7-æм ноябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон клуб «Къоста» радон хатт æрбамбырд кодта университеты ахуыргæнинæгты æмæ ахуыргæнджыты. Уыдон зонгæ кодтой ирон драматурги æмæ национ театры бындурæвæрæг Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъойы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Клуб «Къоста»-йы къухдариуæггæнæг, профессор Плиты Гацыр егъау куыст кæны, цæмæй клуб схиза бæрзонддæр æмвæзадмæ,  сфидар уа, ома, Советон дуджы куыд куыстой, афтæ æмæ дзы хъомыл кæной фидæны ирон æвзаг æмæ литературæйы хорз ахуыргæнджыты, афтæ ма бирæ æндæр хорз кадрты. Плиты Гацыр клубæн равзары хронологимæ гæсгæ темæтæ дæр, ома, зындгонд гоймæгтæй кæмæн куыд æрæввахс вæййынц сæ гуырæнбонтæ, уымæ гæсгæ сын æрæмысынц сæ нæмттæ æмæ сыл бацæттæ кæнынц номарæн литературон мадзæлттæ. Ныр та клубы уынаффæмæ хаст æрцыд, ирон драматургийы бæрзонд æмвæзадмæ чи систа æмæ йын бындур чи æрæвæрдта, уыцы гениалон фыссæг ирон культурæйы зынгæ архайæг, Брытъиаты Елбыздыхъойы цард æмæ сфæлдыстад. Мадзалы темæ уыд: «Брытъиаты Елбыздыхъо  ирон æвзаджы хъысмæтыл сагъæсгæнæг».

Студентон уæрæх аудиторийæн мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта ирон филологи æмæ педагогикæйы факультеты декан Тыбылты Ингæ. Уый йæ раныхасы, фыцца-джыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта студенттæн, мадзалмæ кæй æрцы-дысты æмæ дзы хайад кæй исынц, уый тыххæй. Тыбылты Ингæ ма бузныг загъта Плиты Гацырæн, хуыцаубоны уый ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультетты студенттимæ кæй абалц кодта Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырæн зæхх  Куырттаты коммæ æмæ студенттæн экскурсийы рæстæджы бæстондæр кæй амыдта фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад, уый тыххæй. Ацы зонадон балцы тыххæй лæмбынæг радзырдта йæхæдæг Плиты Гацыр æмæ банысан кодта абон Куырттатты ком бынæттон цæрджытæй кæй фæцух. Кæддæры хæххон хъæуы цард цæдджинæгау кæм фыхт, уый кæй федзæрæг æмæ дзы абон æрбацæугæ адæм, кæй цæрынц. «Знон нæ балцы рæстæджы цы федтам, уымæй мæнæн мæхи зæрдæ нæ барухс ис, уымæн æмæ дзы Елбыздыхъойы зонгæ дæр æмæ хъуыды дæр ничиуал кæны», – зæгъы æрхæндæгæй Плиты Гацыр.

Брытъиаты Елбыздыхъо схъомыл мæгуыр хæххон уавæрты фыдæбонгæнгæйæ. Ирон хæххон хъæуы удуæлдай куыст чи кодта æмæ дзы цæрджытæ æппынæдзух фыдæбойнаг кæй уыдысты, уыдон æмрæнхъ балæууыд фыссæг дæр. Студенттæ сæхи цæстæй федтой æмæ сæ зæрдыл бадардтой, нæ фыдæлтæ ахæм хæххон уавæрты цæргæйæ куыд фыдæбæттæ кодтой, уый.

«Мах ма бацыдыстæм æмæ Дæргъæвсы федтам мæрдты горæты дæр. Уыцы комæй та уыд фыссæг Токаты Алихан æмæ уый тыххæй дæр радзырдтон не студенттæн. Нæ балц рауад цымыдисон æмæ студенттæ дæр баззадысты райгондæй. Куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, фехъусын иу у, фенын та – æндæр. Студенттæ цы федтой, уый хуыздæр бахъуыды кæндзысты æмæ сын у пайда.

