Адæймаджы цард æмæ дуг кæрæдзийыл æнгом баст сты. Цардмæ ивындзинæдтæ дуг хæссы. Советон дуджы дæ, кæдæм бафæндыдаид, уырдæм цыдтæ æдасæй, куыстыл ничи тыхст, алцы аслам, æрмæст зивæг ма кæн. Фæлæ уыцы дугмæ дæр уыд хъæндзинæдтæ. Уыцы цухдзинæдтæ æвæрдтой кусæг адæмы раз алыхуызон цæлхдуртæ. Фæлæ дыууынæм æнусы кæрон 90-æм азты Советон хъомысджын цæдисыл ауагътой Балсæджы цалх, ауагътой адæмыл туджы зæйтæ, нал æмбæрстой адæм кæрæдзи, нал зыдтой, чердæм цæуынц, уый, фесæфт æдасдзинад, сæрибардзинад, æууæнкдзинад. Ацы дугивæнтæ уæлдай тынгдæр æвзæрырдæм фæзындысты чысыл адæмы хаттытыл, уыимæ иумæ нæ чысыл Ирыстоныл дæр.
Нæ «хорз» сыхæгтæ ныл уагътой туджы зæйтæ дыууын азы дæргъы. Æниу уый размæ дæр цух нæ уыдыстæм туджы зæйтæй. Фæлæ дзы фæстаг рæстæджы цы туджы зæйтæ рацыд нæ чысыл Ирыстоныл, уымæн æмбал нæй.
Мæ ныхасы сæр у, ацы дуджы амæттаг чи фæцис, царды рæсугъд бæрзæндтæм чи тырныдта, йæ тæккæ лæджы кармæ чи бахæццæ ис, рæсугъд цардвæндтæ кæмæ уыд, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи снывонд кодта, зындзинæдтæй чи нæ тарсти, æхсæв æмæ бон кæмæн нæ уыд йæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæны сæрвæлтау, уыцы мызыхъытæ конд, цæхæрцæст, хъæддых лæппу Джиголаты Вали-къойыл (Валерийыл).
Валикъо, цардбæллон лæппу, райгуырд 1957 азы Цхинвалы, кусæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Роман Хурионимæ хъомыл кодтой дыууæ лæппу æмæ иу чызджы. Роман æмæ Хурион куыстуарзаг, адæмы, сыхæгты уарзаг уыдысты, ирон æгъдæуттыл, уæздандзинæдтыл фидар чи хæцыд, ахæм æмкъæйттæ. Афтæ хъомыл кодтой сæ сывæллæтты дæр. Уæлдай хицæн кодта зæнæджы хистæр Валикъо йæ хæрзæгъдаудзинадæй. Æппæтмæ – æнæзивæг, феххуысмæ – цæрдæг, уæлдай митæй – хи хизæг. Фыдæбон кодтой Валикъойы ныййарджытæ æхсæвæй-бонæй, цæмæй сæ сывæллæттæ хъуаг мацæмæй æййæфтаиккой. Валикъо сын уыдта сæ фыдæбон æмæ сын тæригъæд дæр кодта. Уымæ гæсгæ йын гæнæн цы уыдис, уымæй æххуыс кодта йæ ныййарджытæн. Афтæмæй чысылæй фæцайдагъ ис куыстыл. Ирон æмбисонд куыд зæгъы: «Мæгуыр лæгæн, дам, йæ рæуæд дæр – гал». Валикъо-иу уроктæй куы æрбацыд, уæд та-иу йæ фыды уæлхъус балæууыд, æххуыс ын кодта, цы йæ бон уыд, уымæй.
Валикъо ахуырмæ бацыд Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъоламæ. Æвзыгъд уыд ахуырмæ дæр. Ахуыргæнджытæ дзы райгонд уыдысты куыд йæ ахуырæй, афтæ йе ‘гъдауæй дæр. Дзырдтой-иу, зæгъгæ, ацы лæппуйæ исты рацæудзæнис. Фæлæ йæ куыст йæ фæстæ асайдта, нал адарддæр кодта йæ ахуыр. Фæцис шофыры курсытæ. Уый фæстæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Ам дæр йе службæ æххæст кодта цæсгомджынæй. Йæ хорз службæйы тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ райста командæкæнынадæй арфæйы ныхæстæ æмæ грамотæтæ. Службæйы фæстæ бацыд хуыйæн фабрикæмæ æмæ куыста уæзласæн машинæйыл.
