РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны кадрты фæсауæрц саразыны фарстыты фæдыл. Æмбырды куысты хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы, Уæрæсейы Федерацийы Президенты минæвæрттæ, архайды здæхты фæдыл УФ-йы уынаффæгæнджытæ, Хуссар Ирыстоны министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ æмæ эксперттæ.

Æмбырды рæстæджы æруынаффæ кодтой ахсджиагдæр фадгуыты æмæ сæйраг бынæттæ сбæрæг кæныны фæдыл фарстытыл, кæцытæн фыццаг рады фæсауæрц у æнæмæнгхъæуæг, афтæ ма кадрты гуырæнты сбæ-рæг кæнын, РХИ-йы ном фæтыхджындæр кæныны фæдыл программæтæ саразын, куыд цæсты ахадгæ куыстдæттæг, афтæ.

Йæ раныхасы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы, уыцы дыууæ сæйраг проблемæйы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у кадрон фæсауæрцты фарстытыл бакусын, паддзахадон структурæты профессионалон кадртæй сифтонг кæныны, афтæ ма приоритетон фадгуытæ сбæрæг кæнын, цыран мах хъæуы бæр-зонд профессионалон кадртæ.

«Мах нæ кæнæм иу кæнæ иннæ кадртæй хъуагдзинады фарст сбæрæг кæныны  куыст æмæ мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийæ не ‘взонг специалистты бацæттæ кæнынæн нын кæй æххуыс кæны æмæ нын Уæрæсейы уæлдæр ахуырадон уагдæттæм лимиттæ кæй рахицæн кæны, уый тыххæй. Ам, хъыгагæн, къаддæр нысаниуæг ис Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæхи архайдæн. Экономикæйы реалон секторы æнæмæнгхъæуæг специалисттæ махмæ нæй. Ис нæм 200 куырдиаты, уæрæсейаг уæлдæр ахуырадон уагдæттæ каст чи фесты, уыцы æвзонг адæймæгтæй. Уыдон иууылдæр кæсынц æнхъæлмæ», – загъта уый.

Президенты ныхæстæм гæс-гæ, дыккаг проблемæйы ахсджиагдзинад къаддæр нæу, уый та хауы дыгай бынæтты кусыны фарстмæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ кусынц дыууæ кæнæ фылдæр бынæтты. «Банысангонд фарстытæ скъуыддзаг куынæ æрцæуой, уæд махæн нæ бон не суыдзæн æхсæнады рæзты æмæ экономикæйы хицæн секторты рæзты планы цахæмдæр къахдзæфтæ саразын, афтæ ма паддзахады цардуагон архайды æндæр здæхтыты дæр», – банысан кодта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ныр-тæккæйы рæстæджы æмæ æввахс фидæны дæр махæн нæ бон не суыдзæн æнæ уæрæсейаг специалисттæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у конкретон здæхтытæ сбæрæг кæнын, цыран мах хъæуы конкретон специалисттæ æмæ нæ къухдариуæггæнджытæн уынаффæгæн-джытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хайадисæг паддзахадтæ, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты Управленийы хистæр Денис Травин банысан кодта, зæгъгæ, кадрон реформæ у актуалон æмæ афойнадыл æвæрд фарст æмæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент цы фарстыты тыххæй фехъусын кодта, йæ хъуыдымæ гæсгæ уыдоны аскъуыддзаг кæнын куыд æмбæлы, уый.

«Кадрон дефицит æнкъардæуы хицауады алыгъуызон æмвæзадты. Фæлæ æз райдаин фæткдæттæг уæлдæр эшелоны реформæтæй», – фехъусын кодта Денис Травин, æмæ уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта «Лидеры России»-йы программæимæ. Ууыл бакуыстæуыд æмæ архайы Уæрæсейы Федерацийы территорийыл.

Денис Травин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нырыккон кадрон технологиты  (руаджы)  ис æвзонг адæймæгты къорд равзарæн æмæ сын куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Мæскуыйы дæр паддзахадон хицауиуæгады органты стажировкæимæ биноныг ахуырад райсынæн баххуыс кæнын.

Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, афтæ-мæй гæнæн ис управленийы иууыл хуыздæр практикæ райсæн, афтæ ма разамонæджы куысты сахуыр кæнын æмæ эффективон экспертты æрбакæнгæйæ стратегион раст уынаффæтæ исын.

