Февралы мæйы тыхджын митуарды аххосæй бирæ рæтты фæкъуыхцы транспорты куыст. Ахæм рæстæджы фылдæр уæз æрæнцайы Уæллаг Ларсы ахизæн таможняйыл. Канд Ирыстоны ‘рдыгæй фарс нæ, фæлæ Гуырдзыстоны дæр ныууарыд стыр мит.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зæйтæ рацæуынæй тас кæй у, уымæ гæсгæ паддзахадон арæнты сæрты рæстæгмæ нал уадзынц уæззау автомобилон транспорт.

Уыцы æууæлы аххосæй, арæх куыд вæййы, афтæ та ныр дæр хорз боныгъæдмæ æн-хъæлмæ кæсгæйæ, республикæйы фæндæгтыл бамбырд бирæ транспорт. Уый стыр зын-дзинæдтæ æвзарын кæны канд шофыртæн нæ, фæлæ цæрджытæн дæр.

Ныртæккæ паддзахадон арæны сæрты ахизыны нысанимæ рады лæууы 3000 машинæйы бæрц. Ноджы фылдæр уыдаиккой, фæлæ, æрæджы куыд фыстам, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æппæт уавæртæ дæр сарæзта Туркмæ цæуæг транспортæн, цæмæй рæстæгыл арæнæй ахизой.

Æрдзон уавæртæ куы фæхуыздæр уой, уæд транспорт æнæкъуылымпыйæ кусын райдайдзæн.

 

АХСДЖИАГ ПРОЕКТТÆ – ЦАРДЫ

Ахсджиаг инвестицион проектты инженерон инфраструктурæйы объекттæ аразынæн федералон бюджет Цæгат Ирыстонæн уæлæмхасæн радих кæндзæн 620 милуан сомы бæрц.

Уый тыххæй РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис фехъусын кодта, республикон инвестицион проекттæ æххæст кæныны фæдыл министрадтæ æмæ ве-домствоты разамонджытæн цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым.

Дзанайы-фырт сæйрагдæр æрлæууыд, раздæры хаст уынаффæты бындурыл ахсджиаг инфраструктурон проекттæ æххæст кæнынæн цы фадæттæ сарæзтой, ууыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй амынд проекттæ æххæст кæныны тыххæй 2022-2023 азтæн федералон центр Цæгат Ирыстонæн снысан кодта 811 милуан сомы бæрц. Ныр уыцы фæрæзтæм уæлæмхасæн бафтдзæн 620 милуан сомы.

Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй уыцы фæрæзты руаджы арæзт æрцæудзæн цыппар егъау инвестицион проекты инженерон структурæ. Профилон ведомствотæ амынд куыстытæ бакæндзысты ацы азы кæронмæ.

Ацы проектты номхыгъды сты туристон-рекреацион комплекстæ «Къæхтысæр», æмæ «Аквасити», Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрон цæрæнуатон æмæ коммерцион арæзтæдтæ æмæ æндæртæ. Амынд проектты арæзтадæн фæрæзтæ радих кæндзысты инвестортæ. Уыцы объекттæн хъæугæ инженерон инфраструктурæ та арæзт æрцæудзæн федералон бюджеты хардзæй.

2022 азы пълантæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый нымайгæйæ, Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй дихгонд фæрæзтæ æххæстæй сæ нысаныл сæмбæлдысты.

Рох кæнын нæ хъæуы иу хъуыддаг: республикæ цас фылдæр проекттæ уадза царды, уыййас уыдзæн фæрныгдæр. Уый тыххæй та хъæуы иумæйаг хъарутæй архайын.

                                                       Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.