Иуахæмы йæ йе ‘мбæлттæй чидæр фæхуыдта Дзуары бонмæ Ожорайы хъæумæ йæ хæстæг Хъæцмæзты Софроны хæдзармæ. Софрон уазæгуарзаг у. Дзæвгар уазджытæ сæм æрæмбырд ис, уыдонимæ Валикъо дæр. Софрон нымад у ирон куырыхон æмæ уæздандæр лæгтæй сæ иуыл. Куыстуарзаг, бинонтæ уарзаг, сыхæгты, адæмы уарзаг. Йæ дзæнæттаг æмкъай Гуыбионимæ схъомыл кодтой дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы, сæхиау уæздан æмæ æгъдауджын, ирон рæсугъд æгъдæуттыл фидархæцджытæ, æууæнкджын æмæ рæстдзинадыл хæцджытæ. Зæнæджы хистæр, бæрзонд, рæхснæг, рæсугъд чызг Дзуары боны тыртынайау зылд фынгты алыварс æмæ лæггад кодта уазджытæн. Валикъойы цæстытæ дзы ныссагъдысты æмæ атонын нал куымдтой. Æгæрыстæмæй йæм кувæджы куывд дæр нал хъуысти. Æрæджиау æй Жужунæ дæр фæхатыд, бакаст æм æмæ йæм мидбылты бахудт. Уый фенгæйæ, Валикъойы зæрдæ уæрыккау скафыд, нал ардта бынтон æнцойад, хъуыды кодта, цы хуызы йыл фембæла æмæ йын йæ уарзондзинад куыд раргом кæна, ууыл, фæлæ йæ ирон æфсæрмдзинад урæдта. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Жужунæ æрцыд горæтмæ, бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон институтмæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты фæсаууонмæ хайадмæ. Бацыд кусынмæ хуыйæн фабрикæмæ дæр. Ам Валикъойæн фæцис фадат Жужунæимæ фембæлынæн, кæрæдзи хуыздæр базонынæн. Фæцыдысты кæрæдзийы зæрдæмæ æмæ сæ цард баиу кодтой. Ныллæууыдысты ног цард аразыныл. Сæ дыууæ дæр – куыстуарзаг. Самал кодтой сæхицæн фатер Гафезы уынджы, райгуырд сын лæппу æмæ чызг – Коля æмæ Наташæ. Сæ цинæн кæрон дæр нал уыд, сæ зæрдæ рухс кодта сæ цардæй, арæзтой царды ног нывæзт, нæ зыдтой фæллад. Фæлæ ирон æмбисонд куыд зæгъы : «Адæймаг – фæндгæнæг, Хуыцау – æвзарæг». Валикъо ма федта, йæ хъæбултæ нæ университетмæ ахуырмæ куыд бацыдысты, фæлæ йын нал бантыст фенын, йæ хъæбултæ университет куыд фесты, сæ амæндтæ куыд ссардтой, хъæбулты хицæуттæ куыд систы æмæ амондджын цард куыд кæнынц, уый. Æвæццæгæн куы федтаид, йæ фырт Коля уæздан, цахæм чындзыл хъуыды кодта, ахæм уды хай, Плиты Настяимæ йæ цард куыд сиу кодта, кæй хъомыл кæнынц диссаджы дзæбæх лæппу æмæ чызг; куы федтаид йæ чызг Наташæ диссаджы хорз уды хай – Битеты Леваимæ йæ цард куыд баиу кодта, кæй хъомыл кæнынц лæппу æмæ чызг, уæд йæ царды бонтæ фæдаргъдæр уыдаиккой, йæ уæззау низ та фæрогдæр уыдаид. Фæлæ æрбалæууыд «рацарæзт æмæ демократийы» дуг. Уымæй спайда кодтой Гуырдзыстоны фашистон къухдариуæгад æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ скодтой сæ хæцæнгæрзтæ. Нырма уал райдыдтой информацион тохæй. Уымæй сын куы ницы цыд, уæд райстой сæ къухмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæ æмæ райдыдтой сындæггай ирæтты цæгъдын. Рауагътой ахæстæттæй сæ фыдгæнджыты, лæгмарты æмæ сæ æрбакалдтой Хуссар Иры гуырдзиаг хъæутæм æмæ цынæ фыдмитæ кодтой, ирæттæй сæ къухты чи æфтыд, уыдонæн. Æниу сын фыдмитæ, цъаммар митæ амонын хъуыд, æви цы.
Сыстадысты ирон адæм чысылæй – стырæй, усæй, лæгæй сæ сæрибардзинад хъахъхъæнынмæ.
