Леонид Харитоны фырт! Мах Хетæгкаты Къостайы уынджы фæзилæны цæрджытæ, никуы ферох кæндзыстæм дæ хæрзиуæгон архайд. Бузныг, стыр бузныг, нæ зынаргъ Президент. Нæ зæрдæты дæм цас уарзондзинад сæвзæрыд, бауырнæд дæ, уый нæ бон нæу дзыхæйдзургæйæ æмæ, æгæрыстæмæй, нæ фыссæн сисæй равдисын дæр. Раст зæгъгæйæ, нæхицæй дæр сæрыстыр стæм, раст равзæрст кæй сарæзтам, æмæ дæ нæхицæн хицау кæй скодтам, уымæй. Уымæн æмæ, æцæгæйдæр, разындтæ дæ адæмы æцæг патриот. Бирæ дын бантыст саразын. Æгæрыстæмæй, куырм адæймаг дæр рахатдзæн бонæй-бонмæ куыд ивы йæ хуыз нæ горæтæн йæ хуыз, куыд рæсугъддæр кæны. Адæм сулæфыдысты рыгæй. Рæзынц нæ цæстыты раз культурон æмæ цардуагон нысаниуæг кæмæн ис, алыгъуызон ахæм объекттæ æмæ рæвдауынц адæймаджы зæрдæ æмæ цæстытæ. Адæймаг та цæуылдæр куы цин кæна, уæд йæ цард кæны дæргъвæтиндæр. Афтæ кæй у, уый мах бавзæрстам нæхиуыл. Æрхастай уыцы циндзинад махæн дæр, Къостайы уынджы фæзилæны цæрджытæн æмæ йыл цал хатты ныр цæуæм, уал хатты дын арфæ-гæнæг уыдзыстæм. Дæ фæрцы фервæз-тыстæм стыр хъизæмæрттæй. Нæ хæ-дзæртты ныккæндтæм æдзух калди дон æмæ сын тас уыд ныккæлынæй дæр. Тыхстыстæм цъыфы.

Рæстæг куы æрсабыр, уæд æй алчидæр зоны, алы рæттæй нæм кæй цыдысты аразджытæ, уый. Сбарстой ацы уынг дæр. Сæхи схуыдтой Хъæрæсе-Черкескæй. Куы базыдтой Къостайы уынг у, уæд нæм тызмæгæй сдзырдтой: «Что вы за народ! Это же улица великого Коста. А что мы видим?!» Махмæ, дам, йæ уынг у куыд музей, афтæ. Бафæндыд нæ, зæхх куы аскъуыдаид æмæ уым куы ныххаудаиккам. Раст, цыма, мах уыдыстæм аххосджын, уыйау нæ сæртæ æркъул кодтам. Æмæ уый фæстæ нæ горæты уынгтæ рæзын куы райдыдтой, уæд нæ цинæн кæрон дæр нал уыд.  Æнхъæлмæ кастыстæм кæй æрцæудзæн нæ рад дæр. Райдыдтой йæ аразын. Мах æнхъæлдтам, ирон адæмы, дуне кæй руаджы базыдтой, уыцы уарзон Къостайы уынг кæронмæ цæхæртæ кæй скалдзæн, фæлæ фыдæнхъæл фестæм.  Аразджытæ йын ныууагътой йæ фæзилæн. Тынг фæмаст кодтам, нæ дисæн кæрон нæ уыд, уымæн æмæ мах дæр Къостайы уынгмæ хауæм, фæлæ йæ нæ сарæзтой, ныууагътой йæ. Ууыл ничи ахъуыды кодта, ууылты машинæтæ цæудзысты æмæ цъыф хæсдзысты  чъизи кæндзысты арæзт цы æрцыд, уый дæр. Фырмæстæй тъæппытæ хаудтам, не ‘мбæрс-там æмæ йæ абон дæр не ‘мбарæм, цæмæн æй фæхицæн кодтой, уый. Кæд æмæ нæ горæты алы цæрæгæн дæр бар ис рæсугъд цард кæнынæн, фадат куы уа, уæд. Стæй дæр уынг æрдæгарæзтæй куыд хъуамæ уа рæсугъд. Дзырдтой, зæгъгæ, горæты арæзтцæуæг уынгты фæзилæнтæ нæ бахаудтой Инвестпрограммæмæ. Фарстæуы, æмæ сæ цæмæн фæхицæн кодтой? Фæстæдæр, дам, сæ сараздзыстæм. Æмæ, нæ цæмæн хъæуы фæстæмæ здæхын? Уыцы æмæ æндæр фарстытæ абон дæр не ‘мбарæм.

