РХИ-йы Президенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Бибылты Анатоли Мæскуыйы æртæбонон балцы уæвгæйæ, фембæлд Науруйы Президент Барон Дивавеси Вакаимæ.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, Республикæ Науру æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дипломатон ахастыты тыххæй документыл къухтæ 2009 азы кæй æрфыстæуыд æмæ уæдæй  фæстæмæ Науруйы къухдариуæгад кæй уыдысты  Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фарсхæцæг æмæ сæ кæй фæндыд йемæ  ахастытæ рауæрæх кæнын.

Уый банысан кодта, Науруйы Президенты уыцы къахдзæфæн Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæй кæнынц.

«Хуссар Ирыстоны адæм Науруйы Хицауады уыцы къахдзæфæн стыр аргъ кæнынц æмæ хъусын кæнынц,  цæттæ кæй сты дыууæфарсон æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ рауæрæх æмæ фидар кæнынмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ фæрæвдздæр кæнынмæ тырнындзинад бахынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн бахæс кодта, цæмæй снысан кæной Науруйы Хуссар Ирыстоны минæвары.

«Ахæм нысанимæ æз æмбæлон хæслæвæрд радтон нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн. Уый арвыста Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты, æддагон базарады æмæ финансты министрадмæ куырдиат Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Ног Зеландийы æмбæстаг Битеты Таймуразæн Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты цур Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты минæвары хуызы аккредитаци радтыны тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны фæнды, цæмæй  куыд регионы бæстæтимæ, афтæ Науруйæн хæларадон ахастытæ цы бæстæтимæ ис, уыцы бæстæтимæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны тыххæй Республикæ Науру æрлæууа æхсæны бæстæйæ.

Науруйы Президент йæ рады фæндвидарæй загъта, зæгъгæ, йæ бæстæ сæрыстыр у Хуссар Ирыстонимæ хæлар кæй у, уымæй, æмæ гæнæнуæвæг фæстиуджытæм æнæ кæсгæйæ, алыварсонæй дæр регионы хъахъхъæндзæн æмæ размæ кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ.

«Хуссар Ирыстон цы проблемæтимæ æмбæлы, уыдон мах æмбарæм æмæ цæттæ стæм йæ хæдбардзинад дарддæр банымайынмæ республикæйы тырнындзинадæн баххуыс кæнынмæ. Мах хъахъхъæндзыстæм æмæ регионы размæ кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны интерестæ. Абоны бон сабырокеайнаг бæстæтæй æрмæстдæр иу бæстæ банымадта Хуссар Ирыстоны суверенитет, фæлæ мæ уырны, уыцы бæстæты нымæц фæфылдæр уыдзæн. Мах уый тыххæй кусдзыстæм», – загъта Барон Вака Дивавеси.

Бацæттæ йæ кодта

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.