26 августы Хуссар Ирыстоны адæм нысан кæнынц, республикæйы цардарæзтадыл хорзæрдæм цы бæрæгбон бандæвта, абон нæ адæм сабыр арвы бын æдасæй кæй цæрынц, уыцы нысаниуæгджын бæрæгбон – Уæрæсейы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымайыны бон.

Ацы бæрæгбонæн нæ царды цы нысаниуæг ис, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой нæ горæты цæрджытæ:

Цхуырбаты Люся – Фæллойы ветеран:

– Абон кæд пандемийы аххосæй æндыгъд уавæры ис æнæхъæн дуне, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстон дæр, уæддæр стыр æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ нæ адæм  нысан кæнынц нæ республикæйы царды иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбонтæй сæ иу – Уæрæсейы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымайыны бон. Ацы бæрæгбонæн Хуссар Ирыстоны царды стыр нысаниуæг ис, растдæр зæгъгæйæ та – историон нысаниуæг. Мæнмæ гæсгæ, уый ахæм стыр бæрæгбон у, цыран фæрсæй-фæрсмæ уæвынад кæнынц цины æнкъарæнтæ æмæ æрхæндæгдзинад. Цины æнкъарæнтæ æмбæрстгонд  сты. Уымæн æмæ  æнусты дæргъы ирон адæм хæдбар, нымад паддзахадмæ  бæллыдысты æмæ 2008 азы хæсты хæдфæстæ, стыр маст æмæ æрхæндæгдзинады уавæрты сæ зæрдæ барухс, 26 августы  се ‘нусон бæллиц  сæ къухы кæй бафтыд, уый руаджы. Æрхæндæг æнкъарæнтæ та уымæн, æмæ паддзахадон хæдбардзинад нæ къухы бафтыд бирæ удты  аргъæй, бирæ дыркъуым фæндæгтыл рацæугæйæ æмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзаргæйæ.

Ныр 12 аз Хуссар Ирыстоны нал хæлынц знаджы минæтæ æмæ бомбæтæ, нал хъуысынц «Грады» системæйы срæмыгъдтытæ. Нæ республикæ цадæггай йæ къахыл лæууын райдыдта. Адæм сæ сомбоныл кæй баууæндыдысты, хуыздæр цардагур кæй нал лидзынц республикæйæ, уый дæр кæуылты хорз хъуыддаг у. Ацы сабыр цард æмæ райрæзтæн гарант у Стыр Уæрæсе, уый æххуысæй царды ныфсхаст къахдзæфтæ аразы нæ паддзахад дæр, Уæрæсейы финансон æххуысæй сæндидзыдта нæ республикæйы инфраструктурæ, хæрзарæзт цæуынц нæ горæт æмæ республикæйы районтæ,  Уæрæсейы  фарсхæцынады руаджы нæ адæм цæрынц сабыр арвы бын.

 Кæд зæрдæйы фæндиаг нæ, уæддæр цадæггай йæ къахыл лæууын райдыдта нæ экономикæ дæр. Зæрдæйы фæндиаг уымæн нæ рæзы, æмæ йæ бирæ азты дæргъы нæ хуссайраг сы-хæгтæ нысанмæздæхтæй пырх кодтой. Федзæрæг кодтой нæ  республикæйы хъæуты, зынджы хай сæ фæкодтой. Нæ раздæры область та аграрон уыд, хъæууонхæдзарадон продукттæй ифтонг кодта, æрмæст нæ областы цæрджыты нæ, фæлæ Гуырдзыстоны дæр. Уæдæ афтæ æнцон нæу æртхутæгæй экономикæйы сæндидзын кæнын. Уымæ нæ кæсгæйæ, куыд гæнæнтæ сын ис, афтæ архайынц нæ къухдариуæгад, йæ арæхстджын архайд æмæ Уæрæсейы æххуысæй цадæггай, æвæццæгæн, сæндидздзæн нæ экономикæ дæр.

Кокойты Кълавдия, хæдзарон æфсин:

– Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиагдæр  бæрæгбонтæй сæ иу у 26 август – Уæрæсейы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон. Ацы бонмæ мах дæргъвæтин фæндагыл рацыдыстæм, æмæ нæ къухты цы аргъæй бафтыд, уый ферох кæныны бар махæй никæмæн ис. 2008 азы 26 августы нысаниуæгджын бон цæмæй æрлæууыдаид, уый тыххæй нæ адæмæй сæ цард бирæтæ рауæлдай кодтой, нæ адæмæй бирæтæ радтой сæ удтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ цæрæнбонты бæллиц сæххæст уыдаид, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстон никуы ферох кæндзæн йæ хъайтарты рухс нæмттæ, никуы сын ферох кæндзæн се сгуыхтдзинад. Ныр мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæ, сæ цард нæ паддзахаддзинады размæцыды тыххæй чи рауæлдай кодта, уыдоны фæндтæ æмæ бæллицтæ æнæхъуаджы ма фæкæнæм, уый тыххæй. Махæй алкæйы хæс дæр у æнæ зæрдæхудтæй кусын, нæ паддзахады рæзмæдзыды тыххæй архайын, алы фадыджы дæр æй раразмæ кæнын æмæ йæ ног æмвæзадмæ схизын кæнын.

