Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады делегацийы, УФ Гарзджын тыхты Хуссар æфсæдон зылды командагæнæджы хæдивæг Александр Романчукы сæргълæудæй.

Фембæлды хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонты хайад райсыны фæдыл Хуссар Ирыстонмæ сæ балцы тыххæй.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ махæн æнгом æмахастытæ кæй сæвзæрд нæ республикæйы дислокацигонд уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæимæ æмæ 58-æм æфсады командæкæнынадимæ. Æз афтæ нымайын, æмæ ацы ахастытæ сты иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли бузныг загъта Александр Романчукæн, дыууæ паддзахады тыхон структурæты ‘хсæн цы æмахастытæ ис, уый сæраппонд, æмæ фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон ведомствоты ‘хсæн цы бадзырдтæ арæзт æрцыд,  уыдон æххæст цæудзысты.

«Мах араздзыстæм хъахъхъæнынады иумиаг контур, кæцы нысан æрцыд нæ паддзахадты ‘хсæн бадзырдты. Тырндзыстæм æппæт бадзырдтæ æххæст кæнынмæ», – банысан кодта уый.

Йæ рады Александр Романчук раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Президентæн иумиаг æппæтадæмон бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæныны боны æмæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 25 азы сæххæсты боны цытæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтимæ æмахастæй нæ къухы бафтдзæн, ныртæккæ дæр цы æдасдзинадæй ифтонг кæнæм, уый цæмæй уа ноджы фидардæр, сабырады æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн.

Фембæлды кæрон дыууæ фарс кæрæдзийæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

* * *

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы делегацийы, йæ сæргъ ацы республикæйы Хъахъхъæнынады министр Виктор Кононов, афтæмæй. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзты 25 азы бæрæгбонмæ. Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

«Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæ банымадтой кæрæдзийы паддзахаддзинады хæдбардзинад. Мах æмгуыстад кæндзыстæм цардуагон архайды алы фадыджы дæр: экономикæ, ахуырад, хъахъхъæнынады фадгуыты. Мах бакусдзыстæм нæ бæстæты тыхон структурæты ‘хсæн Сразыдзинадыл къухтæ æр-фыссыны фарстыл æмæ рæзын кæндзыстæм, ныридæгæн не ‘хсæн цы æмгуыстад сырæзт, уый», – загъта Президент, уазджытæн арфæ ра-кæнгæйæ.

Бибылты Анатоли ма бахатыд делегацийы уæнгтæм, цæмæй уыдон арфæйы ныхæстæ зæгъой Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченкойæн диссаджы бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны сæраппонд æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Александр Владимиры фырт у уыцы адæймаг, кæцы комкоммæ хайад иста фашистон элементтæй Донбассы ссæрибар кæныны. «Уырны мæ, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн. Мах алцы дæр сараздзыстæм, цæмæй нæ адæмтæ цæрой сабырады. Махæн иууыл сæйрагдæр у нæ сывæллæтты æнцойдзинад. Æмæ мах иумæ архайдзыстæм уый къухты бафтын кæныныл», – банысан кодта уый.

Йæ рады, Виктор Кононов арфæ ракодта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн афтæ хъарм æй кæй райста, уый тыххæй æмæ йын радта архивон бæрæггæнæнтæ – Орджоникидзейы крайы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ рацæугæты, Сырх Æфсады хæстонты сæрмагонд сконды номхыгъд, кæцытæ нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтытыл 1941 азæй фæстæмæ.

«Уыдон, фактон æгъдауæй, бахаудтой уацары æмæ уыдысты горæт Юзовкайы (Донецк) æфсæддон уацайрæгты лагеры», – бамбарын кодта уый.

Йæ рады, Бибылты Анатоли баныфсæвæрдта цытджын уазæгæн, зæгъгæ, историон документ лæвæрд æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ.

«Ахæм экземпляр ма мах арвитдзыстæм Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланимæ дæр», – загъта Президент.

Фембæлды рæстæджы куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ 9-æм майы Цхинвалы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы æфсæддон парады хайад райсдзысты Донецкы Адæмон Республикæйы æфсæддон службæгæнджыты дыууæ коробкæйы. Сæ рады, Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ та хайад райсдзысты Донецкы Адæмон Республикæйы æфсæддон парады.

 

* * *

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады делегацийы, министры фыццаг хæдивæг Беслан Цвижбайы сæргълæудæй.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Президент арфæйы ныхæстæ загъта уазджытæн Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны цытæн æмæ РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 25 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд мадзæлтты хайад кæй исынц, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цалдæр азы дæргъы, РХИ-йы нысан кодтой Советон æфсады æмæ æфсæддон-денджызон флоты бонтæ.

«Мах иууылдæр нæ зæрдыл дарæм аивгъуыйгæ æнусы 90 азтæ, Гуырдзыйы Республикæ куыд кодта ацы зæххытæ байсыны фæнд, куыд не ‘мбæрстой, ацы зæххытæ нæ фыдæлты кæй сты. Мах амæлын куы бахъуыдаид, уæддæр сæ ницæй тыххæй нæ радтаиккам», – загъта Бибылты Анатоли

«Хуссар Ирыстонæй тынг бирæ фæсивæд ацыд Абхазмæ, цæмæй бахъахъæдтаиккой республикæйы территории», – загъта Президент.

Йæ рады Беслан Цвижба бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн ахæм хъарм зæрдæйæ йæ кæй райста, уый тыххæй. Банысан кодта, дыууæ паддзахады хъахъхъæнæн ведомствоты ‘хсæн кæй ис бадзырд. Уымæ гæсгæ, хуссарирыстойнаг делегаци цæттæ у 30 сентябры Абхазы уæлахизы боны Сухумы цы парад уагъд æрцæудзæн , уым хайад райсынмæ.

«Мах фæнды, цæмæй махимæ иумæ парады рæстæджы æфсæддонтæ рацæуой ирон тырысаимæ. Уадз æмæ нæ адæм уыной, кæй нын ис хæларадон ахастытæ. Иу хъысмæт нын кæй ис», – загъта Беслан Цвижба.

Фембæлды фæуды дыууæ фарс дæр кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.