Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Сирийаг Арабаг Республикæ куы банымадта, уыцы боныл иу аз кæй сæххæст, уый цытæн РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли арфæйы тел арвыста Башар Асадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дунеон позициты сфидар кæнынмæ йæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй.

Телы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын господин Президент,

 Хуссар Ирыстоны банымад дунейæн фенын кодта Сириаг паддзахады æцæг хæдбардзинад, дунеон барады бындурон принциптæ æмæ дывæр стандарттæй сæрибардзинадыл иузæрдыгдзинад, кæцыты сфидар кодтой дунеон ахастыты фæткæвæрджыты ролмæ чи претензи кæнынц, уыцы бæстæтæ.

Ивгъуыд аз арæзт æцыдысты ахсджиаг къахдзæфтæ, кæцытæ фидар бындур æрæвæрдтой хæлардзинад æмæ æмгуыстадæн. Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц нæ бæстæты ‘хсæн ахастыты хæларадон æмæ конструктивон характерæн æмæ сæ ныфс ис ахастыты дарддæры рæзтæй дыууæ нацийы интересты тыххæй.

Уавæрæй пайда кæнгæйæ, дæ курæг дæн, господин Президент, цæмæй айсай Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад, адæмы номæй мæ иу-уыл хуыздæр арфæтæ сабырдзинад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд дæуæн æмæ æппæт сирийаг адæмæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.