Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон къабазы стратегион рæзты сæйрагдæр здæхтытæ сбæлвырд кæныны фарстытыл уынаффæ цыдис,  РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ цы æмбырд ауагъта, уым.

Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы экономикæйы структурæ сбæлвырд кæныны фарстыл уынаффæ цыдис раздæр дæр уæрæсейаг коллегæтимæ. Статистикон зонæнтæм гæсгæ республикæйы нырма лæмæгъ у экономикæйы реалон сектор. Республикæйы хъæуæг æппæт мидæггагон продуктты хъæууон хæдзарады хайон уæз у æрмæстдæр 4,6 проценты, сæудæджерады та – 5 проценты бæрц.

Министры ныхæстæм гæсгæ йæ дæлбар ведомство фæндон хæссы, цæмæй аграрон комплексы æмæ сæудæджерадон кондады ацы нымæцтæ схизой 60 процентмæ.

«Экономикæйы реалон сектор ис ныллæгдæр æмвæзадыл, Уæрæсейы Федерацийæ финансон æххуысы хуызы цы фæрæзтæ исæм, уыдоны хыгъдæй чи рæзынц, уыцы къабæзтимæ абаргæйæ. Махмæ ис 50 паддзахадон унитарон куыстуаты бæрц. Уыдонæй паддзахадмæ фиддонты хуызы цы фæрæзтæ цæуынц, уыдон хъуамæ уаиккой фылдæр. Ахæм ситуаци экономикон цæстæнгасæй быхсинаг нæу æмæ дзы хъæуы фæтк æрæвæрын», – загъта уый.

Министры ныхæстæм гæсгæ абоны бонмæ фактон æгъдауæй экономикæйы реалон сектор финансгонд нæ цæуы æмæ уыцы рæстæджы та, алыгъуызон проекттæ реализаци кæнын кæй фæнды ацы къабазы, уыдон сты бирæ.

«Æввахс рæстæджы къухтæ фыст æрцæудзысты чысыл амалиуæгады субъектты льготон æгъдауæй кредит кæныны тыххæй сразыдзинадыл, цыран фылдæр хъусдард здæхт æрцæудзæн кондады ацы къабазы проекттæм», – банысан кодта Кокойты Геннади.

Уыимæ иумæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджеты æфтиæгты хайы 2 проценты – уый та 2018 азы уыдзæн 20 милуан сомы, фаг нæу. Æрмæст экономикон рæзты министрады  бизнес-планты ис проекттæ 250-300 милуан сомы аргъ. Уыдонæй сæ иутæ сты экономикон цæстæнгасæй тынг пайдайаг.

Йæ раныхасы министр рахицæн кодта Хуссар Ирыстонæй финансон фæрæзтæ ивылынæн чи ахъаз кæнынц, ахæм сæйрагдæр факторты. Сæйрагдæрыл уый нымайы энергетикæйы къабаз, бæлвырддæрæй та республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы хæс, кæцы у 320 милуан сомы. Министр банысан кодта хисæрмагонд гидротехникон ресурстæй спайда кæныны фæдыл мадзæлттæ бакусыны æнæмæгхъæуындзинад.

Республикæйы финансон фæрæзтæ ивылынæн чи ахъаз кæнынц, уыцы фактортæй ма сæ иуыл Кокойты Геннади банымадта арæзтады къабаз, зæгъгæ,  нæм нæй нæхи арæзтадон организаци, афтæ ма арæзтадон объектты кæй кусынц фæсарæйнаг кусджытæ – Астæуккаг Азийæ рацæугæтæ.

Банысан ма кодта хъæууонхæдзарадон къабазы уæззау уавæр дæр, кæцыйæн йæ аххосаг у бынæттон базары нæхи хъæууонхæдзарадон продукци кæй нæй, уый.

«Махæн нæ бон уадзын цы товартæ у, уыдоны хæсджын стæм æмæ сæ уа-дзæм, æддейæ сæ ма хъуамæ ласæм. Уый хауы сæйраг кондадон товартæм: нæмыгонтæ, ссад, дзул, дзидза-æхсыры продукттæ, халсæрттæ æмæ дыргътæм. Уый тыххæй ис фадæттæ. Цæвиттон, ивгъуыд аз æркодтам æрмæстдæр 530 тоннæйы уалдзыгæнд мæнæу æмæ 200 тоннæйы та – фæззыгæнд. Ацы аз æр-мæстдæр иу фермер æркодта иттæг гъæдджын мæнæу 500 тоннæйы. Афæ-дзы дæргъы та республикæйы хъæуы 5 – 6 мин тоннæйы. Афтæмæй 10 фермерæн сæ бон уаид нæ уавæр фæхуыздæр кæнынæн», – загъта министр.

