Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста цытджын мадзæлтты, кæцытæ уагъд æрцыдысты Уæрæсейаг зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры сарæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн.

Дзæуджыхъæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы-РЦИ-Аланийы Маринаг театры филиалы холлы, цыран уагъд æрцыд мадзал, байгом ис Уæрæсейаг зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры зонадон æнтыстыты равдыст.

Цытджын хай райдыдта зонадон центры архайд æмæ æнтыстыты тыххæй фильмы равдыстæй, кæцыйы гармонион æгъдауæй уыд регионы фундаменталон зонады æмæ социалон-экономикон рæзты интерестæ иумæйагæй. Уæрæсейаг зонæдты академийы Дзæуджы-хъæуы зонадон центр æрбаиу кодта Геофизикон институт, Биомедицинон иртасæнты институт, Хæххон æмæ хохрæбын хъæууон хæдзарады Цæгат-кавказаг зонад-иртасæн институт,  Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ соицалон иртасæнты институт æмæ Хуссайраг математикон институт.

Уæрæсейаг зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центр у федералон нысаниуæджы егъау зонадон проекттæ реализацигæнæн  территори.

Центры коллективæн бантыст саразын организацийы фидар академион системæ, зонадон иртасæнтæ ауадзын æмæ математикæ, Зæххы тыххæй зонад, фундаменталон медицинæ, историон-филологон, æхсæнадон æмæ хъæууон-хæдзарадон зонæдты фадыджы бæрзонд квалификацийы зонадон кадртæ бацæттæ кæнын. Ацы здæхтыты фæдыл æнтыстджынæй уагъд цæуынц фундаменталон æмæ прикладон иртасæнтæ.

Уæрæсейаг зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центрæн загъд æрцыд бирæ хорз ныхæстæ æмæ арфæтæ дарддæры æнтыстджын архайды тыххæй.

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев банысан кодта, зын рæстæджыты центр чи арæзта, уыцы адæмы куырыхондзинад æмæ дардмæ уынындзинад.

«Зонадон центр нын кæй ис, уый æрмæст кадджын нæу, фæлæ ма æвæры стыр бæрндзинад. Цæгат Ирыстоны фундаменталон зонад активонæй арæзт куынæ ‘рцыдаид, прикладон иртасæнтæ уагъд куынæ цыдаиккой æмæ куынæ сырæзтаид зонадон интеллигенци, уæд центр дæр æвæццæгæн нæ уыдаид.

Абоны бонæй цæргæйæ, йæ аразджытæ хъуыды кодтой фидæныл. Уыдон æмбæрстой, зонад кæй хъæуы, уый. Арæзт æрцыд центр, кæцы 25 азы дæргъы равдыста йæ цæрдхъом, йæ фадæттæ, равдыста æппæт махæн, Цæгат Ирыстонæн кæй ис егъау перспективон зонадон хъомыс, кæцы хъæуы æмæ кæцы лæггад кæндзæн нæ республикæйы культурон, экономикон æмæ социалон прогрессы рæзтæн», – загъта уый.

Бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ зонадон кусджытæн загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

«Цытджын хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын нысаниуæгджын бон – центрыл 25 азы сæххæсты цытæн!

Зонад у прогресс, зонад у рæзт, зонад у размæ цæуынад. Адæймаджы алыварс цы хорздзинæдтæ ис, уыдон иууыдæр сты зонады æнтыстытæ. Мæ цæст уын уарзы  куысты стыр æнтыстытæ.

Тынг æхсызгон мын у, ацы центр кæй æрбангом кодта Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы ахуыргæндты. Æмæ мæ ныфс ис, кæддæр Ирыстон иугонд кæй суыдзæн æмæ Дзæуджыхъæуы зонадон центр нæ уыдзæн, фæлæ иугонд Ирыстоны зонадон центр.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд», – загъта Бибылты Анатоли.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта Уæрæсейаг зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры зонадон къухдариуæггæнæг Къусраты Анатолийы хайбавæрд зонадон центр æмæ РХИ-йы ахуырады рæзт сæндидзын кæныны хъуыддагмæ.

Фыдыбæстæйон зонады рæзтмæ йæ лæггæдтæ, бæрзонд профессионализм æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Кады орденæй схорзæхджын кодта Къусраты Анатолийы.

Йæ раныхасы кæронбæттæны Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центрмæ сидты тыххæй РХИ-йы Дзæуджыхæуы зонадон центры филиал Республикæ Хуссар Ирыстоны байгом кæныны фарсты фæдыл.

«Кæд ацы идея сæххæст кæнын рауайа, уæд, уый æз афтæ хъуыды кæнын æмæ хуссарирыстойнаг зонады рæзты уыдзæн серьезон къахдзæф», – загъта уый.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.