Арæх рауайы афтæ, æмæ не ‘хсæн фæцæры æмæ фæллой фæкæны хæдæфсарм, намысджын адæймаг, фæлæ йын йæ цардвæндаджы тыххæй алцы нæ фæзонæм. Афтæ уыд, абон уын цы уæздан, намысджын адæймаджы кой кæнын, уый дæр. Уый цалдæр азы дæргъы куыста газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы завхозæй, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг кæй уыд, уый алчи нæ задта. Ацы рæнхъыты автор дæр æй æрæгмæ базыдта. Æгъдауджын, уæздан нæлгомйаг никуы дзырдта йæ хæстон хабæртты тыххæй, йæхицæй æппæлыны хуызæн æм каст, фæлæ йын уæддæр йæ хæстæджыты фæрцы бынтон æнæнхъæлæджы базыдтам хæсты рæстæджы йе сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Къалаты Георги Петры фыртмæ 1939 азы Сырх Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ куы æрсидтысты, уæд ахуыр кодта Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникумы. Службæ кодта горæт Львовы. Æфсæддон хайы командир тынг райгонд уыд æвзыгъд, æнæзивæг ирон лæппуйы архайдæй. Бирæ йæ уарзтой йе ‘фсæддон æмбæлттæ дæр, хæларзæрдæ кæй уыд, уый тыххæй. Уымæн бирæ  нал баззад йе ‘мбæстагон хæс бафидыны æмгъуыд фæуынмæ, æгасæй дæр – цалдæр мæйы. Афтæмæй йæ зæрдæ рахсайдта йæ райгуырæн Ирыстонмæ, йæ бинонтæм, йæ зонгæтæм. Кæд æфсæддон службæйæ нæ фæлмæцыд, уæддæр бонтæ нымайын райдыдта æмæ æфсады та фæстаг мæйтæ æмæ бонтæ уæлдай тынгдæр ныддаргъ вæййынц. Фæлæ мæнгæй нæ акæнынц, лæг фæндтæ кодта æмæ йын хъысмæт та æндæр тæрхон хаста.

Куыддæр загъта, зæгъгæ, тагъд хæдзармæ ацæудзынæн, афтæ ныннæрыд арв – фашистон Герман, хæст æнæ расидгæйæ, æрбабырста Советон Цæдисмæ æмæ Георгийы бахъуыд хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæр. Æвæдза диссаг куыд нæ у, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæцис, уæдæй нырмæ рацыд 76 азы, фæлæ ирон лæппутæ уым цы стыр лæгдзинад æмæ хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдон нырма дæр дзырд нæ фесты æххæстæй. Уымæн ирд æвдисæн у Къалаты Георгийы хæстон фæн-даг дæр. Уыцы фæндаг уыд зын, тугæрхæмттæй ахуырст, фæлæ уыд кадджын фæндаг. Ууыл дзурæг сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ, арфæйы фыстæджытæ. Се ‘ппæтыл куы дзурæм, уæд нæ дардыл  дзурын бахъæудзæн, фæлæ ракæндзыстæм сæ сæйрагдæртæй цалдæры кой. «1945 азы 14-æм январы Анджеюв-Киянкамæ бацæуæны карз тохты рæстæджы йæ минаметæй знаджы нæмыгзгъалæн кæй спырх кодта, уый тыххæй æртыккаг минометон батарейы командир, хистæр сержант Къалаты Георги хорзæхджын æрцæуæд Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орде-нæй», – дзырдæуыд командæкæнынады бавдысты.