Уый ма афтæ банысан кодта хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджыты æмæ уæрæсейаг Инвестицион агентады æмархайды проблемæтæ. Ацы Инвестицион агентад кусы Хуссар Ирыстоны экономикæйы реалон секторы проекттæн æххуыс кæныныл. Куыд загъта, афтæмæй уый ис Мæскуыйы æмæ амлиуæггæнджытæй бирæтæ се ‘нæразыдзинад æвдисынц, алкæмæн дзы фадат кæй нæй бастдзинæдтæ саразын бангтæ æмæ бæрнджын адæймæгтимæ, æппæт хъæуæг документтæ æрæмбырд кæнынæн. Афтæмæй та Инвестагентад, кæнæ йæ филиал Хуссар Ирыстоны куы уаид, уæд æнцондæр уаид.

Йæ рады Бибылты Анатоли экономикон рæзты министрадмæ бахатыд, цæмæй æххуыс кæна амалиуæггæнджытæн сæ проекттæ реализаци кæныны фæдыл æнæмæнгхъæуæг процедурæтæ æххæст кæныны.

«Æз хорз æмбарын Мæскуымæ рæнхъон æмбæстагæн зын кæй у цæуын, кæцыйы фæнды йæ проект среализаци кæнын æмæ йæ уым сфидар кæнын. Ис Экономикон рæзты министрад, кæцы уыцы программæты хъуамæ æвзара, Мæскуымæ æрвита бæрнджын адæймæгты документты æххæст пакетимæ, кæцытæ хъуамæ хъахъхъæной амалиуæггæнджыты интерестæ, сбæлвырд сын кæной, иу кæнæ иннæ проект кæй хъæуы республикæйы. Ахæм програм-мæтæ размæ кæныныл хъуамæ архайат сымах», – загъта Президент.

Экономикон рæзты министрады куысты сæйрагдæр здæхтытæй сæ иуыл паддзахады сæргълæууæг банымадта Хуссар Ирыстонмæ инвестицитæ æрбакæнын дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, растдæр ацы министрад хъуамæ агура æмæ хона инвесторты республикæмæ, æмбарын сын кæна сæ бавæргæ финансон фæрæзтæн тас кæй ницæмæй у. Президент загъта, зæгъгæ, экономикæйæн ис иттæг хорз фадæттæ æмæ æнтыст та, фылдæрбæрцæй кæнгæ у адæймагæй, бæлвырддæрæй та – иу кæнæ иннæ къухдариуæггæнæджы бæрнон ахастæй. Президент цæвиттонæн æрхаста паддзахадон-унитарон куыстуæтты ситуаци, кæ-цытæй бирæты, къухдариуæггæнæджы фæивгæйæ, зиан нæ, фæлæ райдыдтой хæссын пайда æмæ фæрæзтæ дæр хæссынц бюджетмæ.

«Ам зæгъын æмбæлы паддзахадон-унитарон куыстуæттæ «Арæзтадон æрмæджыты завод», Бæгъиаты суары завод æмæ «Югоснефтепродукт»-ы тыххæй. Ацы куыстуæттæ, сæ къухдариуæггæнджыты сын раивгæйæ, æнтысгæйæ райдыдтой архайын», – банысан кодта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ сæ куысты хъуамæ архайой æмæ дарддæр æххуыс кæной къабæзты паддзахадон программæтæн.

«Рацæудзæн рæстæг æмæ мах æрцæудзыстæм Парламентмæ, цыран нæ бафæрсдзысты, кæм сты нæ паддзахадон программæтæ, зæгъгæ. Æмæ алчидæр хъуамæ цæттæ уа депутатты раз дзуапп дæттынмæ. Бамбарын кæна цахæм пълæнттæ йæм ис, цахæм нысæнттæ æмæ хæстæ æвæры йæ разы æмæ сæ цахæм фæрæзтæй æххæст кæнынмæ хъавы», – загъта уый.

Æмбырды куысты хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев фарст æрæвæрдта хъæууонхæдзарадон продукци куыстгæнæг заводтæ саразыны æнæ-мæнгхъæуындзинады фæдыл.

Бибылты Анатоли сразы ис йæ хъуыдыимæ æмæ фæндон бахаста, цæмæй уал райдианы  бацархайæм æхсыры продукцийыл бакусын æмæ ведомствойы сæргълæууæгæн бахæс кодта ахæм куыстуат саразыны фæдыл бизнес-план бацæттæ кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.