5 апрелы РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли фембæлд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады паддзахадтæ-хайадисджыты, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Уæрæсейы Президенты Администрацийы управленийы хистæр Олег Говорунимæ, кæцы нæ республикæмæ æрцыд кусæгон балцы.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли æмæ Олег Говорун æруынаффæ кодтой дыууæфарсон æмархайды фарстатыл, уыцы нымæцы æхсæнпарла-ментон æмгуыстады хаххыл дæр.

РХИ-йы Парламенты спикер банысан кодта Олег Говоруны лæггæдтæ, Хуссар Ирыстоны æндидзынад æмæ экономикон рæзты къабазы чи цæуынц, уыцы позитивон ивындзинæдты, сæрмагондæй — Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты.

«Мах бузныг стæм УФ-йы разамынадæй æнгом æмгуысткæнынад æмæ Хуссар Ирыстонмæ йæ хъусдарды тыххæй», — загъта Бибылты Анатоли.

Олег Говорун йæ рады хъусдард аздæхта РХИ-йы Парламенты разамынады оперативондзинадмæ закъондæттынады къабазы æмæ æндæр фарстыты фæдыл æмбæлон уынаффæтæ агургæйæ. УФ-йы Президенты администрацийы управленийы хистæр ныхасы рæстæджы дзырдта, закъондæттынады къабазы цы бакæнинаг куыст ис, ууыл, кæцы баст у, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл уыцы бадзырды реализациимæ.

«Мах хъуамæ бакæнæм иумæйаг куысты стыр гуырахст, кæцы баст у, къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы бадзырдæй æвзæргæ нормативон документтæ æмæ закъæтты проекттæ бакусын æмæ реализаци кæнынимæ. Уый, æцæгæйдæр, у стыр куыст æппæт здæхтыты дæр, фæлæ мæ ныфс ис, иумиаг куысты фæлтæрддзинад хынцгæйæ, ацы хæс кæй сæххæст кæндзыстæм», — загъта Олег Говорун.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.