Уый фæстæ раныхас кодта РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæ-гæнæг Кокойты Сослан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Президенты Адми-  нистрацийы хæслæвæрдты фæлгæтты уагъд æрцыд куыст республикæйы социалон-политикон уавæры мониторингы фæдыл. Уый фадат радта фыццаграды ас-къуыддзаг кæнын кæй хъæуы, уыцы уæлдай риссагдæр проблемæтæ сбæрæг кæнынæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы номхыгъды ис кадрон политикæ,  уыимæ баст æгуыст адæмы тыххæй фарстытæ æмæ фæллойадон миграци, ивгъуыд азты Хуссар Ирыстоны кадрон политикæйы сæйраг миниуджытæ систы хæстæгдзинады, хæларадон æмæ æндæр ахастытимæ баст тырныныдзинад æмæ æхсæн лæууыны хъуыддаг.

«Мах цы кадрон фæсауæрц саразын фæнды, уый у сомбоны элитæмæ æргом рудзынг. Уый у уыцы социалон лифт, кæцыйы тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ         дзырдта Президент цалынмæ йæ президентæй нæ равзæрстой уæдмæ дæр, æмæ ныр дæр. Адæм æмбарынц, республикæйы рæзты тыххæй цы фæндаг рав-зæрста, уый кæй у раст. Сæйраджыдæр, æнцой чындæуыд мидæггагон фæсауæрцтæ ссарынмæ. Адæмыл, нæ специалисттыл æнцой кæнгæйæ, махæн нæ къухты бафтдзысты æвæрццаг фæстиуджытæ даргъæмгъуыд фидæны», – загъта Кокойты Сослан.

РХИ-йы паддзахадон уынаффæгæнæг фæндон бахаста кадрон фæсауæрц саразыны фæдыл конкурс ауадзыны тых-хæй, конкурсы уавæртæн æнцонæй сса-рæн уыдзæн дзыллон информацийы фæрæзты æмæ Интернеты.

«Алкæмæндæр ис йæ фæндон равдисын æмæ конкурсы равзæрсты хайад райсыны фадат. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæг арæнтæ æмæ уавæрты. Æнæмæнг-хъæуæг у, цæмæй хайадисджытæ æмбарой, зæгъгæ, ницахæм бастдзинæдтæ, æхцатæ, æндæр гæнæнтæ, никæмæн баххуыс кæндзысты, æрмæстдæр хисæрмагонд фæлтæрддзинад, курдиат, профессионализм, куыстуарзондзинад æмæ зонындзинæдтæ баххуыс уыдзысты конкурсы хайадисджытæн», – загъта уый æмæ банысан кодта, зæгъгæ, равзæрст ма хъуамæ уа иухаттон мадзал, уый хъуа-мæ суа уæлдай уæрæхдæр паддзахадон системæйы цахæмфæнды æмвæзады æмæ цахæмфæнды фадыджы курдиатджын адæймæгты сбæрæг кæныны æмæ равзарыны иу хай.

Йæ рады, ГК Dete-йы разамонæг партнер Светлана Симоненко банысан кодта кадрон фæсауæрцы тыххæй конкурс уадзыны рæстæджы аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы, уыцы æртæ сæйраг хæслæвæрды тыххæй фарст.

Фыццаг пункты уый банысан кодта Хуссар Ирыстоны æппæт æмбæстæгтæн дæр æмхуызон бартæ æмæ фадæттæ радтыны фæнд. «Дыккаг, къаддæр ахсджиаг пункт нæу  – уый у кадртæ равзарыны ирд æмæ раст механизм. Æмæ фæстаг та –  органты профессионализм æмæ компетентондзинад фæбæрзонддæр кæнын, уырдæм фидæны конд цæудзысты равзæрстгонд фæсауæрцонтæ.

Ацы уынаффæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй æнæмæнг хъæуы сифтонг кæнын проекты ахæм сконд.

Фыццаг, сбæрæг кæнын хъæуы фыццаг рады кадрон фæсауæрц кæй у æнæ-мæнгхъæуæг. Дыккаг, равзæрсты критеритæ сбæрæг кæнын. Мах куы бамбарæм, цахæм хæстæ хъуамæ скъуыддзаг кæной ацы адæймæгтæ, уæд нæ бон суыдзæн сбæрæг кæнын, ацы адæймæгтæ цахæм хъуамæ уой, уый. Критеритæ, æмæ   ахуырады æмвæзад дæр ома куысты фæлтæрддзинад дæр», – бамбарын кодта уый.

Уæрæсейаг коллегæтæм байхъусгæйæ, паддзахады сæргълæууæг æрсидт æмбырды æппæт хайадисджытæм, цæмæй фыццаг рады сбæрæг кæной рæзты æнæмæнгхъæуындзинад кæцы фадыджы ис, уый.

«Иууыл стырдæр проблемæ у къуындæг здæхтыты специалистты хъуагдзинад. Уыдон махæн сты æнæмæнгхъæуæг. Нæ хæстæ æмæ нысæнттæ æвæрд æрцыдысты. Ныр хъæуы ацы нысæнттæ æмæ хæстæ къухты бафтын кæныны механизмыл бакусын», – фехъусын кодта Президент.

 РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.