Дзидзагуыстгæнæн завод «Раст-дон» официалон æгъдауæй æрбай-гом ацы аз майы мæйы. Июлы мæйы завод рауагъта йæ продукцийы фыццаг парти «Нæртон»,- зæгъгæ, ахæм маркæимæ.

Проект сæххæст кæныныл бахардз 156 милуан сомы. Уыдонæй 30 милуан сомы рахицæн кодта зындгонд амалиуæггæнæг Уанеты Вадим. Завод иукъорд бынæттон цæрæджы сифтонг кодта куысты бынæттæй. Кусджытæ стажировкæ цыдысты «Евродон»-ы. Августы æмæ сентябры мæйты заводы куыст фæкъуылымпы. Фæлæ ныр завод «Растдон» рай-дыдта ифтонг кæнын цхинвайлаг дуканиты йæ продукцийæ», – зæгъы куыстуаты генералон директор Моргуаты Константин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ завод кусы æрмæстдæр йæ хъомысы фадæтты æмбисæй, уымæн æмæ хъæуы сахуыр кæнын фæлхасгæнджытæ зæрдиагдæрæй цы тахынæгты хуызтæ агурдзысты, уый.

«Абон уадзæм продукцийы 17 хуызы: хуыйы, стуры æмæ гогызы фыдæй. Уымæй дарддæр ма нæ продукци уадзгæйæ мах пайда кæнæм бынæттон фыдызгъæлæй. Заводмæ хæдзарон фос æрбаласынц бынæттон фермертæ. Райстам уал 30 стуры, фæлæ нæ бон у фылдæр исын дæр», – зæгъы Моргуаты Константин.

Завод уал нырма уадзы тахынæг «Нæртон»-ы бренды бын. Тагъд фæзындзæн ноджы иу бренд – «Цхинвалы дзидзайы комбинат». Ацы номимæ продукци ласт цæудзæн цæгатирыстойнаг базарадон объекттæм.

«Растдон»-ы продукци нырма ласт цæуы æрмæстдæр Цхинвалы авд магазинмæ. Уæйгæнджыты ныхæстæм гæсгæ уый магазины никуы афæстиат вæййы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.