Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Сæудæджерады куыстуæттæн стыр нысаниуæг ис цæрджыты хæлцадон продукттæй ифтонг кæныны хъуыддаджы. Товаруадзджыты дæсны-дзинадыл баст у базарады, арæзтады, аграрон фадыджы æмæ энергетикæйы рæзт. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ранымайгæ фадгуыты эффективон рæзты сæйраг хай у транспортон инфрастрктурæйы рæзт, æнæ кæцыйæ уæвæн нæй нырыккон цардæн.

Куысты стыр æнтыстытæ сты бирæ азты дæргъы фæллойгæнджыты сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ хъуыддагæй сбæлвырд кодтой сæ бон кæй у эффективонæй кусын. Бузныг уын алкæмæн дæр уæ профессионалон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны тыххæй. Растдæр уæ æнтысгæ куысты руаджы арæзт цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæн, фидар цæуы бæстæйы экономикон потенциал.

 Ныфс мæ ис, райсгæ фæлтæрддзинад, зонындзинæдтæ æмæ хорз традицитыл бындуриуæг кæнгæйæ, сымах дарддæр дæр стыр хайбавæрд кæй хæсдзыстут нæ национ хъæздыгдзинад фылдæр кæныны хъуыддаджы.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, ног æнтыстытæ, сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уе  ‘ввахс хиуæттæн!

***

Сæудæджерад æмæ транспорты кусæджы боны цытæн ма раарфæ кодтой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.