РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли арфæйы тел арвыста Республикæ Никарагуайы Президент Хосе Даниэль Ортегамæ зæрдылдарæн бæрæгбон – Сандинистон революцийы боны цытæн.

Арфæйы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Дæ бæрзонддзинад!

Æрвитын дæумæ æмæ æппæт хæларадон никарагуайаг адæммæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ зæрдылдарæн бæрæгбон – Сандинистон революцийы боны цытæн.

Никарагуайы адæмæн Сандинистон революцийы фæуæлахиз фæндаг байгом кодта демократи сфидар кæнынмæ, æцæг адæмон паддзахад саразынмæ, кæцы ифтонг кæны бæстæйы рæзты стыр æнтыстытæ æмæ хæдбардзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм стыр аргъ кæнынц хусарирыстойнаг-никарагуайаг ахастытæн æмæ стыр бузныг сты Республикæ Никарагуайы разамынад æмæ адæмæй сæ иузæрдион фарсхæцынадæй æмæ нæ паддзахады дунеон банымады   хъуыддагмæ се стыр бавæрды тыххæй.

Уырны мæ, нæ иумæйаг архайдтыты руаджы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Никарагуайы ‘хсæн хæлардзинады æмæ æмгуысткæнына-ды ахастытæ дарддæр дæр кæй фидардæр кæндзысты, ног мидисæй кæй йедзаг кæндзысты, динамиконæй кæй рæздзысты, кæцытæ, æнæдызæрдыгæй, дзуапп дæттынц нæ адæмты интерестæн.

Ацы зæрдылдарæн боны, Команданте Ортега, мæ цæст уарзы дæуæн æмæ æппæт сæриба-руарзаг никарагуайаг адæмæн сабырад, амонд æмæ фæрныгад».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.