Цхинвалы скъола-интернаты бæстыхаймæ бахизгæйæ адæймаг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн ахуырадон уагдоны къухдариуæгады аудгæ къухты фæд. Уагдонæн 2007 азæй фæстæмæ арæхстджынæй къухдариуæгад кæны Тедеты Роланд. Скъола-интернаты коллективыл ис уæлдай бæрнон хæс, уымæн æмæ ацы уагдоны ахуыр кæнынц бынтон сидзæр æмæ æрдæг сидзæр сывæллæттæ, афтæ ма  социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг бинонты æмæ инвалид сывæллæттæ. Æппæт коллектив дæр архайы ууыл, цæмæй сидзæр æмæ æххуысхъуаг сывæллæттæ сæхи мæгуыргъуызæй  ма æнкъарой, дарынц сæм фæлмæн æмæ хъарм ахаст. Абон ацы ахуырадон уагдоны ахуыр кæны 200 ахуыргæнинаджы.

Ныртæккæ кæд дуг уæззау у, адæмæн сæ кой сæ сæр у, уæддæр нæ царды бирæ ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц фæкæсынхъуаг адæммæ æмæ сын цæстуарзон æххуыс бакæнынц. Æрвылаз дæр скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн  баххуыс кæнынц зæрдæхæлар амалиуæггæнджытæ æмæ хицæн адæймæгтæ. 2020 азы фæззæджы амалиуæггæнæг,  компани «Южный сад»-ы филиалы директор Бекъойты Леуан скъола-интернатæн дыууæ хатты æрбаласта фæткъуытæ æмæ дзы райгондæй баззадысты. Цæстуарзон æххуыс сын кæнынц, скъола-интернат кæй ном хæссы уый, Куымæридтаты Кимайы хъæбулы хъæбултæ Ботаз æмæ Земæ. Куымæридтаты Ботаз дыууæ сидзæр сывæллоны æмцегадмæ райста æмæ-иу сын æрвы-лаз дæр 1-æм сентябрмæ балхæдта уæлæдарæс æмæ къахыдарæс скъоламæ бацæуы-нæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон, суанг ма сын мобилон телефонтæ дæр балæвар кодта. Ацы дыууæ сидзæрæй сæ иу – Лолоты Кристинæ каст фæцис скъола. Ацы аз дæр Куымæридтаты Ботаз карантины рæстæджы æрбацыд æмæ уагдонæн радта финансон фæрæзтæ, кæцытæй коррекцион кълæсты ахуырдзаутæн скъолайы къухдариуæгад балхæдта диван, принтер, фæлмæн бандæттæ æмæ гауыз.

Афтæ ма сæм Ног азы размæ æрбацыд Мидхъуыддæгты министрады минæвар Дзабиты Æхсар æмæ скъола-интернатæн министрады номæй балæвар кодта æхцайы фæрæзтæ æмæ дыргътæ. Ног азы размæ ма сæм фæуазæг сты уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ дæр æмæ уыцы рæстæджы бынаты цы 60 ахуырдзауы уыдысты, уыдонæн бакодтой ногазон лæвæрттæ. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ ма скъоламæ фæуазæг вæййынц концертон программæимæ æмæ сывæллæтты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынц. Фæхонынц сæ сæхимæ дæр æмæ сæ суазæг кæнынц, балæггад сын кæнынц.

Ногазон хæрзаудæн акцийы фæлгæтты ма ацы уагдонæн арæх уæлæдарæс балæвар кæны магазин «Калейдоскоп»-ы хицау Тъехты Æхсар, афтæ та уыд ацы аз дæр. Уагдонмæ ма Ног азы размæ æрбацыдысты дыууæ æвзонг сылгоймаджы, кæцытæ  ахуыргæнинæгтæн æрбахастой адджинæгтæ. Уыдон, æгæрыстæмæй, чи сты, уый дæр не схъæр кодтой.  Нæ горæты бæгæныфыцæн заводы директор Зассеты Ваид 2020 азы 1-æм сентябрмæ скъола-интернаты иу сидзæр сывæллонæн балхæдта уæлæдарæсæй йæ цыдæриддæр хъуыд, уыдонæй алцыдæр.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр йæ лæггады хай бакодта Дунеон  хыгъдон бангы правленийы сæрдар Вадим Шадян. «Ног азы размæ нæм æрбацыд Вадим Шадян. Уый скъолайы цыппар сидзæр сывæллонæн балæвар кодта планшеттæ. Æнæхъусдардæй нæ никуы ныууадзы, алыхатт дæр нæ хъомылгæнинæгтæн бакæны цæстуарзон æххуыс. Дыууæ азы размæ та коррекцион кълæсты сывæллæттæн балæвар кодта аквариум 90 декоративон чысыл кæсæгтимæ, кæцыйыл сывæллæттæ тынг фæцин кодтой æмæ йыл абон дæр цин кæнынц. Национ бангы сæрдар Джиоты Жаннæ та сывæллæттæн радта финансон фæрæзтæ», – ра-дзырдта уагдоны директор Тедеты Роланд.

