ ахуыры фæндагыл. Æмæ кæмæн йæ бон куыд уыд, афтæ сæ æфтыдтой ахуыры, царды рухс фæндагыл. Ныртæккæ дæр нæ царды газеты нысаниуæг стыр у, адæмæн у сæ иузæрдион æххуысгæнæг æмæ ахъаз кæны адæймаджы æппæтфарсон рæзтæн. Рæзын сын кæны сæ зондахаст æмæ уыимæ та сæ национ хиæмбарынад дæр.

Ацы хъуыддаджы фыццаг егъау къахдзæфтæ сарæзта «Ирон газет», кæд дзы бæрцæй фараст номыры йедтæмæ нæ рацыд, уæддæр.

Газеты фæрстыл куыд сæ авадон уацмыстæ, афтæ публицистон уацтæ дæр фыстой Гæдиаты Секъа, Цомахъ, Гулиты Ефим, Хъаныхъуаты Инал. Фыццаг номыры мыхуыр æрцыд Къостайы æмдзæвгæ «Ныббар мын», «Æхсины лæг» та ныммыхуыр æндæр номыры.

Газет, сæйраджыдæр, хабархæссæг кæй у, уымæ гæсгæ «Ирон газет» уадзджытæ кæс-джытæн ныфс æвæрдтой, кæй сæ зонгæ кæндзысты, куыд ма загътам, афтæмæй куыд Цæгат æмæ Хуссар Иры, Кавказ, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты царды хабæрттимæ. Æмæ сын кæд уацхæсджыты актив нæ уыд, сæхæдæг æмбырд кодтой æрмæджытæ, уæддæр номыртыл цæст ахæсгæйæ, зыны, сæ ныхас адæмы раз, сæ бон, цас уыд, сæ уавæртæ сæ куыд амыдтой, афтæ кæй æххæст кодтой.

Фæлæ газеты коллективæн, хъыгагæн, цы бирæ, стыр фæндтæ сæм уыдис, уыдон сæххæст кæнын нæ бантыст. Революцион-демократон мидисы æрмæджытæ-иу дзы кæй фæзынд, уымæ гæсгæ дзы рацыд, куыд ма загътам, афтæмæй фараст номыры. Уыцы номыртæ, æгæрыстæмæй, æрмæст йæ фыццаг номыр дæр фаг уыдис, цæмæй ирон периодикон мыхуыры историйы баззадаид, куыд æнусы дæргъы ирон æвзагыл цы бирæ газеттæ, журналтæ рацыд æмæ ныртæккæ дæр цæуы, уыдонæн сæ бындур, сæ сæрæвæрæн номыр, афтæ.

Цæрæццаг нæ разындысты, «Ирон газеты» фæстæ цы ног газеттæ æмæ журналтæ рацыдис кæрæдзийы фæстæ, уыдон дæр. Æрмæстдæр Октябры революцийы фæстæ фæзындысты Ирыстоны сæйрагдæр газеттæ («Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин») æмæ журналтæ («Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»). Уыдонæй дарддæр мадæлон æвзагыл цæуынц æндæр газеттæ æмæ журналтæ дæр.

Нæ республикæйы фæллойгæнджытæн ныр æнусы бæрц  лæггад кæны газет «Хурзæрин». Уæззау дуджы райдыдта цæуын нæ газет. Æнцон нæ уыд, цы фæндагыл рацыд, уый дæр, фæлæ кæддæриддæр уыд йæ адæмимæ, цард сæ цинтæ æмæ сæ хъыгтæй. Йæ фæрстыл сын æвдыста сæ цард æмæ йын йæ бирæ мин номыртыл цæст рахæсгæйæ, нæ цæстытыл ауайдзæн Хуссар Ирыстоны æнусон истори лæмбынæг фыстæй. Фæллойгæнджыты хæдзарадон æмæ культурон арæзтады хæстæ æххæст кæнынмæ кæй разæнгард кодта, уый тыххæй 1974 азы 7 февралы хорзæхджын æрцыд Кады орденæй.

«Хурзæрин»-æн йæ уæвынады дæргъы иууыл зындæр фæл-варæн систы 1989-92 азтæ, Ирыстоны æмæ уыимæ йæ адæм уой, æви ма уой, уый хæсты руаджы скъуыддзаг куы цыдис, уæд. Фæлæ уыцы уæззау фæлварæн сфæрæзтой адæм, сфæрæзта йæ газет дæр. Уыцы æндыгъд азты йæ цæуынæй никуы æрлæууыд. Афтæмæй газет абон дæр дарддæр кæны, «Ирон газет» кæддæр бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы кадджын традицитæ.

«Ирон газет»-ы райгуырæн боны – нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты профессоналон бæрæгбоны цытæн арфæ кæнæм нæ коллегæтæн иууылдæр æмæ сын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.