«Æргом хицауад»-ы фæлгæтты Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты дарддæр уагъд цæуынц паддзахадон хицауиуæгадон, æххæстгæнынадон, закъондæттынадон органты æндæр бæрнон кусджытимæ пресс-конференцитæ.

Дунеон пресс-центры уазджытæ ацы хатт уыдысты РХИ-йы Национ банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс æмæ Æфснайæн банчы сæргълæууæг Санахъоты Георги.

Национ банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Национ банчы хыгъды иумæйаг нымæц, хъалонтæ æмæ æндæр æнæмæнгхъуыддаг фæрæзты руаджы 2012 азы июны мæйæ абоны онг у 80 милуан сомы бæрц. Уымæй аразæн ис ахæм хатдзæг, æмæ 2012 азæй 2016 азмæ бюджетмæ цы фæ-рæзтæ хаст æрцыд, уыдон 11 хатты фылдæр сты, 2006 азæй 2012 азы июны мæймæ банчы уæды къухдариуæгад уыцы нысанæн цы фæрæзтæ хаста, уымæй.

«Национ банчы сæргълæууæгæй æз нысан æрцыдтæн 2012 азы июны мæйы дыккаг æмбисы. Банг уæд уыд уæззау финансон уавæры. Уæды къухдариуæгад цы кредиттæ фæлæвæрдта 345 милуан сомы бæрц, уыдон фæстæмæ хаст нæ цыдысты. Уыцы суммæйæ 150 милуан сомы лæвæрд æрцыдысты коммерцион банг «Бон-Банк»-æн. Уыцы кредит лæвæрд æрцыд 2012 апрелы мæйы клиентты æхцаты фæрæзты руаджы æмæ уый фæстиуæгæн фæзынд банг сæхгæнынимæ проблемæтæ. Уымæй дæр ацы бангæн кредит лæвæрд куы цыд, уæд иу закъон дæр æххæст не ‘рцыд. Бадзырды ирдæй фыст уыд. Кредит цы банг исы, уый дзуапп дæтты змæлгæ æмæ æнæзмæлгæ исадæй.

Зассеты Феликс куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Бон-Банк» Национ банчы бæстыхайæ арендæйы иста цалдæр хатæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы исад ын нæ уыд.

Феликс ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2012-15 азты Национ бангæн бантыст 230 милуан сомы æфтиæгтæ райсын. Уый руаджы «Бон-Банк» цы хæрдзтæ скодта, уыдон æмбæрзт æрцыдысты.

Национ банчы архайдыл дзургæйæ, Зассеты Феликс банысан кодта – ивгъуыд аз апрелæй пайдайы кредиты фæдыл процент фæкъаддæр 18 процентæй 16,5 проценты онг.

Уыцы фарст бирæ хатт æвæрд цыд республикæйы къухдариуæгады раз. Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Парламентмæ Президенты Ныстуаны дæр дзырд цыд ацы фарсты æмæ уый фæдыл уынаффæ ист æрцыд, Президенты хæс лæвæрд сæххæст кæныны фæдыл.

Дарддæр Национ банчы куыстыл дзургæйæ, Зассеты Феликс банысан кодта, зæгъгæ, банг цы зæрдылдарæн мо-нетæтæ уадзы, уыдон ‘хсæн ма фæзын-дзæн Советон Цæдисы хъайтартæ: Плиты Иссæ, Хетæгкаты Георги æмæ Мамсыраты Хадзы-Умары хуызистимæ æхца дæр.

Ахæм зæрдылдарæн монетæтæ уадзыныл Национ банг кусы 2013 азæй, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл фондз азы сæххæсты цытæн. Уый фæстæ ма Национ банг рауагъта монетæтæ Хетæгкаты Къоста, Абайты Уасойы юбилейты цытæн, Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн, Мады Майрæмы, Архангел Михаил æмæ Сыгъдæг Георгийы номыл.

Ныры дуджы дунейы æмбæстæгтæ пайда кæнынц банчы картæтæй.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ фылдæр кредиттæ исынц  Æфснайæн банчы, чи коммерцийы нысанæн, чи хæдзар æлхæнынæн, чи йæ æнæниздзинады тыххæй.

Æфснайæн банчы сæргълæууæг Санахъоты Георги куыд загъта, уымæ гæсгæ абоны онг банг радта 2180 кредиты  сæ иумиаг нымæц 450 милуан сомы бæрц. Рады ма лæууынц кредиттæ райсынмæ 668 адæймаджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, банчы клиенттæ, сæйра-джыдæр, сæ кредиттæ фидынц рæстæгыл, фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ нæ бахъæуы тæрхондонон органтæм бахатын дæр. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæныны тыххæй кредит райсынмæ чи æрбахаты, уыдоны хъуыддагмæ æнæ радæй æркæсынц, уымæн æмæ æмбæлон документтимæ æрбавдисынц æнæмæнгхъæуæг медицинон документтæ.

«Тынг бирæ æмбæстæгтæ цæрынц æххуырст хæдзæртты. Уыдонæй бирæ-тæ аскъуыддзаг кæнынц кредит райсын банчы, уымæн æмæ æххуырст цас фи-дынц, кредит дæр уымæй фылдæр нæу мæйы дæргъы», – банысан кодта Георги.

Кредиттæ лæвæрд цæуынц куыстмызд æмæ æфстау исты ныууадзгæйæ. Куыстмызды бæрцмæ гæсгæ кредит лæвæрд цæуы 200 мин сомы бæрц, уый фæстæмæ хаст хъуамæ æрцæуа 2,5 азмæ.

Ипотекæйы системæмæ гæсгæ кредиттæ дæттыны фæдыл фарст æрбæстон кæныны фæдыл банчы нырма уыцы фæрæзтæ нæй. Фæлæ вæййы афтæ æмæ бангæн æфстау цы хæдзæрттæ баззайы, уыдон ауæй кæны æмæ сæ хайгай фиды, чи йæ балхæны, уый.

Санахъоты Георги ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ банчы йæ ‘хцайы фæрæзтæ чи æвæры, уыдон сты 1565, юридикон æмæ физикон цæсгæмтты суммæ та у 300 милуан сомы бæрц, уыдонæй 160 милуан сомы сты æмбæстæгты æвæрæнтæ.

Банчы куыстæн анализ аразгæйæ, дарддæр Национ банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс банысан кодта, зæгъгæ, банг у экономикæйы айдæны. Экономикæ куы цуда, уæд банг дидинæфтаугæ нæ уыдзæн.

Республикæйы районты  бангты бæстыхæйтты уавæры фæдыл уый куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Знауыры районы банчы бæстыхай иннæ районты бангтимæ абаргæйæ  уыд æдзæллаг уавæры. Уыцы бæстыхай бынтондæр пырх æрцыд æмæ арæзт цæуы ногæй. Кæронмæ йæ арæзтад фæхæццæ кæны. Уым дæр æвæрд æрцæудзæн банкомат. Уый фæрог кæндзæнис, куыд цæрджыты, афтæ дзы цы уæрæсейаг æфсæддон службæ-гæнджытæ ис, уыдон къух дæр.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.