Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырдмæ Уæрæсейы Президенты æрвылазон Ныстуан, кæй зæгъын æй хъæуы, у ахсджиаг программон документ, кæцы бæлвырд кæны паддзахады рæзты фæдыл здæхтытæ. Фæлæ, уыимæ ацы документы лæмбынæгæй ахуыр кæнынц Уæрæсейæн æддейæ дæр, уымæн æмæ уый здæхт у, куыд фæзæгъынц, бæстæмæ æмæ дунемæ.

Президенты 2018 азы 1 марты Ныстуан хицæн кæны Уæрæсейы иууыл ногдæр историйы æппæт æнгæс документтæй. Уыимæ Ныстуаны нысан цæуы, уый æххæстæй дзуапп кæй дæтты бæстæйы стырдзинадæн æмæ йæ адæм цы аккаг сты, уымæн, уый здæхт у Уæрæсейы алы æмбæстагмæ дæр æмæ æгас дунемæ дæр. Стыр бæстæйы æмбæстæгтæ аккаг сты,  цæмæй аккаг цард кæной æмæ 2018 азы Ныстуаны стыр хъусдард здæхт цæуы социалон къабазы æмæ экономикон рæзты фарстатæм. Паддзахад исы ирд ориентир æмæ дызæрдыггæнæн нæй, тагъд рæстæджы адæм кæй банкъардзысты зынгæ ивындзинæдтæ хуыздæрæрдæм.

Уыцыиу рæстæджы цахæмфæнды хæрзиуджытæн дæр аргъ нæ уыдзæн, бæстæ ифтонг куынæ цæуа ныфсджын хъахъхъæнынадон æдасдзинадæй. Бæстæйы хъахъхъæнынхъомдзинад фидардæр кæныны фарстытыл дзырд кæм цæуы, Ныстуаны уыцы хæйттæ æвзæрын кæнынц сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ æмæ фидæныл æууæндындзинад. Хуссар Ирыстоны, кæцы рацыд уæззау хæстытыл æмæ бирæ азты дæргъы цард æддагон агрессийы æдзухон тасдзинады бын, Уæрæсейæн хæцæнгæрзты авангардон системæйы фæзынды тыххæй. Ныстуаны ныхæстæ исынц, куыд ног бæлвырдгæнæн, махæн фидар сабырад æмæ æххæст æдасдзинад ифтонг кæй цæуы, уый тыххæй. Мах уынæм, Уæрæсейы къухты кæй ис иууыл хъомысджындæр хæцæнгарз, кæцы лæггад кæны æрмæстдæр сабырад, дунеон закъондзинад æмæ рæстдзинад бахъахъхъæныны нысæнттæн, кæцы хуыйны хæрзиуæгон тых.

Æмæ ма мæ ноджы цы фæнды зæгъын: Хуссар Ирыстоны иттæг хорз зонынц, цахæм нысаниуæг æмæ лæггæдтæ ис, уæрæсейаг паддзахады сæргъ чи лæууы, уыцы адæймагæн, цæмæй Уæрæсе ногæй суа хъомысджын æмæ йæхицæн раздаха аккаг бынат дунейы. Ныфс мæ ис, Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ сæ хъæлæс кæй ратдзысты Владимир Владимиры фырт Путины кандидатурæйæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.