19 октябры уыд Чехойты Александры чиныг «Комната портретов»-ы презентаци, цыран хайад райстой Парламенты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ, фысджытæ æмæ журналисттæ. Мадзалы амонæг Республикæ Хуссар Ирыстоны журналистты цæдисы сæрдар Харебаты Батрадз цыбыртæй базонгæ кодта æрæмбырдуæвджыты Чехойты Александры сфæлдыстадимæ.

«Тынг зын у поэтикон чиныгæн презентаци аразын, зонын æй, Чехойты Александр æмдзæвгæтæ фыссы рагæй, фæлæ йæ уацмыстæ ныммыхуыр кæныныл никуы архайдта. Мæнмæ-иу æрбахаудтой йе ‘мдзæвгæтæ, æмæ-иу мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, уымæн æмæ æз мæхæдæг кæд поэт нæ дæн, уæддæр поэзи тынг бирæ уарзын. Кæмдæрты йе ‘мдзæвгæтæ вæййынц хъазгæмхасæн, кæмдæр философон, кæмдæр иронийæ дзаг, æмæ уымæ гæсгæ мæнмæ фæзынд йе сфæлдыстадмæ зæрдиаг ахаст. Кæддæр уыди иу поэзийы изæр, æмæ дзы кастытсты ахæм стыр поэтты æмдзæвгæтæ, куыд Бродский, Высоцкий, Тарковский, æмæ уый фæстæ та бакастысты æнæзонгæ авторы æмдзæвгæтæ. Адæм сцымыдис сты, ома чи у ацы æмдзæвгæты автор. Æз загътон, зæгъгæ, ацы æмдзæвгæтæ сты Чехойты Александры фыст. Адæм фæдисау сты, ома йæ кæцæй базыдта, Александры фыст сты, уый, æмæ сын æз дзуапп радтон, сæ кæрæттæм гæсгæ сæ базыдтон, зæгъгæ», – радзырдта йæ бацæуæн ныхасы Харебаты Батрадз.

Парламенты Спикер йæ раныхасы куыд загъта, уымæ гæсгæ фыццаг хатт Александры æмдзæвгæтæ куы бакаст, уæд æй уырнгæ дæр нæ бакодта, æмæ тынг бацин кодта. «Чехойты Александры æз рагæй зонын, уый у ахæм адæймаг, кæцы немæ уыд не ‘ппæт уæззау азты дæргъы, нæ Республикæйы сæрыл тох куы райдыдта, уæд, æмæ мын тынг æхсызгон уыд, æмдзæвгæтæ фыссы, уый базонгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах не ‘ппæтдæр хъуамæ зонгæ уæм йе сфæлдыстадимæ, уымæн æмæ йæ уацмысты бирæтæ ссардзысты сæ зæрдæйæн уарзон æмдзæвгæ, сæхи хъуыдытæ æргомæй. Уый сæраппонд мах хъуамæ алыгъуызы дæр æххуыс кæнæм ахæм адæймæгтæн, цæмæй нын уыдон та лæвар кæной сæ аивад. Арфæ дын кæнын, Александр, де ‘мдзæвгæты æмбырдгонд рухсмæ кæй фæзынд, уый тыххæй, æмæ мæ уырны, ууыл кæй не ‘рлæудзынæ æмæ нын ноджыдæр нæ зæрдæтæ кæй барухс кæндзынæ дæ ног æмдзæвгæтæй», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты Спикер.

Йæ хъуыдытæ ма загъта РХИ-йы Парламенты депутат Коцты Жаннæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ Чехойты Алыксандры æмдзæвгæтæ сты зæрдæйæ фыст, уый бузныг загъта авторæн чиныгкæсджытæ æмæ поэзийæн аргъгæнджытæн йæ уыцы лæвары тыххæй.

Парламенты депутат Гæбæраты Юри дæр йæ хъуыдытæ загъта æрæмбырдуæвджыты раз Чехойты Александры поэзийы тыххæй. «Æз дыууæ хатты бакастæн ацы чиныг, æмæ мæ фæнды бузныг зæгъын авторæн йе сфæлдыстады тыххæй. Махмæ сæвзæрд полемикæ, ирон фысджытæй уырыссагау чи фыссы, уыдон сфæлдыстадæн ирон литературæмæ сæ хайбавæрд банымайæн ис, æви нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссаг литературæйы Пушкин æмæ Толстойæ дарддæр куы ничиуал уаид, уæддæр уый нымад уаид дунейы æппæты хуыздæрыл. Уырыссаг литературæйы мах хъæздыгдæр нæ фæкæндзыстæм, æмæ ирæттæй иу дæр уырыссагау куынæуал ныффысса, уæддæр уый нæ фæмæгуыр уыдзæни. Бæргæ, хорз уаид, ирæттæ се ‘ппæтдæр иронау куы фыссиккой æмæ куы нымаиккам æрмæст ирон аивадмæ сæ хай чи хæссы, уыдон, фæлæ уæд цы фæкæнæм Гæздæнты Гайтойы, цы фæкæнæм Хетæгкаты Къостайы, уый уырыссагау дæр куы фыста. Мæн фæнды зæгъын уый – уадз æмæ ирæттæ фылдæр хай хæссæд ирон литературæмæ, æмæ цы æвзагыл фыссой, уымæн ницы нысаниуæг ис», – банысан кодта Гæбæраты Юри.

Чиныг «Комната портретов»-ы фæдыл ма сæ хъуыдытæ загътой Дзугаты Къоста, Хъазиты Мелитон, Зассеты Мераб æмæ æндæртæ.

Мадзалы кæрон Чиныджы автор бузныг загъта йе сфæлдыстадæн аргъ скæнджытæн, стæй æрæмбырдуæвджытæн се ‘ппæтæн дæр. «Уæлдай бузныг мæ зæгъын фæнды РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийæн, финансон æххуыс мын кæй бакодта, уый тыххæй. Æнæ уыцы æххуысæй мæ чиныг рухс нæ федтаид. Мæ фыццаг æмдзæвгæ æз ныффыстон 80-æм азты кæрон, æмæ йæ æмбаргæ дæр нæ бакодтон, куыд рауади, уый. Уыцы дуджы мæ зæрдæйы уаг афтæ уыд, æмæ мæ къух йæхигъæдæй айвæзти фыссæнтæм. Уæд æз куыстон завод «Электровибромашина»-йы æмæ мæ куыстытæ фенын кодтон ме ‘мкусджытæн, æмæ цыма сæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уæдæй фæстæмæ фæцалх дæн фыссынмæ», – загъта кæронбæттæны Чехойты Александр.

Чехойты Георгийы фырт Александр райгуырд 1961 азы 28 октябры горæт Цхинвалы. Ахуыр кодта Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы. 1978 азы бацыд Кировы политехникон институтмæ. Йæ фыццаг æмдзæвгæ Александр Георгийы фырт ныффыста 1987 азы, æмæ йын дзы ныр рауад æнæхъæн чиныг. Уый фыссы уырыссагау дæр æмæ иронау дæр, æнтысгæйæ æмархайд кæны Ирыстоны зындгонд композитортæ æмæ зарæггæнджытимæ, фыссы сын зарджыты ныхæстæ. Йæ райгуырæн бæстæ æмæ Уæрæсемæ уарзонзинад, ирон адæммæ цы уæззау хъысмæт æрхауд, уый фæдыл йæ зæрдæйы рыст æвдыст цæуынц йæ уацмыстæй бирæты.

 

РХИ-йы Парламенты Информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.