РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ фæуазæг сты сабидон «Золотой ключик»-ы хъомыл-гæнинæгтæ.

Традицион æгъдауæй Хуссар Ирыстоны сабидæттæ æмæ скъолаты афæдзы кæрон уагъд фæцæуынц ногазон мадзæлттæ æмæ сæм хуынд æрцæуынц паддзахадон кусджытæ, арæх Республикæйы Президент дæр. Паддзахады сæргълæууæг архайы ахæм мадзæлттæм бацæуынæн рæстæг ссарыныл, кæд ын алы  хатт нæ рауайы, уæддæр. Фæлæ ацы фæндоныл æнæ сразы уæвæн нæ уыд.

Сывæллæттæ сæ хъомылгæнджытимæ оригиналон æгъдауæй фæхуыдтой Президенты – бахастой йæм фыстæг, цыран банысан кодтой, æнæхъæн аз сæхи хорз кæй дардтой, уый. Президенты къухмæ радтой ногазон мадзалмæ хонæн гæххæтт дæр. Сывæллæттæ Бибылты Анатолийæн бакастысты ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæтæ Райгуырæн бæстæйы темæйыл.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта сывæллæттæн æрбалæууинаг Ног азы цытæн.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, æз ахæм ахсджиаг мадзалмæ æрбацæудзынæн. Сымах та мын ныфс бавæрут, дарддæр дæр афтæ æмбаргæ, рæсугъд кæй уыдзыстут, æмæ уæ ныййарджытæм æмæ уæ хъомылгæнджытæм кæй хъусдзыстут», – загъта Бибылты Анатоли.

Сывæллæттæ сæ мисси кæй сæххæст кодтой, уымæй райгондæй баззадысты  æмæ  Президентæй рацыдысты къанфетты стыр хызынимæ. Уыдон бацыдысты сæ сабидонмæ æмæ паддзахады сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ се  ‘мбæлттимæ  адих кодтой адджинæгтæ.

Банысан кæнын хъæуы, официалон фембæлдмæ цæттæ кæныны рæстæджы сывæллæттæ æдыхстæй кæй бадтысты Президенты химæисæны æмæ цæттæ кодтой се ‘мдзæвгæтæ æмæ зарджытæ æрмæст ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл нæ, фæлæ  италиаг æвзагыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.