Гуырдзыстонмæ йæ балцы рæстæжы Евроцæдисы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй Евроцæдис æрурæдта Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрадæн 30 милуан евро рахицæн кæныны процесс, иноагентты тыххæй закъон кæй райстой, уый тыххæй. Урæд æрцыд Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ баиу кæныны процесс дæр.

Ацы хъуыддаг куыд бандавдзæн Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ахастытыл, уый фæдыл нын йæ хъуыды загъта эксперт-политолог Уазæгты Юри.

– Ныртæккæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад æмæ Ныгуылæны либералон бæстæты æмахастытæ  цæуынц алыварсон политикон драматургимæ гæсгæ. Евроцæдис æмæ АИШ-ы бирæ фæдзæхстыты фæстæ, цæмæй Гуырдзыстон иноагентты тыххæй закъон ма райса, уый тыххæй æргомæй  рацыдысты йæ ныхмæ. АИШ бафæлвæрдта Гуырдзыстоны къухдариуæгады ‘рдæм къахдзæфтæ саразын æмæ сын ныфс бавæрдта экономикон æмæ æфсæддон фадыджы егъау æххуыс бакæнын, кæд æмæ уыдон Ныгуылæны бæстæты интерестæ дарддæр дæр нымайой, уæд. Фæлæ куыд федтам, афтæмæй «Грузинская мечта» рацыд ныгуылæйнаг бæстæты ныхмæ иноагентты тыххæй закъон райсыны фæстæ æмæ уыдон дæр йæ ныхмæ райстой карз мадзæлттæ. Дзырд цæуы визæйон режимыл, иноагентты тыххæй закъоны фарс Гуырдзыстоны парламенты чи рахæцыд, уыдоны ныхмæ æмæ тыхон структурæтæй бæрзонд бынаты чи куыста, митинг кæнын адæмы чи нæ уагъта, уыдоны ныхмæ. Уымæй дарддæр ма æхгæд цæуынц сæ иумиагон проекттæ, куыд æфсæддон, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ хъæууон хæдзарады къабæзты. Ацы карз мадзæлттæ Гуырдзыстоны ныхмæ райсыны хъуыддаджы Евроцæдис æмæ АИШ кæрæдзийы фарс хæцынц. Ныгуылæны бæстæты иуæй-иу политиктæ æргомæй рацыдысты Гуырдзыстоны ныры политикæйы ныхмæ.

Фæлæ «Мечта»-йы лидертæ тынг серьезон цæстæй кæ-сынц æппæт сæвзæргæ уавæрмæ æмæ тынг карз ахаст дарынц сæ ныхмæлæуджытæм, кæцытæ домынц Гуырдзыстоны хайадистæй дыккаг фронт æрбакæнын.

Рох кæнын нæ хъæуы, уый æмæ Гуырдзыстон тынг æнгом баст кæй у ныгуылæйнаг бæстæтимæ, дунеон организацитæ, æнæхицауадон организацитæ æмæ донорон фондтимæ. Уымæ гæсгæ ныридæгæн дæр фенæн  ис, ныгуылæйнаг бæстæтæ ацы фадгуыты дæр кæй пайда кæндзысты карз мадзæлттæй. Æргомæй АИШ хайад исы Гуырдзыстоны мидæггагон политикон кризисы «Гуырдзыстоны мечта»-йы ныхмæ. Уый Гуырдзыстоны радикалтæн фадат дæтты Гуырдзыстоны ныры хицауады ныхмæ тынгдæр тох кæ-нынæн. Ныртæккæ Гуырдзыстоны оппозицийы минæ-вæрттæй бирæтæ дзурынц хицауиуæгады аиуварс кæнын парламентон æвзæрстыты онг, кæцытæ уагъд цæудзысты ацы аз октябры мæйы. Фæлæ уал ныртæккæ дзырд цæуы, цæмæй иумиаг фронтæй схъæлæс кæной «Грузинская мечта»-йы ныхмæ. Ацы хъуыддаджы фарс хæцы Гуырдзыстоны президент  Саломе Зурабишвили дæр.

Иууыл ахсджиагдæр хъуыддагыл нымад цæуы уый æмæ Бидзина Иванишвилийæн йæ бон кæронмæ суыдзæн йæ фарсхæсджыты æмæ тыхон структурæты фарсхæцынад æрфидар кæнын,  сæ ныхмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ цы къахдзæфтæ аразынц, уый ныхмæ. «Грузинская мечта»-йы процесстæ цъус фæрогдæр уыдзысты. Уый та баст у, ныгуылæйнаг бæстæты ныртæккæ цы мидæггагон политикон цæлхдуртæ фæзынд, ууыл. Эксперттæ куыд дзурынц, афтæмæй «Грузинская мечта»-йы лидерты хъæуы АИШ-ы президентон æвзæрстытæм фидар фæлæууын. Ацы версимæ гæсгæ Дональд Трампы рамбылды фæстæ æнцондæр уыдзæн Иванишвили æмæ йæ фарсхæцджытæн Уæрæсейы ныхмæ санкцитæм æнæбаиугæнгæ паддзахиуæгад бахъахъхъæнын. Европарламенты æвзæрстыты фæстиуджытæ дæр  хорзæрдæм бандавдзысты «Грузинская мечта»-йы фæндтыл, уымæн æмæ ног æвзæрст премьер-министр Виктор Орбан дæр хæцы Иванишвилийы режимы æвварс. Уымæ гæсгæ йæ бон у Гуырдзыстоны хицауады ныхмæ ныры карз ахаст фæлæмæгъ кæнын. «Грузинская мечта»-йы лидертæ куыд загътой, афтæмæй сæ планы ис 2030 азы Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ бакæнын. Уыдоны фæнды сæ уавæртæм гæсгæ евроинтеграци ауадзын, Евроцæдис æмæ АИШ-ы ног сæргълæуджытимæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. Ныгуылæны фæнды Гуырдзыстоныл контроль кæнын æмæ йæ мидæггагон хъуыддæгтæ сæ хъусдарды бын уой. Уымæ гæсгæ нырма бæрæг нæу,  куыд аскъуыддзаг уыдзæн Гуырдзыстоны фæдыл сценари.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.