Леонид Харитоны фырт! Ныр дæ иузæрдион архайды руаджы уавæр рараст. Арæзт æрцыд Къостайы уынг кæронмæ. Цы ма хъуамæ уа уымæй стырдæр лæггад Къостайæн, Ирыстонæн æмæ йæ уынгыл цæрджытæн дæр. Бузныг дын, ноджыдæр, стыр бузныг! Ды дæ, йæ адæммæ йæ зæрдæйæ, стыр хъарм-дзинад кæмæн цæуы, ахæм адæймаг. Фæзæгъынц, зæгъгæ, адæймаджы цæст уынаг у, цы арæзт цæуы, уыдонмæ де ‘рдыгæй цæуы стыр хъусдард. Алы растхъуыдыгæнæг адæймаг дæр æмбары, æрмæстдæр дæ иузæрдион архайды руаджы кæй æфты, ахæм æнтыст. Мах уынæм æмæ дæуæн цы баныст саразын, уый никæй къухты ма бафтыдис, зоныс æмæ æмбарыс адæмы рыстдзинад, уæлдайаг дын нæу иу адæймаджы хъысмæт дæр æмæ уый та у адæймаджы уды хуыздæр миниуæг. Æмæ канд арæзтадыл нæ тыхсыс, фæлæ архайыс, цæмæй нæ адæм æнгомдæр уой æмæ кæрæдзи уарзой, ууыл дæр. Уый та чысыл хъуыддаг нæу, стыр нысаниуæг ын ис.

Мах никуы ферох кæндзыстæм нæ цард нын чи фенцондæр кодта, æмæ нын ахæм хорз фæндаг чи сарæзта, ууыл тынг чи батыхстысты, уыцы адæймæгты дæр. Уыдон та сты Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, «Дорэкспострой»-йы генералон директор Лалыты Мурат æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан. Уыдон се ‘ппæт дæр сты йæ адæмы рис кæмæ хъары æмæ йæ куыстмæ та æцæг бæрнон ахаст чи дары, ахæм адæймæгтæ.

Æнæзæгъгæ нæй фæндаг чи сарæзта,  уыцы кусджыты намысджын куысты тыххæй дæр. Се ‘ппæт дæр сты бынæттон лæппутæ, куыстуарзаг. Куы базыдтой уынджы цæрджыты ‘хсæн кæй ис, иунæгæй, сидзæртæ чи хъомыл кæны,  стæй Гуырдзыстонæй кæй расырдтой, ахæм сылгоймæгтæ,  уæд сын кæд сæ хæс нæ уыд, уæддæр ныххафтой дон кæй бахордта æмæ чи судæст, уыцы къулты сæрстытæ дæр. Куыддæр фæндаджы уæлцъар исынмæ бавнæлдтой, афтæ дзы кæйдæрты къултæ кæлгæ дæр æркодтой. Сарæзтой сын сæ ногæй, кæд сæ хæс нæ уыд, уæддæр, нæ сæ ныууагътой пырхытæй. Фæндаг та арæзтой афтæ, раст, цыма сæхи хæдзæрттæн куыстой. Фæндагарæзтады фадыджы хистæр Хацырты Валикъо æмæ фæндаджы фадыджы мастер Быценты Мурат сæ куыст иттæг хорз чи зоны, сæ дыууæ дæр сты ахæм адæймæгтæ æмæ æппынæдзух сæ хъус дардтой, цæмæй фæндаг арæзт цыдаид æппæт домæнтæм гæсгæ дæр. Фæндаг куыд арæзт цыдис, уый бæрæггæнæг æрвыл-райсом дæр ардæм цыдысты Гуыззыдтаты Эдуард æмæ Лалыты Мурат.

Фæндаг царды дадзин у. Уый арæзт кæдæм цæуы, уым ис цард дæр. Æмæ ацы фæндагыл чидæриддæр бафыдæбон кодта,  уыдоны царды фæндаг алы хатт дæр рæсугъд уæт. Нæ зæрдæты нын куыд барухс кодтой, афтæ рæсугъдæй фæцæрæт се ‘ппæт дæр.

Хетæгкаты Къостайы

уынджы фæзилæны цæрджытæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.