Ӕрхӕццӕ кӕны Стыр Уæлахизы бон æмæ йæм сæхи цæттæ кæнынц нæ республикæйы цæрджытæ. Знауыры районы дӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фæмардуæвæг хæстонты номыл бирӕ цыртытӕ ис ӕмӕ сӕм  ӕрвылаз дӕр 9-ӕм маймӕ базилынц, – кӕй дзы ахоргӕ скӕнынц, кӕмӕн йе ‘мбонд саразынц, кӕм талатӕ ныссадзынц…

Бынӕттон администрацийы къухдариуӕгад бацархайдта, цӕмӕй иу цырт дӕр ӕнӕхъусдард ма баззайа. Ныридӕгӕн иууылдӕр сты хӕрзӕфснайд. Уахтъанайы хъӕуы цæрджытæ ӕрвылаз дӕр сӕхӕдӕг бафснайынц ӕмӕ срӕсугъд кӕнынц, хъӕуы астӕу цы цырт ис, уый. Йӕ алыварс ын ныссагътой талатӕ ӕмӕ йӕ уындӕй зӕрдӕ райы. Афтӕ ма Хъорнисы, Мугуты ӕмӕ Фӕзуаты хъӕуты дӕр бынӕттон цӕрджытӕ сӕхӕдӕг барӕсугъд кӕнынц цыртытӕ. Знауыры районы службæгæнæг Уӕрӕсейы Федерацийы Арӕнгӕроны Управленийы æфсæддонтæ бахатыдысты районы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй сын бар радтой, Аунеуы хъӕуы цы цырт ис, уымӕ сӕ хъус дарынӕн ӕмӕ ныридӕгӕн уый дӕр у хӕрззылд ӕмӕ хӕрзӕфснайд. Районы территорийыл ма цы æндæр цыртытӕ ис, уыдон дӕр сты ӕмбӕлон уавæры.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад дӕр активон хайад райста цыртытӕ бацалцӕг кӕныны хъуыддаджы. Милицийы алы районон управлени дӕр йӕхимӕ хӕс райста, цӕмӕй сцалцӕг кӕной цалдӕр цырты. Знауыры районы мидхъуыддӕгты управленийы кусджытӕ сцалцӕг кодтой Сиукъаты ӕмӕ Цадбын  хъӕуты цы цыртытӕ ис, уыдон. Ацы хӕрзиуӕгон хъуыддаджы фӕдыл Знауыры районы администрацийы ӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Инал стыр бузныджы ныхӕстӕ загъта милицийы кусджытӕн.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеранты нымӕц азӕй-азмӕ къаддӕр кӕны ӕмӕ ма дзы чи ис сӕрæгас, уыдонӕн хъӕуы ӕмбӕлон лӕггад кӕнын. Знауыры районы ма баззадис ӕрмӕстдӕр хӕсты иу ветеран – Беппиты Владимир, кӕцыйыл ацы аз сӕххӕст 96 азы. Гӕбӕраты Инал куыд загъта, афтӕмӕй йӕм 8-ӕм майы бацӕудзысты хӕдзармӕ ӕмӕ йын раарфӕ кӕндзысты. Беппиты Владимирмӕ Сырх Ӕфсады рӕнхъытӕм ӕрсидтысты 1942 азы. 19-аздзыд лӕппу æвиппайды бахаудта хæсты цӕхӕры – горӕт Керчы уыцы рӕстӕджы цыдысты карз тохтӕ. Владимир уӕззау цӕф фӕцис ӕмӕ йӕ мард хӕстонтимӕ хъуамӕ баныгӕдтаиккой. Йӕ амондӕн ӕй чидӕр базыдта, сæрæгас кæй у ӕмӕ йӕ арвыстой госпиталмӕ. Хорзӕхджын у Фыдыбӕстӕйон хӕсты орденӕй.

Районы сӕргълӕууӕг ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй 9-ӕм маймӕ Знауыры районы Культурӕйы хӕдзары дӕр уагъд ӕрцӕудзӕнис бӕрӕгбонон мадзал.

Знауыры поселочы районы администрацийы бӕстыхайы раз ис цырт зынгӕ революционер Айдарты Знауырӕн. Знауыры район уый ном хӕссы. Цырт рагӕй фӕстӕмӕ кӕй лӕууы ӕнӕ цалцӕгӕй, уымӕ гӕсгӕ районы къухдариуӕгад фӕндон рахастой, цӕмӕй ацы аз бӕстон цалцӕг ӕрцӕуа. Гӕбӕраты Инал ма куыд загъта, афтæмæй, ацы аз поселочы сӕйраг уынджы арӕзт ӕрцӕудзӕнис 1989 – 2008 азты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты цырт. Уый фӕдыл Президент Бибылты Анатоли бахӕсджын кодта бӕрнон кусджыты, рахицӕн ӕрцыдис ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕрӕвналдзысты арӕзтадон куыстытӕм.

 ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.