Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта подрядон организациты минæвæрттæ æмæ закъазгæнджытимæ. Æмбырды хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæты-хайадисджытимæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ  социалон-экономикон æмкуысткæнынады фæдыл УФ Президенты управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Денис Травин, Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, Дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим, арæзтадон подрядон организацийы минæвæрттæ æмæ æндæртæ.  Æмбырды ныхас цыд, республикæйы территорийыл арæзтцæуæг объекттæй цыбыр рæстæгмæ эксплуатацимæ лæвæрд чи хъуамæ æр-цæуой, уыдоныл, афтæ ма ног объекты арæзтадыл дæр.

Уыцы объекттæй иу у Дзулфыцæн комбинаты ног бæстыхай. Ацы комбинаты директор Цхуырбаты Вадим куыд фехъусын кодта, афтæмæй цæмæй ногарæзт комбинат скуса, уый тыххæй æрбæстон кæнын хъæуы иукъорд проблемæйы. Абоны бон заводы ног бæстыхайæн фадат нæй, цæмæй æдзух ифтонг уа донæй, хъæуы йæм баиу кæнын доны резервуартæ, нæй дзы резервон газифтонгад кæнæ тæнгъæд  æртаг. Нæй дзы уæлæмхас элект-роны хахх дæр. Уыимæ иумæ ма хъæуы (паравой котел) æмæ дыууæ транспортеры.

Бибылты Анатоли  Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн бахæс кодта, цæмæй æртæ бонмæ дырысæй сбæрæг кæной, дзулфыцæн комбинаты ног бæстыхайы аиуварскæнинаг цы цухдзинæдтæ ис, уыдон,  æмæ дырысæй банысан кæной эксплуатацимæ йæ радтыны æмгъуыд.

Дзырд цыд комбинаты территори схæрзарæзт кæныныл дæр. Ацы хъуыддаг дæр Президент бахæс кодта Зæгъойты Эдуард æмæ Гуыззыдтаты Эдуардæн, цæмæй куыстыты гуырахст æмæ æмгъуыдтæ бæрæг æрцæуой æмæ  комбинаты территори æмбæлон æмгъуыдмæ хæрзарæзт æрцæуа. Бæрæг куыд у, афтæмæй комбинаты ног бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаид ивгъуыд азы декабры кæрон.

Дарддæр дзырд цыд Паддзахадон драмон театры æмæ фонтаны арæзтадыл. Ацы бæстыхай цы подрядон организаци аразы, уый минæвар куыд бамбарын кодта, афтæмæй сæйраг куыстытæ кæронмæ бахæццæ сты, ныртæккæ куыстæуы театры алфæмблай схæрза-рæзт кæныныл. Хæрзарæзтадон куыстытæ кæнынц 50 адæймаджы.

Арæзтадон подрядон организацийы  минæвары ныхæстæм гæсгæ ма æрласын хъæуы сценæйы техникон ифтонггæрзтæ. Цæмæй ацы ифонггæрзтæ æрластæуа, уый тыххæй та бафидын хъæуы аванс, фæлæ подрядчик куыд загъта, афтæмæй сын уыцы финанстæ хъуамæ рахицæн кодтаид закъазгæнæг, ома, Арæзтады министрад, фæлæ æхца абоны онг дæр нæма райстой, æмбæлон документаци арæзт кæй нæ уыд, уый аххосæй. Подрядон организацийы минæвары  ныхæстæм гæсгæ,  уыцы документаци къуырисæрмæ уыдзæн цæттæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй 25-26 майы бæрæг уы-дзæн эксплуатацимæ йæ радтыны æмгъуыд.

Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард уыцы хъуыддаг куыд бамбарын кодта, афтæмæй документтæ рæстæгыл арæзт кæй не ‘рцыдысты, уый фæстиуæгæн техникон хæслæвæрд æххæст не ‘рцыд.

«Театры сырæзтмæ Хуссар Ирыстоны адæм тынг æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ нырма дæр эксплуатацимæ лæвæрд не ‘рцыд. Æз уыдтæн Донецкы Адæмон Республикæйы æмæ сæ театр цæттæ у гастролты Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынмæ. Уыимæ иумæ ма нæм майы мæй гастролты хъуамæ æрцыдаид Мæскуыйаг труппа дæр, цæмæй хуссарирыстойнаг сценæйыл равдыстаид йе спектакльтæ, фæлæ, хъыгагæн, абон дæр нæма сцæттæ нæ театр», – банысан кдта Бибылты Анатоли æмæ бахатыд Зæгъойты Эдуардмæ, зæгъгæ, театры арæзтады фæдыл исты  проблемæ куы сæвзæра, уæд ын æй комкоммæ дæр йæхицæн фехъусын кæна, цæмæй оперативонæй скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй.

