Æддагон политикæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы ’рдыгæй æмæ йæ уый фæстæ та цалдæр паддзахады банымайыны фæстæ РХИ-йы æддагон политикæйы æмæ дунейы йæ позицитæ сфидар кæныны фарстатæ бирæ рæстæджы дæргъы ахызтысты дыккаг планмæ.

1917 азы хицауиуæгадмæ Бибылты Анатолийы æрцыдæй æддагон политикæйæн ногæй лæвæрд æрцыдис стыр нысаниуæг.

Сæйраг хæсы тыххæй — иунæг стратегион партнер Уæрæсейы федерациимæ максималон интеграци — нæ рох кæнгæйæ, Хуссар Ирыстон активон куыст кæнын райдыдта уыцыиу рæстæджы цалдæр здæхты æмæ уый радта йæ фæстиуджытæ. 2019 азы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта Сири, Æввахс Скæсæны бæстæты политикæйы сæйрагдæр хайадисджытæй сæ иу. Кæрæдзийы банымайын бафидар æрцыд Дамаскмæ Бибылты Анатолийы официалон визитæй æмæ къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы къорд сразыдзинадæй, уыдоны нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы ’хсæн хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй фæлгæтон бадзырдæй.

Хуссар Ирыстон ма афтæ архайдта Европæйы æмцæдисонтæ ссарыныл дæр. Раздæр ацы здæхт практикон æгъдауæй нымад цыдис æнæперспективоныл. Фæлæ Сербаг Республикæмæ Бибылты Анатолийы визит æмæ Европæйы континенты фыццаг паддзахадимæ сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын ссис ахсджиаг прецедент. РХИ-йы Президентæн Сербийы уыдис къорд ахсджиаг фембæлды.

Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад адарддæр кодта бастдзинæдтæ Европæйы аразын. Æдзухон минæвæрттæ нысан æрцыдысты Итали, Бельги, Нидерландтæ, Люксембург, Турк, Греци, Болгари, Цæгат Македони, Польшæйы. Германы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны хæлæртты клуб. Æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг ауагъта фембæлдтытæ Италийы парламенты.

Бибылты Анатолийы официалон визиттæ Венесуэлæ æмæ Никарагуамæ фæактивондæр кодтой ацы бæстæимæ ахастытæ. Абон Хуссар Ирыстон агуры ног æмцæдисонтæ æмæ партнертæ Латинаг Америкæйы æндæр бæстæты ’хсæн. Каракасы уыдис Бибылты Анатолийы фембæлд Республикæ Сальвадоры Президент Сальвадор Санчес Серенимæ. Бразили æмæ Аргентинæйы кусы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар.

Хуссар Ирыстон хæларадон ахастытæ рæзын кæны йæ традицион æмцæдисонтæ Абхаз, Арцах, Преднистровье, Донецкы æмæ Луганнскы Адæмон Республикæтимæ. Фондз азы дæргъы уыдис цалдæр официалон визиты ацы республикæтæм.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны географи рауæрæхдæр кæнынæн стыр ныхдур ссис коронавирусы пандеми æмæ уыимæ баст карантинон мадзæлттæ. Фæлæ уæддæр ацы здæхты куыст не ’рлæууыд.

Дард фæсарæнтимæ ахастытæ аразыны æнтыстытæм нæ кæсгæйæ, сæйраг акцент, кæй зæгъын æй хъæуы, æвæрд цыдис Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад арфдæр кæныныл.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты динамикон рæзтæн ахъаз кодтой Бибылты Анатолийы фембæлдтытæ Владимир Путинимæ.

Баныхæсты фæстиуæг ссис стратегион объектты арæзтад, социалон программæты финанскæнынад, ахсджиаг сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын, уыдоны нымæцы сты: Дывæр æмбæстагдзинады фарстытæ æрбæстон кæныны тыххæй сразыдзинад; Уæрæсейы территорийыл Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæмгъуыдон уæвынады тыххæй сразыдзинад; Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд Уæрæсейы Федерацийы фæрæзты хыгъдæй фæфылдæр кæныны æмфинаскæнынады фæтк æмæ уавæрты тыххæй сразыдзинад.

Хуссар Ирыстоны æддагон политикæ æмæ æдасдзинады ахсджиаг здæхтытæй баззадысты канд хæларадон бæстæтимæ ахастытæ аразын нæ, фæлæ Гуырдзыстоны ’рдыгæй реваншистон тырнындзинæдтæн ныхкъуырд дæттынн дæр.

Фæстаг фондз азы дæргъы Гуырдзыстоны хицауиуæгад иу æмæ дыууæ хатты нæ арæзтой провокацитæ арæнгæрон зонæйы. Æндыгъдады сæйраг бынат ссис Знауыры районы Уистæйы хъæумæ хæстæг бынат.

Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны разамынады бахъуыд æдасдзинады мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнын, афтæ ма Уистæйы хъæумæ хæстæг уæлæмхас пост сæвæрын. Республикæйы хицауиуæгады райсгæ карз мадзæлттæ фадат радтой арæныл гуырдзиаг тыхон структурæты службæгæнджыты дарддæры провокацитæ æруромын.

Паддзахадон арæн хъахъхъæныны режим фæтыхджындæр кæныны контрразвæдсгæрсты здæхт тыхджындæр кæныны, афтæ ма Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстон цы знагиуæгон политикæ æххæст кæны, уый ныхмæ комплексон архайды фæдыл райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн иуварс æрцыд, афтæхуыйнæг, деоккупацийы фæдыл стратеги реализаци кæнынмæ бафæлвæрд. Стратеги здæхт уыдис паддзахадон арæны æмбарынад схæццæ кæнын, арæнгæрон территорийыл финансон-экономикон инфраструктурæ саразын, кæцы здæхт уыдаид не ’мбæстæгты алыгъуызон экономикон проекттæм бакæнын. Банысангонд стратегийы кæройнаг нысан уыдис РХИ-йы территорийыл Гуырдзыстоны юрисдикци сфидар кæнын. Фæлæ уыцы стратегийы иунæг пункт дæр реализаци не ’рцыд РХИ-йы разамынады фидар позицийы руаджы. Банысан кæнын хъæуы, гуырдзыйы фарс кæй сæтты ацы фактыл. Кæй йын дзы ницы рауад, уый æмных кæны 2008 азы хæсты фембылдимæ.