Мах нæ уавæртæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ студентты алыхатт дæр акæнæм ахæм экскурситы. Афтæ уыдис раздæр дæр. Æцæг, 2008-æм азы хæсты фæстиуджыты аххосæй чысыл хъуыддаг алæууыд фæстæмæ, фæлæ та абон сног кодтам студентон царды хорз традицитæ. Уый та ууыл дзурын, æмæ адæймаг  хъуа-мæ зона йæ райгуырæн къуым», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Уый ма студенттæн бакаст сæрмагонд доклад Брытъиаты Елбыздыхъойы цард æмæ сфæлдыстадыл. Радзырдта сын чи уыд æмæ цы сарæзта Ирыстонæн, æппæт уыдæт-тæ. «Елбыздыхъойы лæггæдтæ йæ адæмæн бирæ сты. Уый йæ цыбыр царды йæ уд хъардта, цæмæй нæ адæмы царды ахсджиаг фарстытæ рæгъмæ хастаид, ирон кад, æгъдау æмæ намыс сæ раны уыдаиккой. Уый ирондзинадыл рыг абадын дæр нæ уагъта æмæ йæ иннæтæн дæр афтæ æмбарын кодта. Раст у Нигеры хъуыды, зæгъгæ, Къостайы фæстæ Елбыздыхъо у ирон аив литературæйы тæккæ курдиатджындæр минæвар. Уый уыд хъаруджын æмæ зондджын. Елбыздыхъойы кой куы ракæнæм, уæд та сæхигъæдæй байгом вæй-йынц нæ театры дуæрттæ. Куы йын нымайæм йæ бынтæ, уæд афтæ бирæ не сты, фæлæ кæуылты сты. Нæ театры сценæйæ нæ рахиздзысты. Ирон театрæн æрæвæрдтой бындур æмæ йæ сдзурын кодтой. Алы драматург сценæйы къуымтæ нæ зоны. Елбыздыхъойы пьесæтæ се ‘ппæт дæр афтæ фыст сты, цыма сæ раст сценæ æлвæста сæхимæ. Æгæрыстæмæй, йæ пьесæты йæхæдæг иста хайад куыд режиссер æмæ актер  афтæ.

Елбыздыхъойæн ацы аз йæ райгуырдыл 135 азы сæххæст ис æмæ йыл мах абон, ирон адæм ма дзурæм, уый раст нæ уыдзæн», – банысан кодта профессор. Плиты Гацыр ма зæрдæрисгæйæ дзырдта, абон ирон æвзаг мæгуыр уавæры кæй ис, фылдæр кусын ыл кæй хъæуы, уый тыххæй дæр: «Цæгатæй Хуссармæ нæ адæм ирон æвзагыл куыд дзурынц, уый Елбыздыхъо ныффыста йæ  пьесæ«Уæрæседзау»-ы. Елбыздыхъойы дугимæ абаргæйæ, абон не ‘взаг бирæ фæлæмæгъдæр ис. Адæймаг иу æвзагыл дæр æмæ иннæ æвзагыл дæр йæ хъуыдытæ дзурын куы нæ зона, уæд дыууæ æвзагæй дæр хынджылæг кæны. Æмæ раст уыдæттыл худт Брытъиаты Елбыздыхъо дæр», – загъта Плиты Гацыр.

«Елбыздыхъо сызгъæрин бынтæ кæй скодта, уый тыххæй бирæ ныхас цæуы нæ литературæйы историйы. Нæ «критиктæ» кæд «Уæрæседзау»-ы сфаудтой, уæд ын Нафи та загъта йæ æцæгдзинад. Уацмысы хъайтар Муссæ фæллæйттæ скæнынмæ ацыд Уæрæсемæ æмæ фондз азы фæстæ æрыздæхт æнæгъдауæй. Муссæйы уавæры бахауд Елбыздыхъойы фыдыфсымæртæй сæ иу, уый банысан кодта Гæдиаты Цомахъ», – дзырдта Плиты Гацыр.

Уый ма æрдзырдта Елбыздыхъойы æндæр уацмыстыл дæр æмæ сын райхæлдта йæ темæтæ.

Ирон драматургийы бындурæ-вæрджыты тыххæй ма раныхас кодта филологон зонæдты кандидат, ирон æвзаг, иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри. Уый йæ ныхас райдыдта арфæйы ныхæстæй клубы къухдариуæггæнæг Плиты Гацырæн йæ куысты æнтыстыты тыххæй, студентты кæй æрбангом кодта æмæ ма сæ экскурситы кæй акæны, уый тыххæй.

«Мæнмæ гæсгæ, Къостайы фæстæ Елбыздыхъойæ егъаудæр хуынтæ Ирыстоны культурæйы къæбиц-мæн ничи рбахаста. Куы сæм æркæсæм, уæд æцæг ахуырдзинад, академион ахуыртæ чи уыдысты, уыдонæй иу кæй уыдис  Елбыздыхъо. Уыцы нымæцы Хетæгкаты Къоста æмæ Гæдиаты Цомахъ дæр. Фæстæдæры литературæйыл нæ дзурын, фæлæ уартæ райдианы чи уыдысты, уыдоны кой кæнын.

