Советон хицауады ныппырхæй æмæ дыууын азы дæргъы хæстон уавæрты цæргæйæ нæ республикæйы экономикæ раууатмæ æрцыд. Цæрджыты царды уавæртæ æрхаудысты ныллæг æмвæзадмæ. Афтæ уыд куыд республикæйы центры, афтæ дæрддаг цæрæн бынæтты дæр. Уыдон уæлдай тынгдæр бандæвтой горæт Къуайсайыл. Уымæн æмæ йæ цæрджытæн, стæй æрмæст уыдонæн нæ, фæлæ æгас Къуыдаргомы цæрджытæн дæр сæ цард баст уыдис æрзæткъахæн управлениимæ. Фæлæ уæззау дуг уымæн дæр йæ иувæрсты нæ ахызт. Æхгæд æрцыдис æмæ иууылдæр æгуыстæй аззадысты йæ цæрджытæ дæр. Æмæ уæд хуыздæр цардагур фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм. Абон республикæйы разамынад æппæт дæр аразы, цæмæй ацы хæххон горæт ногæй сæндидза æмæ йæ цæрджыты цард æрбæстон уа. Æрмæст фæстаг азты Къуайсайы фæзындысты нырыккон скъола, рынчындон, сывæллæтты цæхæрадон, фæуд кæнынц культурæйы хæдзар цалцæг кæныны фæдыл куыстытæ. Уымæй дарддæр ма цалцæг цæуынц фæндæгтæ, ивд цæуынц электроифтонгады, донифтонгады æмæ æндæр хызæгтæ.

Горæты дарддæры рæзты фарстыты фæдыл 11-æм октябры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта кусæгон æмбырд. Хайад дзы райстой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир æмæ Къуайсайы администрацийы ног снысангонд сæргълæууæг Гæззаты Роберт. Æмбырды ма хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям, Автомобилон фæндæгты арæзтады æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, паддзахадон унитарон куыстуæтты æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады структурон дæлхæйтты къухдариуæггæнджытæ.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, æмбырды агъоммæ уый фембæлдис Гæззаты Робертимæ æмæ æруынаффæ кодтой иууыл проблемондæр фарстытыл, кæцыты скъуыддзаг кæнын хъæуы Дзауы æмæ Къуайсайы администрациты, афтæ ма респуб-ликæйы разамынады иумиаг тыхтæй.

Æмбырды куыд банысанчындæуыд, афтæмæй хъæуы мониторинг ауадзын Къуайсайы зæронд цæрæн фонды фæдыл, цæмæй бæрæг уа, кæм дзы ис цæрæг æмæ дзы афтид чи сты. Хъæуы саразын куысты план, цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл, балансмæ радтын хъæуы ног цæрæнуат, афтæ ма хъæуы сцалцæг кæнын горæты сæйраг уынджы, сплан хъæуы ног донуадзæны арæзтад.

Паддзахадон исады æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитетæн, паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Дорэкспострой» æмæ «Арæзтадон æрмæджыты завод»-æн, афтæ ма Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн хæсгонд æрцыд, цæмæй сын ацы ахсджиаг фарстыты аскъуыддзаг кæныны  баххуыс кæной.

Хъуылымбегты Доменти сын сæ къухдариуæггæнджытæм æрсидт, цæмæй æвæс-тиатæй æрæвналой сæ хæслæвæрттæ æххæст кæнынмæ. «Мах хъуамæ адæмæн аразæм цæрынæн нормалон уавæртæ, цæмæй фæстæмæ здæхой сæ цæрæн бынæттæм. Алцæмæн дæр æвиппайды саразæн нæй, фæлæ нæ хъарутæ фыццаградон хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ куы аздахæм, уæд къахдзæф-къахдзæфы фæстæ махæн бантысдзæн уавæр фæ-хуыздæр кæнын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.  Уый ма Къуайсайы админис-трацийы сæргълæууæг Гæззаты Робертæн бахæс кодта, цæмæй горæты уынгты бацæттæ кæна асфальт кæнынмæ æмæ уый фæстæ та куыстытæ адарддæр кæндзæнис паддзахадон унитарон куыстуат.

Рабадты Гæззаты Роберт куыд фехъусын кодта, афтæмæй сывæллæтты цæхæрадон æмæ скъолайы къухдариуæггæнджытæ хъаст кæнынц аразджытæ ацы объектты цы цухдзинæдтæ æруагътой, уыдоны тыххæй. Хицауады Сæрдар бахæс кодта, цæмæй бабæрæг кæна ацы уагдæтты уавæр æмæ дзы цы цухдзинæдтæ рабæрæг уа, уыдон аиуварс кæныныл бакуса. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы нысæнттæн æрвылаз дæр цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн рахицæн æрцæуы æхцайы фæрæзтæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.