Мидæггагон политикæ

Бибылты Анатоли, æвзæртстыты агъоммæйы ныфсæвæрдтытæм гæсгæ, президенты бынатмæ æвзæрст куы æрцыд, уæд æрæвнæлдта мидæггагон политикæ активонæй реализаци кæнынмæ.

Ацы фарсты хицæнæй хъæуы æрдзурын æвзарæн реформæйыл, кæцы æххæстбæрцæй ифтонг кæныны фадат радта æмбæстæгты конституцион бар — æвзарыны æмæ æвзæрст æрцæуыны бар.

Парламентмæ æвзæрстыты æмхæццæ, мажоритарон-пропорционалон системæмæ рахизын Хуссар Ирыстоны æрмæст политикон партиты уæнгтæн нæ, фæлæ алы æмбæстагæн дæр радта йæ кандидатурæ раразмæ кæныны фадат. Æхсæнады домæныл бындуриуæг кæнгæйæ, президент Бибылты Анатоли ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл фæстæмæ нæ хæцыд æмæ æвзæрстыты системæ ивд æрцыд 2019 азы парламентон æвзæрстыты агъоммæ. Йæ политикон фæндондзинад куынæ уыдаид, уæд ныры иумандатонтæн фадат нæ уыдаид хицæнæй, партион номхыгъдты фæлгæтты æдтейæ парламенты депутаттæ суæвынæн.

Уыимæ банысан кæнын хъæуы, Парламенты æнæсистемон мажоритаритæ кæй ис, уый æххæсткæнынадон хицауиуæгадæн кæй вазыгджындæр кæны закъондæттынадон органимæ æмархайд.

Парламент аразыны ахæм модел здæхт у бынæтты æвзарджыты ’рдыгæй бастдзинады гъæд бæрзонддæр кæнынмæ, территориалон æвзарæн окруджы цæрæгæн фадат куы вæййы комкоммæ депутатмæ бахатынæн, кæцы вæййы йæ округæй æвзæрст. Афтæмæй рæзы депутатты персоналон бæрндзинады æмвæзад сæ æвзарджыты раз.

Ноджы ма иу реформæ ссис парламенты рахызт профессионалон бындурмæ, кæцы депутаттæн фадат радта аккаг куыстмызд исынæн æмæ æххæстæй закъондæттынадон куыст кæнынæн, æвзарджытимæ æмбæлынæн. Уыдæттæ хынцын хъæуы, оппоненттæ азымтæ куы хæссынц Бибылы фырты хисæрмагонд хицауиуæгады режим саразыны, уæд. Йæ къухтæм æппæт хицауиуæгад райсынмæ чи тырны, ахæм авторитарон лидер йæхицæн уæлдай зындзинæдтæ нæ араздзæн æвзæрстыты системæ æмæ парламенты куыст ивгæйæ. Республикæйы разамынад бирæ хæттыты æвдыста йæ цæттæдзинад æппæт политикон тыхтимæ ныхасмæ, кæцытæ бæрнон ахаст æвдисынц актуалон фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ. Политиканство, популизм, æхсæнады æндыгъддзинад экскалаци кæныны нысанæн рæстæгмæ зындзинæдтæ æмæ адæймæгты трагедитæй пайда кæнынмæ бафæлвæрдтыты фæндаг никуыдæм æркæндзæнис. Ахæм ахаст у, адæм цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдоны ныхмæ, къуылымпы кæны бæстæйы рæзт, зиан хæссы республикæйы паддзахаддзинадæн.

Серьезон хъусдард здæхт цыдис хицауиуæгадон органты куысты эффективондзинад æмæ гъæд бæрзонддæр кæнынмæ. Ацы здæхты ахсджиаг къахдзæф уыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй» закъон реализаци кæнын, кæцыйы, сæ куыстмыздтæ сын фæфылдæр кæнынæй дарддæр нысан цæуы бæрндзинад фæтыхджындæр кæнын æмæ сын сæ функционалон хæстæ дырысæй сбæлвырд кæнын.

Социалон къабаз — паддзахадон политикæйы бындур

Социалон къабаз паддзахадон политикæйы рангмæ скæнын у Бибылты Анатолийы позици парти «Иууон Ир»-ы куысты райдианæй фæстæмæ. Президенты бынатмæ йæ сæвзарыны фæстæ республикæйы цæрджытæн социалон æххуыс райста паддзахадон масштаб æмæ реализаци цæуы куыд паддзахадон программæты фæлгæтты, афтæ адресон æххуыс бакæныны алыгъуызон механизмты руаджы дæр.

Социалон бафыстытæ

Президенты бынаты Бибылты Анатолийы куысты фыццаг бонтæй социалон æгъдауæй æнæхъахъхъæд цæрджытæ сæхиуыл банкъардтой зынгæ æххуыс хицауады ’рдыгæй.

Президенты фыццаг уынаффæтæ хаудысты сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон бафыстытæм. Кæд æмæ 2017 азмæ ахæм æххуыс фыст цыдис æртыккаг сывæллоны райгуырды фæстæ æмæ уыдис 5 000 сомы, уæд 2018 азы та йæ бæрц сырæзт 16 700 соммæ æмæ фыст цыдис дыккаг сывæллонæн дæр, 2019 азæй фæстæмæ та йæ Хуссар Ирыстоны алы бинонтæ дæр исынц алы райгуыргæ сывæллонæн дæр.