Джиголаты Валикъо дæр йе ‘мбæлттæй скодта иу егъау къорд, æмæ кæд хæцæнгарзæй рæвдз нæ уыдысты, уæддæр хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ. Иу рæстæджы сæм æрбайхъуыст, зæгъгæ, гуырдзыйы æнæформалтæ æрбахызтысты Цхинвалы цæгатварсмæ, Дыргуисмæ. Валикъо йæ къордæй цалдæримæ фæдисы цыд акодта уырдæм. Æцæг, уым гуырдзиаг хæдзæрттæй иуæй-иуты æмбæхст уыдысты гуырдзиаг æнæформалтæ. Валикъо йе ‘мбæлттимæ хъавгæ цыдысты 8-æм июны уынгыл. Уырдæм сæ райдыдтой æхсын. Уым Валикъо фæцæф ис, иу хъæр ма фæкодта: «Мæ астæу ахицæн ис»!.. Æрчъицыдта рынчындоны, фæлæ астæуæй дæлæмæ йæ буары нал хатыдта, знаджы нæмыг баззад астæуымагъзы. Нæ бахастой нæ фæлтæрд дохтыртæ сæ ныфс нæмыг сисынмæ æмæ рынчыны арвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Уым дæр сæ ныфс нæ бахастой йæ сисынмæ. Чысыл куы фæфидардæр ис рынчын, уæд æй аластой Мæскуымæ. Уым сбæлвырд кодтой, зæгъгæ, нæмыг сисын тынг тæссаг у йæ цардæн. Ахæм ран æрбынат кодта астæумагъзы, æмæ йæм февналæн нæ уыд. Цы гæнæн ма уыд, мæгуыр, Валикъойæн, уæззау низ æй ныббаста йæ уатмæ, каляскæмæ.
Жужуна бамбæрста, царды уæз йе рыгон уæхсчытыл кæй æрынцад, фæлæ ма цы гæнæн уыдис, æхсæвæй – бонæй, сусæгæй – æргомæй йæ цæссыгтæй йæхи æхсадта. Уæды онг ма йæ ныфс уыд, Валикъо йæ къæхтыл кæй слæудзæн, фæлæ ныр йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæйуал каст. Йæ цард æрвыста зæрдæдзургæйæ æмæ кæугæйæ. Йæ зæрдæ дардта йæ дыууæ хъæбулыл, кæд нырма чысылтæ уыдысты, уæддæр. Ныфсытæ йын æвæрдтой йæ ныййарджытæ, йе ‘фсымæртæ æмæ хо. Уыцы ныфсытæ йын йæ зæрдæ фидар кодтой. Рæстæгæй рæстæгмæ – иу æм цыдысты куы Валикъойы ныййарджытæ, куы йæхи ныййарджытæ æмæ иу-ын æххуыс кодтой. Фæлæ уыдонæй алкæмæн дæр уыд йæхи цард. Иу амонд ма йæ уыд, æмæ йæ хо Джульеттæ æрцард йæ цуры æмæ йын уый йæ къух рог кодта. Уæдмæ йæ фырт Коля æмæ йæ чызг Наташæ дæр æххуысхъом фесты æмæ Жужунæйæн бæрæг фенцондæр ис.
Ничи уыд æнхъæл, æмæ Жужунæйæн йæ бон бауыдаид ахæм уæззау рынчын-мæ зилын, фæлæ тыхджын сылгоймаг разынд. Кæм æххæссыд Жужунæ йæ хъуыд-дæгтыл æмæ йæ ахуыр ныууагъта. Валикъо уый куы базыдта, уæд æй сразæнгард кодта йæ ахуырмæ æмæ йæ æнтыстджынæй фæцис.
Валикъо цадæггай фæцайдагъ ис йæ низы хаттыл, нал æнкъард кодта. Цыдис коляскайыл уынгмæ, йæхи ифхæрста йе ‘мбæлттыл, сыхæгтыл. Фæцайдагъ ис Жужуна дæр йæ фыдæбæттыл, уæдæ цы. Лæгыл цы бон æркæны, уымæй архайы, сылгоймаг уæвгæйæ, йæ хæдзары хабæрттæ кæнæг йæхæдæг сси. Ныры дуджы та уыдон сылгоймагæн æгæр уæззау сты. Æмæ хъæцыдаид йæ фыдæбæттыл, æрмæст ын Валикъо удæгас куы уыдаид, фæлæ…
Ахæм хъизæмæртты, ахæм уæззау ни-зимæ ма Валикъо фæцард 2000 азмæ. Æвæццæгæн, низ низæй нæ фæтæрсы. Низ æнæниздзинадимæ хæлар никуы уыд, тохы мидæг вæййынц. Фæзынд ыл æндæр низ дæр æмæ йæ уый уæгъд нал суагъта.
Фæхаста Валикъо знаджы судзгæ нæмыг йæ астæумагъзы дæс азы дæргъы, нæ йæ суагъта уæгъд, мæрдтæм дæр æй йемæ ахаста.
Рухсаг у, Валикъо.
Хуыгаты Илья
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.