Командæкæнынады хæстон хæстæ иттæг хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй ма ноджыдæр хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орден æмæ 3-аг къæпхæны Кады орденæй. Йæ минаметæй ныхмæлæууæджы зенитон нæмыгзгъал хæрзцыбыр рæстæгмæ кæй скуынæг кодта, уый тыххæй та 1943 азы 1-æм сентябры хорзæхджын æрцыд «Хъæбатырдзинады тыххæй» майданæй. Хорзæхджын у Варшавæ æмæ Берлин сисыны тыххæй майдантæй дæр. Уымæй дарддæр ма йын ис бирæнымæц бузныджы фыстæджытæ Уæлдæр Сæйраг  командæгæнæгæй дæр. Уыдоны нымæцы: 1945 азы 16-æм январы цæугæдон Вислайы ныгуылæн фарс ныхмæлæууæджы тыхджын хъахъхъæнынадон хахх атоныны операцийы иттæг хорз хæстон арæхстдзинады тыххæй; 1945 азы 23-æм апрелы Берлины здæхты немыцæгты хъахъхъæнынадон хахх атоныны рæстæджы хæстон хæс иттæг хорз сæххæст кæныны тыххæй; 1945 азы 2-æм майы горæт Берлины сисыны иттæг хорз арæхстдзинæдты тыххæй æмæ бирæ æндæртæ. Афтæмæй Георги фæхæцыд хæстæн йæ райдианæй йæ фæудмæ, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад æвдисгæйæ.

Уыцы уæззау тохты Къалайы фырт йæхæдæг дæр бынтон æвыдæй кæм баззадаид. Æртæ хатты фæцис уæззау цæфтæ, æртæ хатты йæ бахъуыд æфсæддон госпиталы хос кæныны сæр. Æмæ-иу куыддæр йæхицæн схос кодта, афтæ та-иу йæ хотых райста æмæ фыдызнæгты æнæвгъау дæрæн кодта. Хæцгæ та кодта фыццаг æмæ дыккаг Белорусаг фронтты 222-æм мотоæхсæг полчы сконды. Зæххыл цы стырдæр æмæ æгъатырдæр хæст цыд, уым хайад чи иста, уыдонæй алчи дæр йæ зæрдыл бадардта иууыл ахсджиагдæр æмæ зындæр цаутæ. Георги-иу дзырдта, зæгъгæ, дам мын хæсты иууыл зындæр уыд мæ хæстон æмбалы амæлæт. 1945 азы зымæджы Варшавæ ссæрибар кæныны тохты рæстæджы сæ полк æнæнхъæлæджы бахаудта немыцæгты æрхъулайы. Æфсæддон хайы командир полчы тырыса бахъахъхъæнын бахæс кодта Георгийæн æмæ йын йæ хæс кæй сæххæст кодта, уый дæр дзы никуы ферох.

Æрвылаз дæр, куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр уæрæхæй банысан кæнынц Стыр Уæлахизы бон. Уыцы бон фæкад кæнæм, сæрæгасæй чи æрыздæхт æмæ ма абон нæ фарсмæ чи сты, уыцы ветерантæн, афтæ ма æрымысæм, хæсты быдыры цæрæнбонтæм чи баззад, уыдоны рухс нæмттæ дæр.  Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ уыдон сæ сæртæ нывондæн æрхастой мах, фидæны фæлтæрты рæсугъд æмæ сæрибар царды сæрвæлтау.

Хъыгаг у иу хъуыддаг: Къалаты Георги æмæ уый хуызæн хъæбатыр хæстонтæ махæн цы уæлахиз æрхастой, уый бахъахъхъæнын сæ бон нæ бацис советон адæмæн мидæггагон знæгтæй. Мæнгард разамонæджы аххосæй ныппырх, фашистон Германæн йæ бон ныппырх кæнын кæй нæ бацис, нæ уыцы хъомысджын Советон Цæдис. Афтæмæй ныккалд æмæ абон дæр кæлы 76 азы размæ иумæйаг знаджы ныхмæ фæрсæй-фæрстæм чи хæцыд, уыцы адæмы туг сæ кæрæдзийы къухæй. Уый у советон адæмы иууыл стырдæр трагеди… Ацы уавæр катайы æппары, хæствæллад хæстонтæй ма абон сæрæгас чи у, уыдоны дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.