Ноджы ма иу æххуыс — сывæллоныл цалынмæ афæдз æмæ æрдæг сæххæст уа, уæдмæ йæм кæсыны тыххæй фыст цæуы 2000 сомы. 2019 азæй уый фыст цæуы фыццаг сывæллонæн дæр. Раздæр та йæ фыстой дыккаг æмæ уый фæстæ чи райгуырдысты, уыцы сывæллæтты тыххæй.

2020 азæй 4 æмæ фылдæр сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдонæн æрвылмæй дæр алы сывæллоны тыххæй уæлæмхас фыст цæуы 1 мин сомы.

Сывæллонджын бинонтæн дарддæр дæр æххуыс цæудзæн. РХИ-йы Социалон фонд бакуыста къорд ног æххуысы хуызтæ, кæцытæ баст сты маддзинадимæ, уыдоны нымæцы сывæрджын уæвын æмæ сывæллон ныййарыны тыххæй бафыстытæ. Ахуырдзау фæсивæды социалон хъахъхъæнынад фæхуыздæр кæныны нысæнттæн ХИПУ-йы студенттæ æмæ астæуккаг специалон ахуыргæнæн уагдæтты ахуыргæнинæгтæн стипендитæ фæфылдæр сты 30 проценты. Паддзахады сæргълæууæджы ’рдыгæй хицæн æххуыс исынц, ХИПУ-йы иттæг хорз чи ахуыр кæнынц æмæ активисттæ чи сты, ахæм студенттæ — 14 адæймаджы. Бибылты Анатоли уыдонæн фиды президентон стипенди фæйнæ 7 мин сомы.

Пенситæ

Хуыздæр кæны пенсион ифтонгад. 2019 азы снысангонд пенситы астæуккаг бæрц фæфылдæр 14, 5 проценты, 2020 азы — 6,6 проценты, 2021 азы дæр — 6,6 проценты. 2022 азы пенситæ индексаци æрцæудзысты 7,7 проценты.

75 азы кæуыл сæххæст, уыдонæн 2020 азæй сæ пенситæм уæлæмхас бафтыд 1 мин сомы, раздæр та уый æфтыд, 80 азы кæуыл сæххæст, уыцы адæймæгты пенситæм. Стыр Уæлахизы 75 азы хæдразмæ фæйнæ 75 мин сомы бафыстæуыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ æмæ уыдонимæ кæй иу кæнынц, уыдонæн. Фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн та — фæйнæ 50 мин сомы. Фæйнæ 5 мин сомы райстой æппæт пенсиисджытæ (5246 адæймаджы) 2021 азы Республикæйы боны бæрæгбонмæ.

2019 азæй РХИ-йы Президенты бахæсмæ гæсгæ фыццаг хатт фидын райдыдтой æгуыст пенсиисджытæн æмæ 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм саби-инвалидмæ кæнæ фыццаг къорды инвалидмæ чи кæсы, уыдонæн 3900 сомы.

Банысан кæнын хъæуы, æппæт ранымад социалон бафыстытæ æххæст кæй цыдысты УФ-йы финансон æх-хуысы хыгъдæй нæ, фæлæ РХИ-йы бюджеты хи фæрæзтæй. Раст администрир кæныны æмæ инвестицитæ æрбакæныны руаджы республикæйы хи фæрæзтæ 2016 азæй сырæзтысты дыууæ хаттæй фылдæр — 649 миуан 474 мин сомæй 1 миллиард 414 мин соммæ.

Куыстмызд

Царды æмвæзад бæрзонддæр кæныны сæйрагдæр бæрæггæнæн сты æмбæстæгты æфтиæгтæ.

Дæсгай азты дæргъы Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæгæнджыты куыстмыздтæ лæууыдысты иу æмвæзадыл. Бюджетон къабазы кусджытæн сæ куыстмыздтæ, кæд чысылгай фылдæр кодтой, уæддæр паддзахадон служ-бæгæнджыты стыр хайæн уый ныллæгдæр уыдис фæцæрыны минимумæй. 2020 азы райст æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй» РХИ-йы Закъон.

2021 азы паддзахадон æмæ муниципалон службæйы архайæг кусджытæн сæ куыстмыздтæ астæуккаг нымадæй фæфылдæр сты 70 проценты. Уый фадат радта сæ фæрныгад 2000 адæймагæй фылдæрæн фæхуыздæр кæнын. Паддзахадон службæгæнджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын нæ бандæвта паддзахадон ведомст-воты техникон кусджытыл. Уымæ гæсгæ президент хицауа-ды раз цы хæстæ æрæвæрдта, уыдонæй сæ иу уыдис ацы категорийæн сæ куыстмыздтæ фæцæрыны минимумы æмвæзадæй (11 556,0 сомы) фæбæрзонддæр кæнын. Уый арæзт æрцыд республикæйы хи æфтиæгты хыгъдæй.

Паддзахадон службæгæнджыты æмæ бюджетон организациты кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын фæзындис Хуссар Ирыстоны астæуккаг куыстмыздыл.

Мæнæ куыд фылдæр кодта ацы бæрæггæнæн 2016 азæй фæстæмæ.

2016 азы — 15 677 сомы

2017 азы — 16 331 сомы

2018 азы — 17 956 сомы

2019 азы — 18 915 сомы

2020 азы — 19 673 сомы

2021 азы — 26 448 сомы

Бирæ азты дæргъы æнæскъуыддзагæй зайы РХИ-йы æфсæддон службæгæнджыты, Хъахъхъæнынады министрады, Уæлвæткон уавæрты министрады, Прокуратурæйы, Паддзахадон æдасдзинады комитеты, Æддагон развæдсгæрсты службæйы, Таможнæйон комитеты, Контролон-нымайæн палатæйы кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны проблемæтæ. Ацы фарст лæууыд боны фæткы РХИ-йы Президенты фембæлдтыты УФ-йы Президенты Администрацийы. Бибылты Анатоли куыд зæгъы, афтæмæй къухты бафтыд кæрæдзиæмбарынад РХИ-йы æфсæддон службæгæнджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Ацы проблемæ, æнæ-дызæрдыгæй, скъуыддзаг æрцæудзæн 2022 азы.