Цхуырбаты   Сæрмæт, службæгæнæг:

– Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон хуссайраг ирæттæн стыр бæрæгбон у, уымæн æмæ нын нæ паддзахады официалон æгъдауæй банымадта æфсымæрон Уæрæсейы Федераци. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы æрдыгæй уый уыд ахсджиаг æмæ бæрнон политикон къахдзæф. Уымæй дунейы бæстæты ‘хсæн схызт йæ рейтинг. Махæн та æрхаста гарантигонд сæрибардзинад. Уæ газеты руаджы мæ стыр бузныг зæгъын фæнды  Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ адæмæн се ‘ххуысы тыххæй.

Санахъоты Фатимæ, интеллигенцийы минæвар:

– Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон æз дæр æмæ нæ адæм дæр стыр бæрæгбоныл нымайæм. Уы-мæн ахсджиаг бынат ис Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы. Ирон адæм æнусты дæргъы бæллыдысты æмæ цыдысты ацы бонмæ æмæ нæ къухы куы бафтыд, уæд хъуамæ архайæм нæ паддзахады райрæзты æмæ йæ сфидар кæныны тыххæй, хъуамæ хъуыды кæнæм нæ рæзгæ фæлтæры фидæныл, цæмæй мах цы хъизæмæрттæ бавзæрстам ацы нысаниуæгджын бонмæ цæугæйæ, уый мауал бавзарой нæ кæстæртæ, фидæны фæлтæртæ. Мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ фæстагæттæн уа рухс фидæн, хъуамæ сæ бафтауæм раст фæндагыл, радтæм сын раст хъомылад. Уыимæ иумæ хъуамæ ма ферох кæнæм, нæ хæдбардзинады тыххæй йæ цард чи рауæлдай кодта, уыдоны рухс нæмттæ.

Тадтаты Ритæ, горæты цæрæг:

– 20 азы дæргъы мах хæстон уавæрты цардыстæм. Бирæ зиæнттæ нын ракодта Гуырдзыстоны фашистон режим, бирæ цардбæллон удты багæндон кодта. Уыцы тракигон цаутæн кульминаци уыд 2008 азы августы хæст. Уырнгæ дæр мæ нæ кодта, мæ зæрдæмæ ма æввахс рæстæджы исты хорздзинад бахъардтаид, фæлæ 26 августы куы фехъуыстон Уæрæсейы уæды Президент Дмитри Медведевы барамынд, уæд мæ, раст зæгъгæйæ, æххæст уырнгæ дæр нæ бакодта. Афтæ мæм каст, хæсты рæмыгъдтыты аххосæй мæ хъустæ цыдæр кодтой æмæ мæ сайынц. Телевизоры æндæр каналты дæр абæрæг кодтой æмæ иууылдæр уыцы барамындыл дзурæг куы уыдысты, уæд мæ бауырныдта.   Мæнмæ гæсгæ, ацы бæрæгбон стыр бæрæгбон у хуссайраг ирæттæн, æниу æрмæст хуссайраг ирæттæн нæ, фæ-лæ æнæхъæн иры дзыллæйæн дæр.  Уымæн æмæ 2008 азы 26 августмæ мах цыдыстæм хъизæмæрттæ æвзаргæйæ, уымæй дæр нæ равзаргæ фæндагæй иу мисхал дæр нæ фæиппæрд уæвгæйæ, дæргъвæтин рæстæджы дæргъы. Æмæ нæ фæрæдыдыстæм… Абон махæн ис хæдбар, сæрибар паддзахад æмæ уымæй стæм сæрыстыр. Рæстæг цæуы, бирæ цыдæртæ ферох вæййынц, фæлæ мах ма хъуамæ ферох кæнæм, нымад, хæдбар паддзахад нæ къухты цы аргъæй бафтыд, ма хъуамæ ферох кæнæм, йæ уд хæдбардзинады сæрвæлтау чи радта, нæ уыцы цардбæллон, æдзард хъæбатырты рухс нæмттæ. Мах нæхи номæй дæр æмæ уыдоны номæй дæр хъуамæ архайæм нæ хæдбардзинад сфидар кæныныл, нæ паддзахады размæцыдыл, ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ йæ схизын кæныныл. Раст у, абон коронавирусы инфекцийы тыххæй чысыл цухдзинæдтæ æвзарæм, фæлæ нæ рох ма хъуамæ уа, 2008 азы августмæ цы хъизæмæрттæ æвзæрстам. Уыцы дудгæбæттимæ абаргæйæ, ацы цухдзинæдтæ денджызы иу æртахы сæдæйы хайы бæрц дæр не сты, уыимæ дæр уыцы цухдзинæдтæ рæстæгмæ сты æмæ сын хъуамæ бафæразæм.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Уæрæсейæн, йæ фарсхæцынады, йе ‘ххуысы æмæ нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, æппæт уыдæтты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.