20 азы рацыд Беслæны æвирхъау трагедийæ, фæлæ нæм афтæ кæсы цыма нырма хæрзæрæджы хъизæмар кодтой амынæттæн лæгсырдтæ. Ирыстонæн та ацы æртæ боны сты фыдохы бонтæ. Зæрдæтæ ног уæлдай рыст скодтой æмæ та цæстыты раз кинонывтау слæууыдысты уыцы æртæ боны цаутæ.

2004 азы 1-æм сентябры райсомы 9 сахат æмæ 30 минутмæ æввахс æппæт Ирыстоныл æмæ æнæхъæн дунейыл айхъуыст зæххы къорийыл уæдмæ цынæ æрцыд ахæм æвирхъау хабар æмæ дунейы растхъуыдыгæнæг адæмты зæрдæтæ нынкъуысын кодта. Фæлæ ныр æрцыд ахæм стыр бæллæх, æмæ та уый дæр Ирыстоны зæххыл.

Цымæ цы аххосджын сты ирон адæм Хуыцауы раз? Иу цæфæй-иу сæхи нæма æрæмбæрстой, афтæ та-иу сыл фыддæр бон акодта. Цытджын линейкæмæ æрбамбырдуæвæг ахуыргæнинæгты, ахуыргæнджыты, сæ ныййарджыты æмæ бæрæгбонон мадзалмæ бакæсынмæ чи æрбацыд, уыдоны хотыхджын террористтæ фосы конд бакодтой скъолайы спортивон залы. Фыццаг-къласонтæн бæргæ ныццагъта фыццаг дзæнгæрæг, фæлæ дзы бирæтæн уый ссис йæ фæстаг дзæнгæрæг дæр.

Æвирхъау хабар фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм катайы бахаудтой æмæ æнхъæлмæ кастысты хабар цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Мæ сыхаг Чилæхсаты Оксанæимæ уыцы æртæ æндыгъд боны баззадыстæм экраны раз хорз хабар фехъусыны сæраппонд, лæгсырдтæ кæд тынг æгъатыр вæййынц ахæм цауты рæстæджы, уæддæр нæ цыдæр ныфс уыд, ома, ахæм чысыл сабитæм сæ къух куыд хъуамæ сисой марыны охыл, фæлæ фыдæнхъæл фестæм, лæгсырдтæ разындысты тынг æлгъаг æмæ æппындæр ницæуыл æлгъ кодтой, афтæмæй фыдудæй мардтой уыйбæрц адæмы. Рацыд иу бон, дыккаг бон, фæлæ амынæтты хъысмæты тыххæй бæстон хабар ничи зыдта, адæймаг хъуыста алыгъуызон дам-думтæ. Алчидæр æй бамбæрста хабар æнæ уды зиæнттæ кæй нæ ахицæн уыдзæн, уый. О, фæлæ уæд афтæ æнхъæл ничи уыд æмæ дзы уыйбæрц цардбæллон удтæ бабын уыдзысты. Адæм зæрдæхъæрмттæ, кæрæдзи фарстой: Цæй тыххæй? Цæмæн æрцыд ахæм хабар? Кæмæн цы ракодтой æнæхин суинаг кæстæртæ, бирæтæ дзы фыццаг хатт куы бавæрдтой сæ къах скъолайы къæсæрæй, уæд сын цæмæн ссис сæ фыццаг дзæнгæрæг фæстаг дзæнгæрæг. Дойнаг дур дæр фæркгай фæхаудаид ацы цардбæллон кæстæрты  тæригъæдмæ кæсгæйæ, уæд уыцы цъаммæртты цы мæдтæ ныййардтой, цы мæдтæ сын бадардтой мады æхсыр.

Мах дæр нæ цæстысыгæй нæхи æхсадтам, æндæр цы нæ бон уыд! Æнæ уæлдæф æмæ фыртæвды сулæфæн цы спортзалы нæ уыд, уым сæ алыварс алыгъуызон рæмудзæн æрмæджытæ, афтæмæй уынгæджыйы бонтæ арвыстой æнæаххос адæймæгтæ, донмæ бæлгæйæ зæрдæхъæрмттæ кодтой, фæлæ лæгсырдтæм цы хъардта. Ацы æвирхъау трагедийæ кæд 20 азы рацыд, уæддæр махæй алкæйы зæрдыл дæр лæууы раст цыма знон уыд, афтæ. Уыцы зæрдæскъуынæн кадртæм кæсгæйæ, ныр  20 азы фæстæ дæр цæссыгтæ фемæхсынц æнæвгъау. Нæ, ахæм диссаг зæрдæтæй никуы ферох уыдзæн æмæ нын цæрæнбонтæм уыдзæн риссаг, йæ туг кæмæн мæцы, ахæм хъæдгомы хуызæн.

Нæ мæ рох кæны абон дæр. Беслæны мемориалон уæлмæрды «Хъыджы бæлас»-ы цыртдзæвæн гом кæнгæйæ, иу хъарæггæнæг саударæг усы зæрдæскъуынæн ныхæстæ: «Мæн нæ! Нæ мæ фæнды, цæмæй не ‘дзард хъæбултæ фестой зæдтæ æмæ нæм мæрдтæй фæстæмæ æртæхой!.. Куы нæм æртæхой зæдты хуызы, уæддæр та сæ, мыййаг, куы нæ бахъахъхъæнæм, æмæ та нын сæ лæгсырдтæ ногæй фыдмардæй куы амарой»…

Тугдзых сырдтæ хынджылæг кодтой амынæттæй, бакодтой-иу сæ доны цурмæ, зæгъгæ, дзы уæ цæсгæмттæ æрæхсут, фæлæ, дам, дзы иу хуыпп дæр чи акæна, уыдоны, дам, фехсдзыстæм. Зыдтой йæ фырдойныйæ сæ бон дзурын дæр кæй нал у, уый æмæ сæ барæй доны цурмæ кодтой. Куыд сæ бон бацис тугдзых сырдтæн, фыртасæй сæ гыццыл къухтæй сæ сæртыл чи ныххæцыд æмæ афтæмæй чи фæцæйлыгъд судзгæ скъолайæ сæ удтæ фервæзын кæныны охыл, уыцы сабитыл фæстæрдыгæй автоматтæ суадзын. Нæ уыдон мæдтæ нæ ныййардтой, уыдон æгъатыр хъæды сырдтæй гуырд уыдысты…

2004 азы 1-æм сентябрæй фæстæмæ Зонындзинæдты бон Ирыстоны у куыд цины, афтæ хъыджы бон дæр. Цæргæ-цæрæнбонты уыцы чысыл удты тæригъæд нæ зæрдæтæй никуы схицæн уыдзæн. Сæ марджытæн ма ныххатыр кæнæд Стыр Хуыцау. Уыцы æлгъыст спортзалæй удæгасæй чи раирвæзт, уыдоны зæрдæтæ цæрæнбонты хъæдгомæй баззайдзысты.

Кæд 20 азы рацыд, уыцы æнамонд бонæй, уæддæр абоны онг дæр бæрæг нæма у йæ нысаниуæг, цæй тыххæй арæзт æрцыд, уый. Абоны онг дæр дзуапп бæргæ домынц беслæйнаг мадæлтæ, фæлæ сын лæмбынæг дзуапп ничи ма радта сæ фарстайæн. Цæй тыххæй? Куыд æруагътой ахæм æбуалгъы диссаджы трагеди?

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.