Фидауынгæнджытæ æмæ æфсæддон службæгæнджытæ

Бибылты Анатолийы архайдтыты руаджы (ацы фарстыл уый куыста Парламенты Сæрдары бынаты дæр) къухты бафтыд УФ-йы разамынадимæ сразыдзинад раздæры фидауынгæнджытæн бафыстыты тыххæй. Уыдон бирæ азты дæргъы æнæхъусдардæй аззадысты паддзахады ’рдыгæй. Ныртæккæ æрвылмæйон бафыстытæ исынц 812 адæймаджы, Фидауынгæнæг батальоны раздæры службæгæнджытæй 190 адæймаджы æнхъæлмæ кæсынц сæ райсынмæ æмæ 100 адæймаджы документтæ та сты æркæсыны стадийы. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæныны рæстæджы уæззау цæфтæ чи фесты, республикæйы уыцы æфсæддон службæгæнджытæ æмæ æмбæстæгты социалон уавæр фæхуыздæр кæныны ахсджиаг нысаниуæг уыдзæн Уæрæсейы Федерациимæ дыууæ сразыдзинады реализацийæн. Уыдон хауынц æфсæддонтæн æмбæлон æмгъуыд баслужбæ кæныны тыххæй куыстмыздтæ æмæ пенситæм уæлæмхас бафыстытæм æмæ хæстон архайд-тыты рæстæджы инвалиддзинады тыххæй Уæрæсейы пенси райсыны фадатмæ.

«Аланийы иудзинад»-ы фонд

Социалон нысаниуæджы æппæт фарстытæн абоны бонмæ нæма ис аскъуыддзаггæнæн ног нормативон акттæ æмæ сразыдзинæдты руаджы. Бирæ азты дæргъы республикæйы æмбæстæгтæн æрæмбырд бирæ проблемæтæ, кæцыты скъуыддзаг кæнын домы адресон, индивидуалон æххуыс.

Хуссар Ирыстоны ахæм фарстытæ скъуыддзаг кæныны тыххæй 2018 азы арæзт æрцыд хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад». Фонды иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли, куыд хицæн адæймаг, афтæ. Фонд баххæст æрцæуы меценатты, амалиуæггæнджыты, Бибылты Анатолийы хæлæртты фæрæзты хыгъдæй.

Ацы фæрæзтæй æндидзыд цæуынц, 2008 азы августы чи ныппырх, уыцы цæрæнуат, афтæ ма, царды уæззау уавæрты чи бахаудысты, уыдоны кæлæддзаг хæдзæрттæ. Фонды фæрæзтæй ма æххæст цæуы хæдзæртты æмбæрзтытæ ивыны масштабон программæ. Зæрдыл лæууын кæнæм, 2008 азы фæстæ ныпырхгонд цæрæнуаты арæзтадæн УФ-йы бюджетæй рахицæн кæй æрцыдысты фæрæзтæ. Æнди-дзынады программæ Хуссар Ирыстоны разамынад банымадта фæудыл 2012 азы, кæд æппæт ныппырхгонд хæ-дзæрттæ арæзт не ’рцыдысты, уæддæр.

Фонды фæрæзтæй 2018 азæй фæстæмæ:

Æмбæрзтытæ раивд æрцыдысты 350 хæдзарæн,

Хисæрмагонд хæдзæрттæ арæзт æрцыд 120,

Æндидзыд æрцыдысты 25 муниципалон фатеры,

Капиталон цалцæг æрцыдысты 30 хæдзары.

«Аланийы иудзинад»-ы фонды фæрæзтæй ма финансгонд цæуы рауагъдадон архайд, сфæлдыстадон æмæ спортивон коллективты архайд, æххуыс цæуы, хос кæнынмæ чи ацæуынц, уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ бахаудысты царды уæззау уавæрты, æлхæд цæуынц инвалидон коляскæтæ æмæ сæрмагонд ифтонггæрзтæ, сæ бон змæлынхъом кæмæн нæу, ахæм адæймæгтæн.

Уыцы хъуагдзинæдтæн (арæзтад, æмбæрзтытæ ивын æмæ хæдзæрттæ цалцæг кæнын нæ нымайгæйæ) фонды фæрæзтæй бахардз:

Фонды финанскæнынады сæйрагдæр здæхтытæ:

— хос кæнын;

— инвалидон ифтонггæрзтæ амал кæнын;

— спорты рæзын кæнын;

— аивадон гимнастикæйы федерацийы финанскæнынад;

— футболы федерацийы финанскæнынад;

— доны полойы финанскæнынад;

— ленк кæныны федерацийы финанскæнынад;

— спорты хæххон лыжæты хуызты федерацийы финанскæнынад;

— спортивон мадзæлттæ уадзынæн финансон æххуыс кæнын;

— ерыстæм ацæуынæн финансон æххуыс кæнын;

— культурæ рæзын кæнын;

— сфæлдыстадон коллективты финанскæнынад;

— Нывгæнджыты цæдисы финаскæнынад;

— Президенты цур сывæллæтты хоры финанскæнынад;

— киностуди «Аллон Фильм»-ы архайд финанскæнынад;

— чингуытæ æмæ журналтæ уадзын;

— бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн мадзæлттæ организаци кæнынæн æххуыс кæнын;

— уæззау царды уавæрты бахауæг æмбæстæгтæн æххуыс кæнын;

— иурæстæгон финансон æххуыс;

— æвæрæз бинонтæн коммуналон лæггæдты аргъ фидын;

— цæрæнуат цалцæг кæнынæн æххуыс кæнын;

— цардуагон уавæртæ хуыздæр кæнынæн æххуыс кæнын;

— перспективон здæхтыты фæсарæйнаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн ахуыры аргъ фидын.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабаз рæзын кæнын

Æнæниздзинад хъахъхъæныны проблемæтæм, куыд социалон политикæйы ахсджиаг хай, афтæ абон здæхт цæуы стыр хъусдард.

