Уæззау автокатастрофæйы бахаудысты не ‘мбæстæгтæ, иу бинонтæй фондзæй: Тедеты Натия, йæ астаздзыд чызг Битеты Сабинæ, авдаздзыд фырт Давид, йе ‘фсымæр Валодя æмæ йæ фыд Гия. Карз фыдæлгъыст баййафæгау фесты ацы æнамонд бинотæ,  28 августы куы рараст сты Боржомы районы Митарбы хъæуæй, цыран уыдысты уазæгуаты сæ ныййарджытæм, уæд. Машинæйы шофыр, биноты фыд Тедеты Гияйы цæугæ-цæуын æрцахста зæрдæйы низ, инсульт. Уымæн йæ бон нал баци машинæ æруромын, фæлæ йæ йæ нуæрттæ кæй æрбалхъывтой, уый фæстиуæгæн ма ноджы тынгдæр алхъывта машинæйы газы педаль æмæ æгас бинонтæй йедзаг машинæ сæмбæлд бордюрыл, стæй атылд дæлбыл…

Ацы уæззау хабар æрцыд Гуырдзыстоны территорийыл, Ларсы фæндагыл, милицийы постмæ хæстæг. Йæхи цæстæй йæ чи федта, уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон æнхъæл нæ уыдысты, æмæ ма машинæйы исчи удæгас баззадаид, фæлæ сæм уæддæр батагъд кодтой æххуысмæ. Уыдон аварийы бахауджытæн бакодтой фыццаг æнæмæнгхъæуæг æххуыс æмæ сæ раластой рынчындонмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй бинонты фыд Гия фæмард аварийы бынаты, иннæтæ се ‘ппæт дæр фесты уæззау, цардæн тæссаг чи у, ахæм цæфтæ…

Ныр рацыд иу мæйы бæрц, æмæ, æвæццæгæн, алчи дæр зоны, æнамонд цауы бахауæг бинонтæй ма удæгас чи баззад, уыдон аирвæзтысты Гуырдзыстоны дохтырты зæрдиаг æххуысы руаджы. Ныртæккæ Натия æмæ йе ‘фсымæр Валодя сты Гуры æфсæддон госпиталы, цыран уыдонæн скодтой цалдæргай уæззау операцитæ. Натияйы бахъуыд тынг бирæ туг бауадзын, уый фæстæ уал уымæн абоны онг  скодтой цыппар уæззау операцийы йæ игæрыл, мастыл, фарсылæвзагыл æмæ астæуы стæджытыл. Натияйæн нырма бахъæудзæн цалдæр операцийы скæнын, цæмæй уый фæстæмæ йæ къахыл слæууа. Ахæм операцитæ скæныны тыххæй  йæ æнæмæнг хъæуы Туркмæ кæнæ Иранмæ аласын. Ныр та уал ын дохтыртæ йæ бынатæй иу чысыл фезмæлыны бар дæр нæ дæттынц. Дохтырты нымадмæ гæсгæ Натия ис стабилон уæззау уавæры, йæ хиуæттимæ аныхас кæныны фадат дæр ын ис.

Натияйы астаздзыд чызг Битеты Сабинæ ис ноджы уæззаудæр уавæры. Уæззау цæф фесты йæ сæр, йæ бæрзæй, асастысты йæ цонг æмæ йæ къæхтæ. Ныронг уый дæр бахъуыд фондз уæззау операцийы, уыдонæй дыууæ – йæ сæрыл. Сабинæйы цардыл ныртæккæ тох кæнынц Тбилисы клиникæтæй сæ иуы, ис медикаментозон комæйы.

Валодя дæр нырма ис Гуры рынчындоны, уымæн йæ уавæр ныр у стабилон. Чысыл Давид разынд се ‘ппæтæй амондджындæр, уый рахауд тулгæ машинæйæ æмæ аирвæзт уæлæнгæйтты – асаст йæ рахиз цонг. Уый ныртæккæ ис Митарбы хъæуы йæ нанамæ.

Ахæм уæззау трагикон уавæры бахауæг бинонтæн ныртæккæ дарддæр дæр медицинон æххуыс цæуы Гуырдзыстоны, фæлæ уыдон сты не ‘мбæстæгтæ æмæ сæ хъæуы мах æххуыс дæр. Ахæм медицинон лæггæдтæ сты тынг зынаргъ, ныронг уал ацы бинонты хиуæтты бахъуыд 2 милуан сомы бæрц бахардз кæнын. Дарддæр та, цæмæй уыдонæн æмбæлон æххуыс бачындæуа, уый тыххæй сæ хъæуы ноджы фылдæр æхцайы фæрæзтæ. Хъыгагæн, Битеты бинонтæ æмæ сæ хиуæттæм нæй ахæм æхцайы фæрæзтæ, цæмæй сæ рынчынты сæ къахыл слæууын кæной. Уымæ гæсгæ курæг сты Битеты, Тедеты, Куымæриттаты, Наниты æмæ Плиты мыггæгтæй, афтæ ма, не ‘мбæстæгты зындзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, æппæт уыцы адæмæй, цæмæй сын баххуыс кæной æхцайы фæрæзтæй, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ.