Елбыздыхъойæн Хуыцау бирæ курдиат æмæ зонындзинæдтæ радта. Рауад дзы гени æмæ йæ хъæуы зæгъын комкоммæ. Елбыздыхъо йæ адæмы патриот кæй уыд, уый тых-хæй нымад цыд, куыд буржуазон националист. Афтæ нымадтой Хетæгкаты Къостайы дæр. 1938-æм азы онг. Гацыр раст загъта, Елбыздыхъо ирон кад дæлæмæ никуы æруагъта. Ирон æгъдауы бындуриуæггæнгæйæ, уый рахицæн кодта дарддæры царды цы хъуамæ хæссой ирæттæ семæ æмæ дзы ныууадзинаг чи ис. Зæгъæм, тугисын, чызгæскъæфт æмæ æндæр ахæм-тæ. Уый Ирыстоны ссардта ахæм типты, ирон æвзаг чи халы, Ирыстоны иудзинад чи халы æмæ моралон категоритæ чи сты, уыдон бынтондæр чи нæ нымайы. Уыдоны Къоста схуыдта  æхсины лæгтæ. Ахæм тип Елбыздыхъомæ дæр ис æмæ у Муссæ. Æрмæст æхсины лæг Ирыстоны ис æмæ Муссæ та ацыд Уырысмæ. Уыдон сты индивидуалисттæ. Брытъиаты Елбыздыхъо ахæмты ныхмæ тохы ныллæууыдис æмæ сын фидарæй дзырдта. Елбыздыхъо канд драматург нæ уыд, уый ма йæ уацмысты арæх спайда кæны адæмон сюжеттæй, адæмон сфæлдыстадæй. Йæ фысты ис суинаг индо-европæйаг мифологон системæмæ чи хауы, ахæмтæ дæр. Мæнмæ гæсгæ, Елбыздыхъойы схонæн ис ирон фольклорист дæр. Уый канд ирон театрæн нæ æрæ-вæрдта бындур, фæлæ зыдта рагон ирон мифологи дæр», – загъта Дзиццойты Юри.

Мадзалы ма æрæмбырдуæвджытæн цымыдисон доклад бакаст Елбыздыхъойы комеди «Уæрæсе-дзау»-ы æвзаг,  æмæ егъау намысы проблемæйыл Биазырты Аллæ. «Ацы проблемæтæ нывæфтыд фæрæзтæй скъуыддзаг кæны Елбыздыхъо йæ комеди «Уæрæседзау»-ы. автор дзы проблемæ æвдисы æппæтварсонæй. Ирон адæмæй иутæ сæ ахуыры фæдыл, æндæртæ сæ цардæн сæрфат, куыстæн фæрæз скæныны ныфсæй цыдысты Уæрæсемæ. Бирæтæ-иу дзы систы бонджынтæн лæггадгæнджытæ. Афтæмæй та сæфтой се ‘гъдау, сæ намыс, арвистон арæзтой мадæлон æвзагæй. Уыдонæй сæ иу у Елбыздыхъойы хъайтар Муссæ. Уый у типикон фæлгондз. Ацы хъайтар былалгъ ахаст дарын райдыдта æппæт ирондзинадмæ æмæ йæхи Муссæ хонын дæр нал уадзы, афтæмæй кæддæры хæрзæгъдау лæппу Муссæ свæййы æнæгъдау Мишæ. Йæ намыс кæй фесæфта, уымæн æвдисæн, хæдзары устытимæ кæй бады, уый. Байрай зæгъыны охыл ам йæ раздæры ‘мгæрттæм бадары йе ‘нгуылдз. Ирон æгъдау кæй фесæфта, уый йæхæ-дæг дзуры комкоммæ. «Дзурут истытæ, базалыстæн. Æз ирон зако-нæн ницыуал æмбарын». Æниу æй йæ хъуыдымæ гæсгæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц: «Наплеват на васи æгъдау…»

Муссæ у магусайæ цæлуарзаг. Уый нæу уырыссаг æвзаг æмæ культурæ парахатгæнæг, нæдæр ын æмбаргæ исты бакодта. Йæхи ирон æгъдау æмæ намыс та Уæрæсейы ныууагъта.

Елбыздыхъо йæ хъайтар Тæтæр-хъаны руаджы афтæ æмбарын кæны хæрзæгъдау æууæлтæ: «Лæг раныхас куы зона, æгъдауыл бацæуын æгъдауыл рацæуын, дзæгъæл ныхасæй йæхи хъахъхъæнын, уæд лæгæй æндæр ницы агурын хъæуы фыццаг бакастæй. Ахæм лæгмæ æгъдау кæй ис, уый зон».

Муссæ та ам свæййы худæджы амæттаг æмæ йыл худынц йе ‘мбæлттæ», – радзырдтьа Биазырты Аллæ. Уый ма йæ доклады куыд банысан кодта, афтæмæй не ‘хсæн абон дæр кæй ис Муссæтæ æмæ æрсит, цæмæй бацархайæм иумæйагæй не ‘взаджы сыгъдæгдзинадыл бакусын.

Ууыл сразы сты клубы архайджытæ дæр æмæ банысангонд æрцыд, зæгъгæ, Муссæйаг ныхæстæ чи кæны, уыдон абон дæр сты. Уыдон афтæмæй уырыссаг æвзаг кæнынц худинаг сæхи æвзаг та – рох.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.