Цæрджытæн медицинон лæггæдтæ нæй гæнæн кæнын æнæ нырыккон медицинон уагдæттæ. 2018 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæныны цалдæр ахсджиаг объекты:

— 2018 азы — операцион-хирургион комплекс;

— 2018 азы — гемодиализы хайад;

— 2020 азы — Гуырæн хæдзар.

Ног медицинон уагдæттæ иууылдæр сты бæрзонд æмвæзадыл, ифтонг сты иууыл нырыккондæр ифтонг-гæрзтæй. Республикæйы столицæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны сæйрагдæр объекттæ иу æрцыдысты Республикон Бирæпрофилон медицинон центры, уый та хицæн уагдæттæн разамынды æмæ æмархайды эффективондзинад æрмæст бæрзонддæр нæ кæны, фæлæ ма æнцондæр у пациенттæн дæр.

Республикæйы районты арæзт æрцыдысты ног амбулаторитæ (Цхинвалы районы Арцеуы хъæу, Ленингоры районы Цъинагары хъæу), фельдшерон-акушерон пункт (Знауыры районы Хъорнисы хъæу).

Къорд æндæр объекттæ 2017 азæй 2021 азмæ æрцыдысты реконструкци, цалцæг, æххæстæй сæ сифтонг кодтой хъæуæг æрмæджытæй:

— клиникон рынчындоны цалцæг æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд хъарм донифтонгады æмæ æдзухон уазал донифтонгады системæмæ (фыццаг хатт бирæ азты дæргъы);

— инфекцион корпусы интенсивон терапийы палатæтæ лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ, клиникон рынчындоны æмæ инфекцион корпусы цалцæг æрцыдысты санитарон æмæ гигиенон хатæнтæ;

— цалцæг æрцыд туберкулезон диспансер, æвæрд дзы æрцыд нырыккон рентгендиагностикон ифтонгад æмæ фильтрацион системæ.

Байгом сты цæрджытæн медицинон æххуыс бакæныны ног здæхтытæ: гемодиализы службæ, туг дæттыны службæ.

Коронавирусон инфекцийы пандеми стыр зиан ракодта Хуссар Ирыстонæн æмæ раргом кодта ахæм фарстатæ, кæцытæ домынц иттæг стыр финансон хæрдзтæ æмæ сæ æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын. Ахæм фарстытæй сæ иу ссис медицинон уагдæтты туаггуырæй ифтонг кæнын.

2021 азы æххæстæй арæзт æрцыд туаггуырæй ифтонг кæныны службæ (туаггуыры станц, кæцы дæтты туаггуыр æмæ йæ бон у баллонтæ йедзаг кæнын дæр; тæнгъæд туаггуыр æфснайынæн резервуар, газификатор, кæцыйы руаджы æххæст цæуы хызæгмæ туаггуыр дæттын).

Республикæйы разамынады бахъуыд бирæ социалон проектты реализаци кæныныл къух сисын æмæ æппæт ресурстæ дæр аздахын Covid-19-æй рынчынты хосгæнæн препараттæй ифтонг кæнынмæ, бирæнымæц рынчынты дарынмæ, карантинон зонæнтæ организаци кæнынмæ, «сырх зонæйы» кусæг медиктæн уæлæмхас бафыстытæ фидынмæ.

Covid-19-ы ныхмæ тохмæ кæд зынгæ ресурстæ здæхт цæуы, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, республикæйы рæзынц медицинæйы æндæр здæхтытæ дæр. 2021 азы Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт операцитæ арæзт æрцыд синыстæджы æрхджыты эндопротез кæныны фæдыл. Ацы аз та Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад план кæны уæраджы æрхæгты эндопротез ныббиноныг кæнын, афтæ ма æнгуылдзтыл дæр операцитæ кæнын.

Бæрæг хъусдард здæхт цыдис æнæниздзинад хъахъхъæныны уагдæтты медикаменттæй ифтонг кæныны фарст-мæ. 2017 азæй 2020 азмæ уыцы нысанæн реализацигонд фæрæзтæ фæфылдæр сты 120 милуан сомæй 182 милуан соммæ.

Цæмæй медицинон препараттæ ласын æмæ дих кæ-ныныл контроль хуыздæр цæуа, уый тыххæй бакуыст æмæ биноныг æрцыд медицинон препараттыл электронон контролы программæ.

Стыр хъусдард здæхт цæуы церребралон æндзыгнизæй рынчын сывæллæттæм. 2021 азы фыццаг хатт ахæм диагнозимæ сывæллæттæ реабилитаци рацыдысты УФ-йы специалон уагдæтты. Ахæм рынчын сывæллæттæ къордтæй реабилитацимæ æрвыст цæудзысты 2022 азы дæр.

Бюджетон фæрæзты хыгъдæй реабилитацимæ æрвыст æрцыдысты Covid-19-æй уæззау формæйы чи фæрынчын сты, РХИ-йы уыцы æмбæстæгтæ

Инвестпрограммæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ финансгонд цæуы Уæрæсейы Федерацийы бюджетæй. Бибылты Анатоли къорд хæттыты нысан кодта, зæгъгæ, программæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттæ сты УФ-йы разамынады руаджы. Фæлæ Хуссар Ирыстоныл æвæрд ис бæрндзинад, программæ реализаци кæныны. Æмæ фæстаг фондз азы Ин-вестпрограммæ æххæст цыдис практикон æгъдауæй 100 процентæй.

Инвестпрограммæйы пунктты сты æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырад, культурæйы объекттæ, афтæ инфраструктурæйы объекттæ дæр — фæндæгтæ, хидтæ, цардифтонгады объекттæ, цæрæнуат, уынгтæ æмæ коммуникацитæ, куыд столицæйы, афтæ районты дæр, æмæ бирæ æндæртæ.