1989-1990 азты Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ахастытæ куы фехæлдысты, уæд Гуырдзыстоны территорийыл цæрæг ирон адæм æййæфтой æфхæрд, раууатмæ æрцыдысты сæ царды уавæртæ. Уымæ гæсгæ Тедеты бинонтæ дæр ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Уым дыууæ азы дæргъы цардысты лигъдæтты лагеры. Боржомы районы Митарбы хъæуы баззадысты Гияйæн йæ ныййарджытæ. Фæстæдæр Гия фæстæмæ аздæхт уыдонмæ æмæ æрцард фæстæмæ уым, цалынмæ йын Ирыстоны цæрыны уавæртæ фæзындаид, уæдмæ.  Уавæртæ бæргæ фæзындысты, фæлæ Гияйæн йæ ныййарджытæ нæ ракуымдтой Митарбæй æмæ та уæд Гия дæр йæ бинонты акодта фæстæмæ уырдæм.  Уыцы рæстæджы æхсæннацион ахастыты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны территорийыл ирон æвзагыл дзурыны бартæ æхгæд æрцыдысты, æгæрыстæмæй хæдзары бинонтæн сæхи мидæг дæр иронау дзурыны бар нæ уыд. Уыцы хъуыддаг Гияйы зæрдæмæ арф бахъардта æмæ сфæнд кодта йæ чызг Натияйы Ирыстонмæ йæ хомæ рарвитын: уадз, мæ хъæбултæй иу уæддæр суа ирон хъомыл, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ Натия хъомыл кодта Цхинвалы, йæ фыды хо Тедеты Ельзæмæ. Каст фæци Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъола æмæ бацыд ХИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ. Уый фæстæ та бацыд ХИПУ-йы дыккаг уæлдæр ахуырад райсынмæ æмæ ныр ахуыр кæны  æртыккаг курсы. Натия ма кусы Мæскуыйаг микрорайоны сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй. Йæ цард баиу кодта ирон лæппу Битеты Тамерланимæ, ис сын чызг æмæ лæппу. Сæ чызг Сабинæ, кæцы ныртæккæ ис Тбилисы клиникæйы, дыууæ азы дæргъы равдыста стыр æнтыстытæ аивадон гимнастикæйæ Цхинвалы спортивон скъола «Олимп»-ы. Ис ын хорзæхтæ æмæ грамотæтæ. Сæ фырт Давид та ацы аз сентябры мæйы хъуамæ бацыдаид нæ горæты Мæскуыйаг микрорайоны скъолайы фыццаг къласмæ. Хъыгагæн, Натия йæ чысыл сабитимæ йæ ныййарджытæм сæрдыгон улæфтыты фæстæ  бахауд ацы уæззау тæссаг автокатастрофæйы æмæ ныр сты тыхст уавæры.

Дохтырты хъуыдымæ гæсгæ, уыдонæн сæ цардæн тас нал у, фæлæ сæ хъæуы зынаргъ дæргъвæтин рæстæг хос кæнын.

Битеты бинонты номæй бузныг зæгъын РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидæн, чидæриддæр сын баххуыс кодта, æппæт уыцы æмбæстæгтæн. Уæлдай бузныг ма сæ фæнды зæгъын Гуырдзыстоны дохтыртæн, мæлæты дзæмбытæй сæ чи сласта, уыдонæн.

Кæйдæриддæр фæнды Битеты бинонтæн æхцайы фæрæзтæй баххуыс кæнын, уыдонæн сæ бон у æхца рахицæн кæнын мæнæ ахæм номхыгъдтæм:

Хуссар Ирыстоны нацбанк:

Номхыгъды номыр 40802810000000002505, кæнæ горæты магазинты цы хæрзаудæн урнæтæ ис, уырдæм, афтæ ма сæ бон у арвитой мобилон телефонтæй СМС дзырд «добро» кæнæ «хорз»  номыр 000757, смсы аргъ 33 сомы.

Уæрæсейы Сбербанкы номхыгъды номыр: 408 178 109 603 400 815 07, кæнæ Сбербанкы картæйы номыр 4817 7600 0652 8008; Битеты Инга Иваны чызг.

Æрмæджы гонорар хицæнгонд æрцæуæт

æххуысы фондмæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.