Дарддæр Президент куыд загъта, афтæ-мæй уый хъуамæ фæхона Татарстаны Президенты, цæмæй йемæ базонгæ уа æмæ иумæ феной татарстайнаг подрядон организацийы бакæнгæ куыстытæ. Уый тыххæй та дырысæй бæрæг хъуамæ æрцæуа, театр эксплуатацимæ лæвæрд кæд æрцæудзæн, уыцы бон.

Дарддæр дзырд цыд паддзахадон университеты арæзтадыл. Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, гæнæн ис, фæзына уæлæмхас куыстытæ дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, университеты бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн октябры кæронмæ.

Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ, бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаид 1-æм сентябрмæ, фæлæ тагъд кæнын нæ хъæуы, уымæн æмæ уый бандавдзæн куыстыты гъæдыл. Ницы йын уыдзæн, эксплуатацимæ лæвæрд октябры мæйы куы æрцæуа, уæд.

Бибылты Анатоли цымыдис кодта Октябры уынджы кæрон цæрæн корпусы арæзтадмæ дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы хæдзæртты арæзтадыл баст у уазæгдон “Ирыстон”-ы арæзтад дæр, ома, хæдзæрттæ арæзт куы фæуой, уæд райдайдзысты уазæгдоны арæзтад дæр.

Подрядон организацийы минæвар куыд  фехъусын кодта, афтæмæй 1-1,5 мæймæ эксплуатацимæ ратдзысты объекттæ æмæ параллелонæй кусын райдайдзысты бæстыхайы арæзтады дæр. Ныридæгæн уал бакодтой контролон барæн куыстытæ. Президент сын куыд бахæс кодта, афтæмæй 24-æм майы хъуамæ дырысæй бæрæг æрцæуа арæзтадон куыстыты райдайæн бон.

Мадзалы дзырд цыд горæты уынгты хæрзарæзты тыххæй дæр. Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Гуыззыдтаты Эдуард куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн цыппар уынджы   цæттæ сты асфальт кæнынмæ, фæн-дзæм уынг дæр тагъд цæттæ уыдзæн.

Æмбырды ма куыд загътой, афтæмæй Ереды здæхты деоккупацигонд территориты куыстытæ дæр райдайдзысты июны æмæ фæуыдзысты августы. Дзырд цыд Ереды хъæуы тубдиспансеры арæзтадыл æмæ йæм 300 метры фæндаг саразыныл, Гуыбаты æфсымæрты номыл уынгыл цы иумæйагцæрæнуат ис, уый бынаты сывæллæтты цæхæрадон саразыныл æмæ а.д.

Æмбырды кæрон Президент Бибылты Анатоли бафæдзæхста æрæмбырдуæвджыты, цæмæй объекттæн цы документаци хъæуы, уыдон максималонæй цыбыр æмгъуыдмæ арæзт цæуой.

***

Уыцы бон ма Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта го-рæты центры уазæгдон «Ирыстон»-ы реконструкцийы фарсты фæдыл дæр. Æмбырды хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæтæхайадисджытимæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ  социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Денис Травин, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр .

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй ног нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм  уазæгдон æнæмæнгхъæуæг у Хуссар Ирыстоны сæйраг горæтæн  æмæ арæзт хъуамæ æрцæуа гъæдджынæй æмæ тагъд.

«Ис уазæгдон «Ирыстон»-æй 4-стъалыйон уазæгдон саразыны хæслæвæрд, уымæй дæр фасады  æддаг хуыз дæр æмæ Сталины уынджы æрдыгæй фарсæн дæр йе ‘ддаг хуыз хъуамæ баззайа æнæфæивгæйæ. Курæг дæн Арæзтады министрадæй дæр æмæ горæты администрацийæ дæр, цæмæй алыварсонæй дæр баххуыс кæной проектон организацийæн  æмæ нæм октябры кæронмæ уа цæттæ проект, уымæй дæр ма ферох кæной, машинæтæ урæд кæм хъуамæ уа, уыцы бынат  æмæ уазæгдоны инфраструктурæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уазæгдоны арæзтад реализаци кæндзæн уæрæсейаг инвестор паддзахадон-хисæрмагонд партнердзинады тыххæй сразыдзинады фæлгæтты.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.