Ивгъуыд мæйы кæрон Президент Тыбылты Леонид фæуазæг Знауыры районмæ, æмæ Знауыры скъолаты рауагъдонтæн раарфæ кодта фæстаг дзæнгæрæджы цытæн. Бехъмары скъолайы ахуырдзаутимæ ныхасгæнгæйæ, бæстæйы сæргълæууæгæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, скъоладзаутæн фехæлд сæ музыкалон центр, æмæ уый аххосæй сæ цытджын мадзæлттæ æххæст кодтой æнæ музыкалон фæлыстæй.

Тыбылты Леонид баныфс æвæрдта, зæгъгæ, Бехъмары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн æввахс рæстæджы баххуыс кæндзæн ацы фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

Знон Президенты Администрацийы Суагъæйы управленийы хистæр Мæргъиты Алан республикæйы Президенты номæй Бехъмары астæуккаг скъолайæн балæвар кодта ног музыкалон центр.

«Леонид Харитоны фырты хæслæвæрдмæ гæсгæ мын бар раттут ацы лæвар уын бакæнон. Президент уын æрвыста йæ арфæйы ныхæстæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахуырдзаутæн сæ рауагъдон цытджын изæры хъуамæ уа ног музыкалон центр. Уый ма нæ рауагъдонтæн зæгъы æнтыстытæ рауагъдон фæлварæнты рæстæджы», — загъта Мæргъиты Алан.

Уыимæ иумæ, бæстæйы сæргълæууæджы номæй уый зæрдæ бавæрдта Бехъмары скъолайы коллективæн, зæгъгæ, Президенты раздæры балцы рæстæджы бынæттон цæрджытæ цыдæриддæр куырдиæттæ æрбахастой, уыдон æнæ хъусдард нæ баззайдзысты, æмæ гæнæн уæвгæйæ скъуыддзаггонд æрцæудзысты. Уыцы куырдиæттæ баст уыдысты хъæуы цæрджытæн клуб саразынимæ, цæмæй фæсивæдæн йæ сæрибар рæстæг æрвитыны фадат уа. Тыбылты Леонид йæ балцы рæстæджы бабæрæг кодта æгæрыстæмæй клубы зæронд бынат дæр, æмæ федта, бирæ арæзтадон куыстытæ дзы кæй домдæуы, уый.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.