Уыдонæн иууылдæр стыр нысаниуæг ис Хуссар Ирыстоны цæрджыты царды. Фæлæ уыдоны ’хсæнæй рахицæнгæнæн ис уæлдай егъаудæртæ æмæ царды æнæмæнгхъæуæгдæртæ.

Уанат-Цхинвалы донуадзæн

Донуадзæн рауагъдæуыд 2019 азы. 2020 азы капиталон цалцæг æрцыд донæмбырдгæнæн Уанаты, ивд æрцыдысты дренажон трубæтæ. 2021 азы куыстытæ фесты донæмбырдгæнæны территорийыл.

Проекты руаджы Цхинвалмæ цы нуазыны дон цæуы, уый дебет зынгæ фæфылдæр (Едыс-Цхинвал — 20 кубы) уанат-Цхинвал — 15-17 кубы). Цхинвалы алы цæрæгмæ дæр абон суткæйы дæргъы хауы иу тоннæйæ фылдæр дон.

Резервон электроадæттæн хахх

Ацы объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2021 азы. Раздæр электроенерги Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ цыд иунæг хаххыл, кæцы рахызт бæрзонд хæхты сæрты. Зымæгон бонты телтыл мит кæй æндæгъд, уый æмæ зæйы аххосæй арæх аваритæ цыдис электроадæттæн хаххыл æмæ-иу республикæ бирæ рæстæджы дæргъы баззад æнæ электроенергийæ.

Резервон электроадæттæн хаххы арæзтады тыххæй уынаффæ ист æрцыд Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путины фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ. Резервон электроадæттæн хахх саразынæй, кæцы цæуы специалон штопонийы Рукъы тъунелы фæрсты, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ ныр хызт уыдзысты электроенергийы бирæрæстæгон ахицæнæй.

Гуфта-Къуайсайы фæндаг

Республикæйы дыккаг горæт Къуайсаимæ бастдзинад дарын зын кодта, автомобилон фæндаг æм тынг æвзæр уавæры кæй уыдис, уый тыххæй. Трассæйы дæргъ у 44 километры æмæ цæуы бæрзонд хæхтыл.

Йæ цалцæг кæныны истори райдыдта 2012 азы. Цы подрядон организаци йæм æрбахуыдтой, уый дзы сæххæст кодта чысыл гуырахст куыстытæ, стæй бынтондæр æрлæу-уыдысты цалдæр азмæ, финанскæнынады проблемæтæ кæй фæзынд, уый аххосæй. 2018 азы арæзтад ногæй райдыдта. 2020 азы фæндаг эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд. Абон Цхинвалæй Къуайсамæ у сахаты цыд.

Гуырæн хæдзар

Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2019 азы. Ам ма ис Сылгоймæгты консультаци, амбулаторон-поликлиникон цæг. Ног Гуырæн хæдзар дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Кабинеттæ æмæ гуырæн залтæ ифтонг сты хъæуæг ифтонггæрзтæй, цæмæй дохтыртæн сæ бон уа æнхъæлцау сылгоймæгты æмæ гинекологион рынчынты æмбæлонæй басгарын, раргом кæной гуыринаг сывæллоны цухдзинæдтæ рагацау, пайда кæной хос кæныны нырыккон æмæ бæрзонд-технологион методтæй.

Раздæр зæронд Гуырæн хæдзары æмбæлон уавæртæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ бирæ æнхъæлцау сылгоймæгтæ цыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Ныр та ахæм сылгоймæгтæн сæ фылдæр баззайынц ам, бынаты, æмæ ам райгуырынц Хуссар Ирыстоны ног æмбæстæгтæ.

Театр

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры ног бæстыхайы арæзтад хаст æрцыд 2015-2017 азты Инвестпрограммæмæ. Эксплуатацимæ йæ радтын план цыдис 2016 азы. Фæлæ 2017 азы ног æвзæрст Президент Бибылты Анатоли сæмбæлд, чи нал фæуд кодта æмæ финансон проблемæты хуызы чи бахауд ахæм объектыл.

Бæстæйы сæйраг культурон объект цытджын æгъдауæй байгом 2018 азы. Йæ байгомы фæстæ ам цы мадзал ауагъдæуыд, уый уыд дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр совет»-ы X-æм съезд.

Уæдæй фæстæмæ бæстæйы сæйраг сценæйыл уыдысты бирæ ирд премьерæтæ. Уыдоны ’хсæн фыццаг рады банысан хъæуы масштабон спектакль «Фæстаг æвдисæн», кæцы æвдыст цыдис ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты бонмæ. Спектаклæн сæрмагонд ифтонггæрзтæ æлхæд æрцыдысты фонд «Аланийы иудзинад»-ы фæрæзтæй.

Бирæфатерон хæдзæрттæ рхи-йы столицæ æмæ районты

Æрмæст фæстаг фондз азы æндидзыд æмæ арæзт æрцыд 665 фатеры (13 цæрæн хæдзары).

— 2017 азы æртæ хæдзары æндидзыд æрцыд 90 фатеры (Маяковскийы уынг, 1, Октябры уынг, 137, Октябры уынг, 139);

— 2018 азы арæзт æрцыд 275 фатеры (Гуыбаты æфсымæрты уынджы 75 фатерон цæрæн хæдзар æмæ Хъайтарты уынджы 200 фатерон цæрæн хæдзар);

— 2019 азы арæзт æрцыд 111 фатеры (Гуыбаты æфсымæрты уынджы 75 фатерон хæдзар æмæ фæйнæ 18 фатерон хæдзары Дзау æмæ Знауыры поселокты);

— 2020 азы æрæвнæлдæуыд æмæ 2021 азы арæзт фесты 189 фатеры (Хъайтарты уынджы 60 фатерон хæдзар, Гуыбаты æфсымæрты уынджы 75 фатерон хæдзар, дыууæ 18 фатерон хæдзары Дзауы поселочы æмæ иу 18 фатерон хæдзар Знауыры поселочы);

— 2022 азы дарддæр арæзт цыдысты хæдзæрттæ, уыдоны нымæцы Цхинвалы Ирæтты уынджы æртæ 75 фатерон хæдзары æмæ иу 18 фатерон хæдзар Знауыры поселочы.