Карантины рæстæджы скъола-интернаты баззад 5-æм къласы ахуыргæнинаг Зассеты Радион, кæцыйы йемæ хæдзармæ акодта интернаты организатор Харебаты Маринæ æмæ йын дыууæ къуырийы дæргъы хъæбулы лæггад фæкодта. Уымæй Харебаты чызг равдыста стыр адæймагдзинад æмæ йын æмбæлы  бузныджы ныхæстæ зæгъын. Уæдæ куыд федтам, афтæмæй не ‘хсæн бирæ ис фæкæсынхъуаг адæммæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм зæрдæхæлар адæймæгтæ  æмæ цард та ахæмтæй фидауы. Хорз уаид æмæ сæ æндæр фæрæзджын адæймæгтæ дæр куы бафæзмиккой…

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ  скъола-интернаты 2010 азæй фæстæмæ кæй кусынц коррекцион кълæстæ, цыран ахуыр кæнынц 23 инвалид сывæллоны. Дыккæгæм уæладзыджы сын скъолайы къухдариуæгад рахицæн кодта сæрмагонд бынат, цыран ис цалдæр къласы. Уырдæм бацæугæйæ, ирдæй зыны скъолайы коллектив уæлдай тынгдæр кæй ауды ацы сывæллæттыл, уый. Арæзт сын æрцыд æппæт уавæртæ дæр ахуыры процесс уадзынæн. 1-æм коррекцион къласы ахуыр кæны æхсæз сывæллоны, уыдоны баййæфтам урокы рæстæджы сæ ахуыргæнæг Тедеты Маринæимæ (уынут сæ къамы). Коррекцион кълæсты ахуырдзауты хæрзиуæгæн горæт Кировæй контрактмæ гæсгæ фæхуыдтой йæ дæсныйады иттæг хорз специалист-дефектолог Александр Крысовы, кæцы цæстуарзон æмæ цæсгомджынæй кусы сывæллæттимæ. Афтæ ма Крысов республикæйы скъолаты специалисттæн амоны дефектологийы фæдыл программæ.

Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ 2007 азы Цхинвалы скъола-интернаты сæргъ Тедеты Роланд куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ уагдоны арæзт кæй æрцыд æппæт уавæртæ дæр. 2008 азы августы хæсты рæстæджы скъолайы бæстыхæйттæ тынг бахъыгдард сты æмæ сæ бынтондæр нал уыд кусыны уавæртæ, фæлæ сæ цæрæнбон бирæ гом акционерон æхсæнад «Российские железные дороги»-йы кусджытæн сæ президент В.Якунины сæргълæудæй. Уыдон бавдæлдысты æмæ сæхимæ хæс райстой, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы къух истæмæй фæрогдæр кодтаиккой. Æрæмбырд кодтой финансон фæрæзтæ æмæ уыдонæй æрæвнæлдтой скъола-интернаты бæстыхæйттæ аразынмæ æмæ цалцæг кæнынмæ. Æхсæз мæймæ æртæуæладзыгон корпусы ногæй сарæзтой æмæ иу æртæуæладзыгон корпус та реконструкци скодтой. Афтæмæй абон сывæллæттæ ахуыр кæнынц райдзаст æмæ хъарм кълæсты. Сывæллæттæ боны дæргъы хæрынц цыппар хатты алыгъуызон хæрзгъæд хæринæгтæ. Иу ныхасæй скъола-интернаты коллектив сæ директор Тедеты Роланды сæргълæудæй архайынц æмæ æппæт дæр аразынц, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтæ сомбоны æхсæнады аккаг бынат ссарой, æфтауынц сæ царды раст фæндагыл. Сæ алы æнтыстыл дæр сын фæцин кæнынц хи хъæбу-лы æнтыстау. Æниу уал азы дæргъы мады хъомыл æмæ рæвдыд кæй фæкæнай, уымæй дæр сидзæр сывæллæтты, уыдон хи хъæбулæй уæлдай нал вæййынц… Æмæ сын се ‘нтыстытыл дæр уымæн афтæ тынг фæцин кæнынц.

Тедеты Роланд бузныджы ныхæстæ зæгъы, йæ дæлбар уагдоны хъомылгæнинæгтæм сын йе ‘ххуысы къух рæдауæй чи фæдаргъ кæны,  уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. 

«Стыр бузныг æппæт уыдонæн, кæцытæ тырнынц сывæллæтты амондджын скæнынмæ, цæмæй уыдон цин кæной сæ алы боныл дæр. Æнæнизæй бирæ фæцæрут æмæ æххуысхъом ут алыхатт дæр, – загъта ахуырадон уагдоны директор.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.