Бирæфатерон хæдзæртты арæзтады æмрæхъ фæдфæдылонæй скъуыддзаг цæуы ноджы иу карз социалон фарст — сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты æмæ рады чи лæууынц, уыцы æмбæстæгты цæрæнуатæй сифтонг кæнын.

Ахæм радылæуджытæ фатертæ нæ райстой 30 азæй фылдæр æмæ сæ бæрц ссис цалдæр мин бинонтæ. 2018 азы Советон Цæдисы фехæлдæй фæстæмæ, фыццаг хатт уыдон райдыдтой исын фатертæ.

Цхинвалы горæты администрацийы цæрæнуатон фарстыты фæдыл æхсæнадон къамис сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй хыгъды лæуууæг æмбæстæгтæн 2018-2021 азты рахицæн кодта:

— Хъайтарты уынг, 114 −196 фатеры:

— Гуыбаты æфсымæрты уынг, 431 æмæ 2 корпустæ — 137 фатеры (уыдонæй 52 фатермæ ралыгъдысты Хъайтырты уынджы 118-æм аварион хæдзары цæрджытæ; 28 фатермæ та ралыгъдысты Гуыбаты æфсымæрты уынджы ныппырхгонд æмдзæрæндоны цæрджытæ).

Цæгаттаг микрорайоны маневрон фонды 29 фатермæ цæрынмæ балыгъдысты, Коцойы фырты уынджы чи басыгъд, уыцы 29-æм хæдзары цæрджытæ, Аивæдты лицейы ведомствæйон æмдзæрæндоны цæрджытæ, Гуыбаты æфсымæрты уынджы 131 æмæ Революцийы уынджы, 43 æмдзæрæндæтты цæрджытæ, афтæ ма турбазæ «Ирыстон»-ы цæрджытæ дæр.

Дзауы районы лæвæрд æрцыдысты æмæ дих кæныны процессы сты 54 фатеры.

Знауыры райцентры лæвæрд æрцыдысты æмæ дих кæныны процессы сты 36 фатеры.

Экономикæ æмæ инвестицитæ

Социалон программæтæ реализаци кæнын домы зынгæ финанскæнынад. Фиддонты администрир кæныныл контроль фадат радта республикæйы хи æфтиæгтæ дыууæ хаттæй фылдæр фæфылдæр кæнын. Фæлæ бюджет, хи фæрæзтæй дарддæр, гæнæн ис фылдæр кæной æрмæстдæр экономикæйы динамикон рæзты æмæ инвесторты фæрæзты руаджы.

Фæстаг фондз азы республикæйы байгом сты цалдæр куыстуаты, кæцытæ æххæстæй финансгонд цæуынц инвесторты фæрæзты хыгъдæй.

Сæнуадзæн «Ирон сæн»

Куыстуат байгом 2018 азы. Сæнуадзæн «Ирон сæн» Хуссар Ирыстоны у фыццаг ахæм куыстуат, кæцы уадзы сæн æмæ коньяк сæудæджерадон масштабты. Проект среализаци кодта инвестицион къорд, кæцыйы скондмæ хауынц компанитæ, арæнгонд бæрндзинады æхсæнадтæ «Фотисаль», «Руссан», «ТВК-Кубань». 2021 азы Уæрæсейы базармæ сæны аласты гуырахст фæфылдæр 30 проценты — 300 мин авджы мæйы мидæг.

Хуссайраг дыргъдон

Егъау уæрæсейаг инвесторы фæрæзтæй фæзынд фæткъуыйы хæдзарад 2019 азы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы. Фæткъуыйы талатæ æртæ сорты æрластæуыд Италийæ æмæ сагъд æрцыдысты 50 гектары фæзуатыл. 36 адæймагæн фæзындис куысты бынæттæ. Тыллæг æфснайыны рæстæджы уыдоны нымæц фæфылдæр вæййы 100 онг. 2021 азы экспортмæ аластæуыд 1050 тоннæйы про-дукци. Куыстуаты планы ис дыргъдоны фæзуат 500 гектармæ скæнын.

Югостелеком

Уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны телæйуадзгæ фыццаг интернет-провайдер. Интернетмæ йын ис уæрæх-уаццагон бахызт бастдзинады фæскъауон-оптикон хæххытыл. Компани кусы 2017 азы кæронæй фæстæмæ. Уый æххæссы республикæйы столицæ Цхинвал, Дзау, Ногхъæу, Тъбет, Къостайыхъæуыл. Ацы азы планы ис горæт Къуайса, Дменис, Сатихъар, Хуыцъейы хъæутыл аххæссын дæр.

Ленингоры поселочы бæгæныфыцæн завод

Хуссар Ирыстоны ма æввахс рæстæджы скусдзæн ноджыдæр иу куыстуат. Хицæн инвестор бæгæны æмæ газджын нуазинæгтæ уадзыны фæдыл, Ленингоры заводы бавæрдта 100 милуан сомы. Проектмæ гæсгæ райдианы заводы арæзт æрцæудзæн 35 кусæгон бынаты. Ныридæгæн развæлгъау бадзырдтытæ арæзт æрцыд Хуссар Ирыстонæн æддейæ продукци реализаци кæныны тыххæй.

Хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæн æххуыс кæнын

Бибылты Анатоли ма РХИ-йы Парламенты Сæрдары бынаты куы куыста, уæд райстæуыд «Чысыл амалиуæгады льготон кредиткæнынады тыххæй» Республкæ Хуссар Ирыстоны Закъон. 2017 азы закъоныл къух æрфыста йæхæдæг, фæстæдæр Республкæ Хуссар Ирыстоны Президент куы ссис, уæд. Закъон реализаци цæуы 2018 азæй фæстæмæ æмæ льготон кредит кæны (5 проценты) чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады республикæйы хирайсгæ фæрæзтæй (æрвылаз дæр хирайсгæ фæрæзтæй, æппынкъаддæр, 2 проценты). Программæйы приоритетондæр сты хъæууон хæдзарад æмæ сæудæджерад.

Паддзахадон финансон æххуыс райстой:

2018 азы — 49 амалиуæггæнæджы 20 692,0 мин сомы

2019 азы — 59 амалиуæггæнæджы 26 700,0 мин сомы

2020 азы — 49 амалиуæггæнæджы 29 109,9 мин сомы

2021 азы — 67 амалиуæггæнæджы 50 564,0 мин сомы

Æдæппæт фæрæзтæ лæвæрд æрцыд 127 милуан 065,9 мин сомы.

Æдæппæт кредиттæ райстой 224 амалиуæггæнæджы.

Хъæууон хæдзарад

Хъæууон хæдзарады къабаз, куыд национ экономикæйы ахсджиаг хай, расидт æрцыд рæзты приоритетондæр здæхтыл. Хъæууон хæдзарады бизнес-проекттæм ис хуыздæр цæстæнгас льготон кредиткæнынады къамис сæ куы æвзары, уæд.

Ацы къабазы рæзты æмæ хъæууон хæдзарады кусæг æмбæстæгтæн æххуыс кæныны нысанæн 2021 азы паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис», кæцы ис РХИ-йы хъæууон хæдзарады министрады дæлбар, райста кредит РХИ-йы Национ бангæй 62 милуан 562 мин 619 сомы паддзахадон гарантиимæ, цæмæй самал кодтаиккой хъæууонхæдзарадон техникæ.

Банысангонд суммæйæ æлхæд æрцыдысты 46 иуæджы хъæууонхæдзарадон техникæ, уыдоны нымæцы нæмыгонтæ æмæ картофæфснайæн комбаинтæ, гутæттæ, культиватортæ, тауæн агрегаттæ, таласадзæн машинæтæ, трактортæ, кæрдæнтæ æмæ æндæр техникæ.

Уыцы хъæууонхæдзарадон техникæ дих æрцыд «Ирагропромсервис»-ы бригадæтыл, кæцытæ сты РХИ-йы районты. Уыйбæрц хъæууонхæдзарадон техникæ æлхæлд никуы æрцыд цалдæр дæсгай азты дæргъы. Банысан кæнын хъæуы, уыцы техникæйы руаджы ивгъуыд азы зынгæ кæй фæфылдæр сты (20 проценты) бакуыстгонд зæххытыл фæзуæттæ.

Экономикæйы рæзты ног программæ

Уæлдæрбанысангонд мадзæлтты руаджы къухты цы фæстиуджытæ бафтыд, уыдон нырма фаг не сты, цæмæй дзурæм экономикон бæрæггæнæнты зынгæ рæзтыл. Национ экономикæйы динамикон рæзтæн хъæуы стыр финансон æххуыс æмæ сплангонд астæуккагæмгъуыдон æмæ дардæмгъуыдон программæтæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Бибылты Анатоли къорд хæттыты фарст æвæрдта бизнес-проекттæ финанс кæныны тыххæй. Уæрæсейы Федерацийы разамынадимæ Бибылты Анатолийы баныхæсты руаджы Республкæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министрад Уæрæсейы Федерацийы экономикон министрадимæ бакуыстой 2022-2025 азтæн Республкæ Хуссар Ирыс-тоны социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæ.

Программæйы рахицæн æрцыдысты бюджетон инвестицитæ æххæст кæныны æртæ сæйрагдæр здæхты:

— экономикæйы рæзтæн, сæрмагондæй закъондæттынадон базæ аразынæн хæрзвадат уавæртæ аразын;

— экономикæйы хицæн къабæзтæ — хъæууон хæдзарад, туризм, продукцийы ногкуыстгæнæн куыстуæттæ æндидзын æмæ рæзын кæнын.

— инженерон, энергетикон æмæ транспортон инфраструктурæ æндидзын æмæ реконструкци кæнын;

Прогарммæйы ис 16 инвестицион проекты, кæцытæ хъуамæ реализаци æрцæуой уæрæсейаг кредитон организацитæй райсгæ фæрæзты хыгъдæй сæ иумиаг суммæ у 3 миллиард 998,2 милуан сомы.

Программæ æнтысгæйæ реализаци куы рцæуа, уæд 2025 азмæ РХИ-йы хирайсгæ фæрæзтæ хъуамæ фæфылдæр уой 1 миллиард 400 милуан сомæй 2 миллиард 500 милуан соммæ.

Партион газеты формат фадат нæ дæтты фондз азы дæргъы Президент Бибылты Анатолийы æппæт алыпланон куысты фæстиуджытыл æрдзурыныл. Уыимæ ныфсджынæй гæнæн ис дзурæн, Республкæ Хуссар Ирыстоны цардархайды бирæ къабæзтæ æнтысгæйæ кæй рæзтысты 2017 азæй 2022 азмæ. Стыр æнтыстытыл дзурæн ис къультурæйы, ахуырады къабæзты. Бирæ позитивон ивындзинæдтæ æрцыд фæндагон инфраструктурæйы, донифтонгады, Хуссар Ирыстоны æппæт районты хъæуты электроэнергийæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны.

Ноджы фылдæр плæнттæ æмæ арæзт программæтæ ис архайæг президентæн разæй.

Уæлдæр цы загъдæуыд, уыдоныл бындуриуæг кæнгæйæ, Республикон политикон парти «Иууон Ирыстон» ноджыдæр хъусын кæны, æххæстæй кæй хæцы Бибылты Анатолийы курсы æвварс æмæ сиды, цæмæй аккаг аргъ æрцæуа Президенты куыстæн Республкæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Газет «Иууон Ирыстон»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.